ДЗÆУДЖЫХЪÆУ – ХУЫЗДÆРТЫ  ÆМРÆНХЪ 

Уæрæсейы Хицауады цур финансон университеты эксперттæ ауагътой радон æрвылазон æрфарст 2020 азæн хуыздæр регионы тыххæй. Æрфарсты архайдтой нæ бæстæйы 75 регионы æмæ дзы равзæрстой, 250 минæй фылдæр адæм кæм цæры, ахæм дæс хуыздæр горæты. Уыдоны ‘хсæн ис Дзæуджыхъæу дæр. Нæ горæт царды хæрзхъæддзинадæй хуыздæрты æмрæнхъ æрлæууыд цыппар номинацийæ: медицинон лæггæдты æмвæзад; бизнесæн уæрæх уавæртæ; æндæр рæттæм хуыздæр цардагур нæ цæуын;  нациты ‘хсæн сабырдзинад. 

Социалон æрфарсты бынæттæ дих кодтой Уæрæсейы цæрджыты хатдзæгтæм гæсгæ. Алы горæты дæр хъæлæс кодта 700 адæймаджы.  Дæс хуыздæр горæты нымæцмæ ма бахаудысты Мæскуы, Петербург, Калугæ, Грозный, Ставрополь, Махачкала… 

Æхсызгон хъуыддаг у Дзæуджыхъæу Уæрæсейы дæс хуыздæр горæты номхыгъдмæ кæй бахауад, уый.

Уымæй дарддæр, Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2019 азмæ абаргæйæ 2020 азы Цæгат Ирыстоны уæззау фыдракæндтæ фæкъаддæр сты æртæ хатты. Уæрæсейы 85 регионæй 35 регионы фæхуыздæр криминалон уавæр, уыдоны ‘хсæн лидертæ сты нæ республикæ, Цæцæн æмæ Адыгей.

ФÆНДÆГТЫ  КУЫСТ  БÆРÆГ  КÆНЫНÆН

Цалдæр азы размæ республикæйы фæндæгтыл æвæрд æрцыд видеокамерæтæ транспорты змæлд бæрæг кæныны тыххæй. Камерæтæ фиксаци кæнынц фæндæгтыл цæуыны фæтк, æгъдаухæлдтытæ. Цæуыны фæтк чи фехалы, уыдон бахауынц камерæмæ, æркæсынц сæм Транспорты министрады æмæ сæм æрбарвитынц, ивар бафидыны тыххæй гæххæтт. Уыцы ивартæ цæуынц республикæйы бюджетмæ, фæлæ йæ сæйраг нысан у фæндæгтыл цæуыны фæтк ма халын, фыдбылызтæ фæкъаддæр кæнын.

Фæлæ, куыд уынæм, афтæмæй нæ къаддæр кæнынц. Иуæй-иу æдзæсгом шофырты ницы уромы. Чи расыгæй сбады рулыл, чи æнахъом вæййы… Æрмæст ацы азы райдайæнæй республикæйы æрцыд цалдæр стыр авари уды зиæнттимæ.

Уынгты æвæрд камерæты куыст бынтон æнæаипп кæй нæу, ууыл фæдызæрдыг Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрад æмæ ацы азы мартъийы райдайæнæй уынгты æвæрд æрцæудзысты ног æндæрхуызон камерæтæ. «Ног» камерæтæ бæрæг кæндзысты фæндæгтыл змæлд нæ, фæлæ  «зæронд» камерæты куыст. Ацы нысантæ æвæрд æрцæудзысты цæрæн бынæттæм дард.

Ацы мадзæлттæ иууылдæр хорз сты, фæлæ ноджы хуыздæр уаид, шофыртæ бæлцæтты раз бæрнондзинад куы ‘нкъариккой, уæд. Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.