Адæймаг дунемæ куы фæзыны, уæд йæ фыццаг ныхæстæ сдзуры мадæлон æвзагыл, йæ хъуыдытæ, йе ‘нкъарæнтæ… Ирон дзырды фарн ницæимæ ис абарæн. Ирон æвзаг у ирон адæмы уд æмæ зонд, ирон адæмы культурæйы хæзнадон. Ирон æвзаг у аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, Нарты кадджыты, Къоста, Васо, Секъа æмæ иннæ куырыхон адæймæгты æвзаг. Уый баст у не ‘гъдæуттимæ  нæ цардуагимæ. Зæгъæм, хъæууон хæдзары нана ахсы гуымбыл (цыхт), цæгъды мисын, аразы нæлхæ æмæ а.д.

Нæ абоны царды сывæллæттæй бирæтæ нæ зонынц уыцы дзырдтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн бирæ аххосæгтæ ис. Фæлæ ирон æвзаг амонджытæ, хъуамæ архайæм ууыл, цæмæй не ‘взаг ма сæфа. Ирон æвзаг махæн лæвæрд у æрдзæй, у нæ хæзна, æмæ йыл былысчъил мачи хъуамæ кæна.

Зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Васо афтæ загъта: «Ирон æвзаджы ис ахæм дзырдтæ – «фæсмон» æмæ «æфсарм», кæцытæ уыйбæрц рæстæг фæцардысты, æмæ дур æмæ бронзæйæ конд дзаумæттæ дæр уыйбæрц нæ фæлæудзысты. Ирон æвзаг æмæ национ культурæйы хæзнатæ иумæ рæсугъд таутæ уадзынц. Мадæлон æвзагæн æнæ æгъдау æмæ традицитæ уæвæн нæй. Уыдон сты не ‘хсæнады ахсджиаг цардыуаджы миниуджытæ, чи сæ сфæлдыста, уыцы адæмы хæзнатæ».

Мадæлон æвзаг у номдæттæг сабийæн. Сывæллон фыццаг хатт мады фæлмæн хъæбысæй  акæсы дунемæ. Мад йæ сывæллонæн зары иронау, хъомыл æй ирон кæны алыхуызон дзырдтæй пайда кæнгæйæ. Уыцы дзырдтæ зæрдæйы арф фæд ныууадзынц æмæ куы бахъомыл вæййы, уæд ын йæ мадæлон æвзагмæ баззайы уыцы уарзондзинад. Мадæлон æвзаджы домæнтæ йæ бинонты ‘хсæн кæмæн ныббиноныг уой, уыцы сывæллон уыдзæн ныфсджын æмæ æгъдауджын. Уымæн æмæ йæ хъуыдыйы уыдзæн, ирон кæй у æмæ йæ ирон æгъдау æххæст кæнын кæй хъæудзæн.

«Æз дæ ныфсæй дæн хъаруджын,

Дæ мæ хотыхты цыргъдæр.

Ахъардтай дзырдгай мæ туджы,

Мады ‘хсырау дæ сыгъдæг».

                                     Пухаты Ал.

«Æвзаг æгъдау амонæг у», – фæзæгъынц куырыхон лæгтæ. Хъыгагæн, нырыккон мадæлтæй бирæтæ афтæ нæ хъуыды кæнынц. Махмæ бирæ ахæм ныййарджытæ ис, кæцытæ æрбацæуынц скъоламæ æмæ домынц, мæ сывæллоны мын ирон æвзаджы уроктæй суæгъд кæн, зæгъгæ. Кæнæ та арæх вæййы афтæ, æмæ йæ лæмæгъ къордмæ ракæнын кæны сывæллоны. Уыцы ныййарджытæ не ‘мбарынц, сæ цоты раст фæндагыл кæй не ‘вæрынц. Уымæн æмæ йæ мадæлон æвзаг чи нæ зона, уый нæ бамбардзæн æгъдауы нысан. Æгъдау та уæздандзинад гуырын кæны.

Йæ мадæлон æвзагыл афоныл чи нæ фæхæст уа, уый хъуыдыджын, æгъдауджын нæ рауайдзæн. Сабийæн йæ фыццаг ахуыргæнæг у йæ мад. Йæ мад ын куыд бауарзын кæна йе ‘взаг, афтæ йæ дарддæр дæр уарздзæн. Мадæлон æвзаг зæрдæйæ кæй цæуы, уымæ гæсгæ саби цы зонындзинæдтæ райсы, уыдон йæ зæрдыл хуыздæр бадары, йæ зонды дæр арфдæр ныффидар вæййынц.

Васо загъта: «Ирон æвзаг у, хъуыдыйы æмæ æнкъарæнты тæккæ лыстæгдæр æмæ уæздандæр фæзилæнтæ равдисынмæ чи арæхсы, ахæм æнæаипп, рæвдз æмæ коммæгæс хотых».

Сабийы йæ мадæлон æвзагæй чи фæхицæн кæна, уый у йæ фыддæр знаг.

«Дæ мады æвзагыл

кæд дзурыс, кæд зарыс, –

дæ фыдгул ызнагæн

йæ сау зæрдæ марыс».

                          Æлборты Хадзы-Умар

Райгуырæн бæстæйы алы къуымы дæр, махæй алкæмæн дæр уæлдай хатт йæ зæрдыл æрлæууын кæны стыр бæрндзинад нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæныны хъуыддаджы. Фæзæгъынц, зæгъгæ, не стыр хæзна, нæ ирон æвзаг фæстаг азты йæ рæзты фæндагыл æмбæлы дзæвгар ныхдуртыл, цуды æмæ сæфы йæ нысаниуæг. Фæлæ уый бынтон афтæ нæу. Хуымæтæджы, мыййаг, нæ фæзæгъынц, зæгъгæ, наци цæры уæдмæ, цалынмæ цæра мадæлон æвзаг. Наци та цæуы размæ, дарддæр кæны йæ паддзахады арæзтады бæрнон хæс æмæ бындур æвæры йæ кæстæр фæлтæрты рухс фидæнæн.

 Алы ирон бинонтæ дæр, æвæццæгæн, сæхи нымайынц ахæм æнæфæцудгæ цæджындзыл, кæцытыл абон æнцой кæны нæ мадæлон æвзаг.

Фæстаг азты, ирон æвзаг рæзын кæныны сæраппонд, Хуссар Ирыстоны ист æрцыдысты ахсджиаг уынаффæтæ паддзахадон æвзæгты тыххæй, ирон мыггæгты тыххæй, географион нæмтты тыххæй, ирон æвзаджы райрæзты паддзахадон программæ æмæ æндæртæ.  Мыхуыры цæуынц фылдæр чингуытæ ирон æвзагыл, аразынц фылдæр радио æмæ телеалæвæрдтæ. Иудзырдæй, ирон æвзаг махмæ хъуамæ суа паддзахадон æвзаг канд гæххæттыл нæ, фæлæ царды алы къабазы дæр.

Æрмæгыл бакуыста ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.