Азы кæрон фæстиуджытæ арæзт цæуы, бæстæйы цы куыст æрцыд, цы бантыст саразын, æппæт уыдонæн. Уыцы æрвылазон фембæлдтыты фæлгæтты бæстæйы сæргълæууæг ныридæгæн фембæлд Знауыры районы цæрджытимæ, уый фæстæ та Дзауы районы минæвæрттимæ. Банысан кæнын хъæуы уый, ныр цалдæр азы Бибылты Анатоли кæй архайы йæ æвзæрстыты агъоммæйы программæйы пункттæ æххæст кæныныл. Уыдон фылдæр хай арæзт цæуы Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты домæнтæм гæсгæ.

Дзауы районы æхсæнады минæвæрттимæ фембæлды хайад райстой районы Администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, РХИ-йы Парламенты депутаттæ, районы хъæууон администрациты сæргълæуджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ æвзæрстыты агъоммæ компанийы уыдон цымыдис кодтой цæрджыты æрвылбонон проблемæтæм. Фембæлды рæстæджы уый афæлгæст сарæзта, уыдонæй арæзт æмæ бæстон чи æрцыд, уыдоныл. Бæстæйы къухдариуæгад архайы æмæ дарддæр дæр архайдзæн, цæмæй æрмæст Дзауы районы нæ, фæлæ республикæйы æппæт районты дæр цæрынæн уавæртæ арæзт цæуа æмæ ма æдзæрæг кæной нæ кæддæры нæргæ хъæутæ.

Зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас дзауæгтимæ

Алы хъæуы дæр ахсджиагдæр фарстатæ сты нуазыны доны проблемæ, фæндæгтæ цалцæг кæнын, уыцы нымæцы Гуфта-Къуайсайы фæндаг, ног хидты арæзтад æмæ электроадæттæн хæххытæ раивын.  

Президенты ныхæстæм гæсгæ ма уыдоны æмрæнхъ ивд цæуынц уынгты коммуникацитæ, Дзауы астæуккаг скъолайы территорийыл арæзт æрцыд спорткомплекс, кæцы æввахс рæстæджы ифтонг æрцæудзæн æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæй.

Бæстæйы сæргълæууæг ма хъусдард аздæхта, фидæн азы цы ахсджиаг проблемæтæ цæудзæн бæстон, уыдонмæ. Уыдоны хсæн сты Дзауы поселочы ног хид æмæ донæн иннæ фарс фæндæгты арæзтад æмæ коммуникацитæ раивын, Итрапис æмæ Гуфтайы хъæуты Транскамы фæндаджы дæрддзæгыл тротуартæ аразыны фарст æрбæстон кæнын.

Алыфарсон фарстатыл дзургæйæ

Районы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ нырма дæр тыхсынц Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы сигнал иуæй иу хъæуты æвзæр кæй ахсы, уыцы хъуыддаджы. Уымæн æмæ дæрддаг хъæуты цæрджытæ стыр цымыдисимæ фенхъæлмæ кæсынц изæры бæстæйы æрцæугæ хабæрттæ фехъусынмæ. Ацы проблемæ æндæр районты цæрджыты дæр кæй тыхсын кæны, уымæ гæсгæ Президент ныфс бавæрдта, сæрмагонд рабадт уагъд кæй æрцæудзæн ацы фарсты фæдыл.

Куыд зонæм, уымæ гæсгæ 90-æм азты зæххæнкъуыст Дзауы районыл бæрæг фæд ныууагъта. Абоны онг дæр бирæ цæрджытæ тыхсынц, сæ цæрæн хæдзæрттæ арæзт кæй не рцыдысты. Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ республикæйы бюджетон фæрæзтæй цæрæн хæдзæрттæ аразын паддзахадæн йæ тыхы нæй, фæлæ уæддæр балæууын хъæуы тыхст адæмы фарсмæ.

Хæрзаудæн фонд «Аланийы иудзинад»-ы фæрæзты руаджы Дзауы поселочы арæзт æрцыд 2 хæдзары æмæ 7 та районы хъæуты. Уыцы куыст дарддæр цæудзæн. Уымæй дарддæр ма ацы аз ногарæзт фатерты хицæуттæ систы 18 бинонтæ, æрлæугæ аз ма уыдон фæфылдæр уыдзысты æмæ та 36 бинонтæ ифтонг æрцæудзысты ног цæрæнуæттæй.

Уæрæсейы территорийыл ипотекæйы хуызы кредиттæ райсын нæ республикæйы территорийыл кæд райдайдзæн архайын? – ацы фарстæн Бибылты Анатоли афтæ сдзуапп кодта, зæгъгæ, закъон цæттæ у, фæлæ йæм хъæуы Парламенты æркæсын, æмæ уый фæстæ закъонон бындурыл архайдзæн махмæ дæр.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ æппæт дæр арæзт цæуы Хуссар Ирыстоны адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй. Фæфылдæр сты пенситæ æмæ сывæллæттæн пособитæ. Сахъатджын æмбæстæгтæм чи кæсы, уыдонæн фыст цæуы пособитæ, 75 азы кæуыл цæуы, уыдонæн уæлæмхас паддзахад фиды иу мин сомы, фæлæ уыцы бафыстытæ раздæр æрцыдысты æмæ фыст цæуынц 70 азы сæххæстæй фæстæмæ. Уæлæмхас бафыстытæ ма хицæн цæуы 4 æмæ фылдæр сывæллæттæ кæмæн ис, ахæм бинонтæн. Æмæ ма иу æхсызгон хабар – ног азæй фæстæмæ бюджетон æмæ паддзахадон службæгæнджытæн фæфылдæр уыдзысты сæ куыстмыздтæ.

Район ифтонг æрцæудзæн æрдзон газæй

Президенты ныхæстæм гæсгæ ацы ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл æнæмæнгхъæуæг документаци у цæттæ æмæ йæм æрæвнæлдæуыдзæн 2021 азы. Ацы куыстытæ раздæр хъуамæ райдыдтаиккой, фæлæ ацы æнæхайыры пандеми ивындзинæдтæ бахаста дунейы цардарæзтадмæ, уый æмрæнхъ ацы фарст æрбæстон кæнынмæ дæр. Фæлæ бирæ рæстæг нал ис, æмæ цæрджыты уавæр бирæ фæрогдæр уыдзæн, район æрдзон газæй ифтонг куы æрцæуа, уæд.

Дзауы районы Администрацийы сæргълæууæг куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ ныридæгæн æрдзон газы хæтæлтæ уагъд цæуы поселочы дыууæ уынгыл. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ районтæ æрдзон газæй ифтонг куы æрцæуой, уый хорзæрдæм бандавдзæн нæ бæстæйы экологийыл, сæрмагондæй та хъæды хæдзарадыл æмæ æгъатырæй цагъд нал цæудзæн нæ алфæмблай хъæд.

Фарстаты æхсæн ма уыд 1992-97 азтæм нæ бæстæйы уæвæг фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты чи службæ кодта, уыдонæй уæрæсейаг æмбæстагдзинад кæмæн нæй, уыдонæн хуссарирыстойнаг æмбæстагдзинады бындурыл пенситæ исыны фадат уыдзæн æви нæ. Президенты ныхæстæм гæсгæ уыцы фарст цадæггай бæстон цæуы. Фидауынгæнæг тыхты службæ æфсæддон стажмæ æмных цæуы – уый фыццаг, æмæ та – Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы дæр дзырд цыд ацы фарстыл æмæ æрцыдыстæм ахæм уынаффæмæ – фидауынгæнæг тыхты алы службæгæнæг дæр æрвыл мæй исдзæн уæлæмхас бæрæг суммæ. Фæлæ уæрæсейаг паспорт кæмæн нæй, уымæн нæхæдæг хъуамæ баххуыс кæнæм.

Æхсæнадон-политикон уавæр

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд нæ республикæйы æхсæнадон-политикон уавæрыл. Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ фыццаг æмæ иууыл растдæр уынаффæ æмæ домæн у – аххосджынтæ æфхæрд хъуамæ баййафой закъонмæ гæсгæ. Уыцы æвзонг лæппуйы амæлæтæй рацыд æртæ мæйы æмæ аххосджынтæ æфхæрд кæй нæма æрцыдысты, уый тыххæй къухдариуæгады азымы дарай, уый раст нæу, уымæн æмæ уголовон хъуыддаг раиртасын æмæ раргом кæнынæн уыцы рæстæг фаг нæу.

«Ахæм трагедийæ политикæ аразын та бынтон фыдракæнддзинад у, уымæн æмæ уый æрмæст Дзабиты бинонты трагеди нæу, фæлæ æгас республикæйы. Æмæ мах хъуамæ æмбæлон аргъ скæнæм ацы æбуалгъ фыдракæндæн.

Бинонты рæдийын кæныны бар никæмæн ис. Æмæ дзы политикæ чи аразы, уыдон æй бамбардзысты æмæ уыцы бинонтæй хатыр ракурдзысты», – банысан кодта Президент. Адæмы хæццæ кæныны бар никæмæн ис, нæдæр Парламентæн, нæдæр Хицауадæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.