Уалдзæджы фыццаг бæрæгбон у Сылгоймæгты æхсæнадæмон бон – 8-æм марты бæрæгбон. Ацы кадджын æмæ зæрдылдаринаг боны æрдз йæ хуыз фæивы, хур  йæ зæлдаг тынтæй тынгдæр фæхъарм  кæны канд зæхх нæ, фæлæ цыдæриддæр йæ уæлæ рæзы, æппæт уыдон, йæ хъарм комытæфæй сдарынц сæ сæртæ æмæ æрдз ноджы фæцæрдхъомдæр æмæ фæрайдзастдæр вæййы. Æнæхъуаджы нæ нысан кæнынц  дунейы сабыруарзаг æмæ рæстагон фæллойгæнæг сылгоймæгтæ ацы рæсугъд æмæ  кадджын зæрдылдаринаг бон.

Бæрæгбонон фæлыст уыд уыцы бон Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъола, алкæй цæсгомыл дæр хъазыд æхсызгон мидбылхудт, алчи дæр арфæ кодта мад-сылгоймаг, сылгоймаг-хо, æмбал, фæллойгæнæгæн. Уæдмæ райдыдта бæрæгбонон мадзал æмæ уал райдианы йæ амонджытæ Бæззаты Сæрмæт æмæ Хуыбиаты Дауыт æрдзырдтой ацы зæрдылдаринаг бæрæгбоны равзæрды тыххæй, ныййарæг мады уарзт махæй алкæй дæр тавы æмæ хъарм кæны, тых æмæ нын хъару дæтты æрмæст йæ иу бакаст æмæ рæвдаугæ цæстæнгасæй, хоны æмæ нæ разæнгард кæны сгуыхтдзинæдтæм. Уæдмæ скъоладзау чызджытæ адих сты æртæ командæйыл æмæ сæ алчи дæр æвдыста йæ арæхстдзинад, чи куыд арæхстджындæр у къухы мийæ,  чи тагъддæр æмæ арæхстджындæр бакæндзæн фæсасынк. Сæ цæрдæг æмæ хъуыдыджын архайдæй бæрæг уыд, æвзонг чызджытæн сæ къухты судзин æцæгæлон кæй нæу æмæ дарæсыл тагъд æмæ раст хуыдтой сæхтæджытæ. Ирон æфсин къаддæр нæу хæринаг аразын æмæ уый фынгыл равæрынмæ æмæ уыцы хъуыддаджы дæр ахуырдзау чызджытæ фæстийæ нæ баззадысты. Дарддæр жюрийы тæрхонмæ хастой сæ арæхстдзинад кафын æмæ зарынæй, æмдзæвгæтæ аив кæсынæй æмæ уыцы аивадон гæнæнтæй дæр балхæдтой, чи сæм каст, уыдон зæрдæтæ. Ноджы ма ахуырдзау чызджытæ сæ арæхстдзинад фенын кодтой ноджы цалдæр хуызæй, сценæмæкæсджытæ райгондæй баззадысты Тараты Аннæ, Мæлдзыгаты Аннæ, Джиоты Миланæ, Мæлдзыгаты Фатимæ, Хуыбиаты Иннæ, Аннæ, Саулохты Янæ, Хуыбиаты Каринæ, Миленæ æмæ æндæрты зæрдæмæдзæугæ ралæуд æмæ арæхстдзинадæй.

                                                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.