Алы азы райдианы дæр милицийы фадыгон инспектортæ фембæлынц бынæттон цæрджытимæ æмæ сын æрдзурынц афæдзы дæргъы бакæнгæ куысты тыххæй, криминогенон уавæры фæдыл æмæ ма сдзуапп кæнынц æрæмбырдуæвджыты фарстатæн дæр. Ныридæгæн уал ахæм æмбырдтæ уагъд æрцыдысты Цхинвалы æмæ Знауыры районты. Ацы æмбырдты ма хайад райстой бынæттон администрацийы минæвæрттæ дæр.

Фадыгон инспектортæ цыбыртæй радзырдтой, цы сын бантыст саразын 2020 азы, цахæм проблемæтимæ æмбæлдысты æмæ сæм цы фæндиæгтæ ис, цæмæй дарддæр æнтыстджындæр уа сæ куыст æмæ уыимæ та бынæттон цæрджыты сабырад æмбæлонæй хъахъхъæд æрцæуа.

2020 аз æгасæй цæрджытæн уыд уæззау аз коронавирусы низ апарахаты тыххæй. Ӕмæ кæд бирæ куыстуæттæ урæд æрцыдысты, уæд милицийæн та йæ куыст ноджы фæфылдæр, сæ разы æвæрд æрцыдысты ноджы егъаудæр хæстæ æмæ уымæ гæсгæ профилон куыст фæкъуылымпы. Фæлæ уæддæр, зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, арæзтой профилактикон мадзæлттæ, карз нозт чи кæны æмæ йæхи æнæуаг дард чи кæны, ахæмтимæ. Уымæй уæлдай ма бæрæг кодтой æвæрæз бинонты æмæ сын æххуыс кодтой сæ проблемон фарстатæ скъуыддзаг кæнынæн.

 Ӕнахъомтимæ дæр куыст цыд æппынæдзух, куыд ахуыры рæстæджы скъолаты мидæг, афтæ ма карантины рæстæджы уынгты дæр. Ахæм фембæлдтыты рæстæджы сывæллæттæн амыдтой, цæмæй сæхи хизой æвзæрдзинадæй, сæ уагахаст уа хорз æмæ сын æмбарын кодтой, фæткхалæн митæ аразын хорз кæй нæу æмæ йæ саразджытæ цахæм бæрндзинад фæхæссынц, уыдæттыл.

Фадыгон инспектортæ ма сæ хъус дарынц бæлæстæм дæр, цæмæй сæ æнæзакъонæй ма лыг кæной. Ацы проблемæ уæлдай актуалон вæййы Ног азы бæрæгбоны агъоммæ. Уымæн æмæ нæ республикæйы территорийыл цы хихджын бæлæстæ ис, уыдоны куынæг кæнын райдайынц бынæттон цæрджытæ æмæ уый экологийыл æмæ нæ æрдзы рæсугъддзинадыл дæр æндавы æвзæрырдæм.

Уымæй уæлдай ма фадыгон инспектортæ афæдзы дæргъы хайад райсынц æппæт культурон-массон, религиозон æмæ æндæр ахæм мадзæлтты. Феххуыс кæнынц фæндагон змæлды инспектортæн рейдты рæстæджы  æмæ ма арæнхъахъхъæнджытимæ дæр бакæнынц æмбæлон куыст.

Бынæттон цæрджытæм уыд бирæ фарстатæ, кæцыты фылдæр хай баст уыд донимæ. Бирæтæн фаг нæ кæны нуазыны дон, бирæтæм та бынтондæр нæй. Кæцыдæр хъæуты та дон нæ фаг кæны донхъуаг быдырты донхæр кæнынæн. Кæд æмæ ныр цалдæр азы дæргъы нæ бæстæйы къух-дариуæгад архайы ацы проблемæ аиуварс кæныныл, уæддæр нырма уыйбæрц нæ бантыст саразын æмæ бирæ цæрджытæ ныридæгæн дæр æййафынц донæй хъуагдзинад. Стæй ма дзы рабæрæг вæййынц бæрнон кусджыты æнæзаконон митæ дæр.

Знауыры районы Уахтъана æмæ Терегуаны хъæутæ дæр рагæй фæстæмæ цух æййафынц нуазыны донæй æмæ 2017 азы фæззæджы дон рауадзынмæ куы æрæвнæлдтой районы æмбæлон службæтæ, уæд цæрджыты цинæн кæрон нал уыд. Ацы хъæутæ рагæй фæстæмæ пайда кæнынц æрмæстдæр цалдæр суадонæй, кæцытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фаг не сты æмæ цæрджытæ тыхсынц æнæ донæй. Дон та хъуамæ рауагътаиккой Гомарты дзуары цурæй. Цыбыр æмгъуыдмæ айгæрстой фæндаг æмæ æртæ километры бæрц рауагътой хæтæл, кæцы, специалистты хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ фагæй фылдæр уыдаид, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ абоны бон дæр адæммæ дон нæй. Цы хæтæл æвæрд æрцыд, уымæй та дон цæуы хæрзчысыл æмæ уый дæр къæвда бонты змæстæй фæцæуы. Стæй Терегуаны хъæумæ хæццæ дæр не ‘рцис, – Уахтъанайы хъæуы æмбис хай дзы тых-амæлттæй пайда кæнынц.

Фыццаджы уал зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы доны арæзтад кæй ныддаргъ ис æмæ уæддæр арæзтад кæронмæ кæй нæ бахæццæ. Хъæуы сæрмæ арæзт æрцыд доны резервуарæн бассейн, кæцы, ныр куыд рабæрæг, афтæмæй кæронмæ арæзт дæр нæу. 2018 азы аразджытæ æрæвнæлдтой Уахтъанайы хъæуы уынгты доны хæтæлтæ æвæрынмæ æмæ ацы хабар районы къухдариуæгад банымадта, ома арæзтад цæттæ у. Фæлæ аразджытæ доны хæтæлтæ нæ бамбæрзтой сыджытæй æмæ цалдæр азмæ хурмæ басыгъдысты, – сæ фылдæр хай сын ногæй хъæудзæнис баивын. Ӕгасæй арæзтадæй иу къабаз дæр кæронмæ æххæст не ‘рцыдис, афтæмæй та проектыл бахардз ис 7 миллуан сомы.

Ныридæгæн цæстдарæн органтæ бæлвырд кæнынц, ацы проекты арæзтад кæронмæ цæмæннæ ахæццæ æмæ дзы хъæндзинæдтæ цæмæн ис. Знауыры районы сæргълæууæг Хуыбиаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ ацы аз ногæй æрæвналдзысты арæзтад кæронмæ бакæнынмæ. Ахæм хæслæвæрд радта бæстæйы Президент Бибылты Анатоли. Ныфс бавæрдтой цæрджытæн, азы кæронмæ донæй кæй сифтонг кæндзысты ацы хъæуты.

Ахæм проблемæимæ тынг рагæй æмбæлынц Цъунары хъæуы цæрджытæ дæр. Кæд æмæ сæм цалдæр азы размæ дон рауагътой, уæддæр  фаг нæу, æмæ ныр æндæр проектмæ гæсгæ æввахс рæстæджы цæрджытæ иууылдæр ифтонг æрцæудзысты донæй.

Бирæ хъæутæм ма ис фæндаджы проблемæ дæр. Кæд æмæ фæндæгтæм ис æмбæлон хъусдард, уæддæр зымæджы æрцæуынц æдзæллаг уавæрмæ æмæ та сæ фæхъæуы цалцæг кæнын. Боныгъæдтæ куы фæхуыздæр уой, уæд та æмбæлон службæтæ æрæвналдзысты ацы проблемæ аиуварс кæнынмæ.

Бирæ хъæуты астæуты ма цæуы иумæйаг фæндаг æмæ цæрджытæ тыхсынц машинæты тагъд скъæрдæй. Уымæ гæсгæ Цъунары æмæ Терегуаны хъæуты цæрджытæ бахатыдысты, цæмæй сын се скъолатæм æввахс саразой тротуартæ æмæ сывæллæттæ æдасæй цæуой.

Нæ республикæйы алы районы дæр хъæддаг тугдзых сырдтæ стыр зиан хæссынц бынæттон цæрджытæн. Уымæн æмæ сын куынæг кæнынц сæ хæдзарон фос æмæ сын сæ бон ницы цæуы. Бынæттон цæрджытæ бахатыдысты, цæмæй сын исты баххуыс кæной. Кæмæдæрты дзы сæвзæрд фарст, ома цуанон æхсæнгарз кæм ис балхæнæн æмæ законон æгъдауыл хиуыл сфидар кæнæн. Милицийы кусджытæ сын бамбарын кодтой, зæгъгæ, нæ республикæйы нæй профилон магазин, кæцыйы балхæнæн уа цуанон æхсæнгарз æмæ нæмгуытæ. Фæлæ кæд искæмæ ис æхсæнгарз, уæд ын йæ хицауæн бары гæххæттытæ саразынмæ фæкæсдзысты фадыгон инспектортæ.

Знауыры районы Метехы хъæуы ныр дыууæ азы дæргъы нал æвдисы бынæттон телеуынынад æмæ бахатыдысты, цæмæй сын саразой сæ сигналдæттæн аппарат. Уымæй уæлдай ма бирæ хъæуты цæрджыты тыхсын кæнынц дзæгъæл куыйтæ. Ахæм куыйтæ бирæ ис, иумæйаг фæндагмæ æввахс. Зæгъæм, Тъбеты, Цъунары æмæ ма æгæрыстæмæй Балтайы æмæ Уисты хъæуты дæр. Бынæттон администраци ныфс бавæрдта, ацы проблемæ скъуыддзаг кæнынмæ кæй æрæвналдзысты æвæстиатæй.

Хъæуты цæрджытæн æнæ хæдзарон фос цæрæн нæй. Фæлæ проблемæ уый мидæг ис, æмæ сæ фыййау цæуын никæй фæнды. Уымæ гæсгæ сæхæдæг дæр тыхсынц кæйдæр дзæгъæл фосæй, сæхи фосæй сын куыд тыхсынц, афтæ. Уый фæдыл се ‘хсæн арæх рауайы хъаугъатæ æмæ та сæ милицийы кусджытæ хъуамæ фидауын кæной. Афтæмæй та бирæтæн сæ азы куыст дæр æнæфтиаг фæвæййы, – фос сын фесафынц сæ хуымтæ æмæ дыргъбæлæстæ. Ацы проблемæ аскъуыддзаг уыдзæнис, æрмæстдæр уæд, кæд рад саразой сæ фосæн æмæ сæм раздæрау фыййау йæ хъус дара.

Цхинвалы районы Серы хъæуы цæрджытæ та хъаст кæнынц, зæгъгæ нæм полигон æввахс у æмæ æрвылбон дæр сæ гуыппытæй стыхсæм. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ бирæ хæттыты нæмгуытæ батæхынц хъæумæ дæр.

Фарстатæ бирæ вæййы хъæууон цæрджытæм, сæ фылдæр хай та ахæм æмбырдты бынаты скъуыддзаг æрцæуы. Æмæ уый дæр хорз хъуыддаг у.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.