Æрæджы Бибылты Анатоли фембæлд Цхинвалы районы Сатихъар, Хелцуа æмæ Къостайыхъæуы цæрджытимæ. Фембæлды хайад райста Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд куыд социалон, афтæ политикон фарстатыл дæр.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй фондз азы размæ цы нысæнттæ æвæрд æрцыдысты, уыдон практикон æгъдауæй реализацигонд цæуынц.

«Цхинвалы районы стыр куыст бачындæуыд. Æппæт хæслæвæрдтæ дæр æххæст цæуынц. 37 фарстайæ æнæскъуыддзаггонд баззад æрмæстдæр æртæ: Арцеуы сывæллæтты цæхæрадон саразын, 2008 азы хæсты аххосæй цы хæдзæрттæ бахъыгдард сты, уыдон сцалцæг кæнын æмæ Къостайыхъæуы фермерон хæдзарадæн баххуыс кæнын. Уыцы хæслæвæрдтæ дæр скъуыддзаг æрцæудзысты», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг дзырдта цæрæнуаты арæзтадыл дæр.

«Мах алы куырдиаты дæр сахуыр кæнæм æмæ архайæм Хуссар Ирыстоны алы цæрæгæн дæр баххуыс кæныныл. Сатихъары хъæуæй нæм æрбацыд 32 куырдиаты цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны фæдыл. Уыцы хъæуы арæзт æрцыд 3 хæдзары. Хелцуайы хъæуы дæр арæзт æрцыд цыппар хæдзары, 16 бинонтæ та рады лæууынц. Уымæй дарддæр ивæм хæдзæртты агъуыстытæ дæр», – банысан кодта Президент.

Бибылты Анатоли куыд радзырдта, афтæмæй электроадæттæн хæххыты цæджындзтæ дæр ивд æрцыдысты, æвæрд æрцыдысты ног трансформатортæ, скъуыддзаг æрцыд хъæууонхæдзарадон техникæйы проблемон фарст дæр. 2021 азы республикæйы къухдариуæгад балхæдта 55 иуæджы хъæууонхæдзарадон техникæ æмæ сæ адих кодта республикæйы районтыл. Дарддæр куыд загъта, афтæмæй хатырон кредиттæ дæттыны фонды фæлгæтты æххуыс цæуы фермерон хæдзарадтæн дæр. Æдæппæтæй Цхинвалы районæн рахицæн æрцыд 39 милуан 855 мин сомы. Ныфс бавæрдта, донифтонгады уавæр дæр кæй фæхуыздæр уыдзæн, уымæй.

Сатихъары цæрджытæ радзырдтой  спортивон залы цухдзинады тыххæй. Бибылты Анатоли сын ныфс бавæрдта, сæрмагондæй йæхæдæг кæй æркæсдзæн ацы проблемæмæ.

Къостайыхъæуы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы Президент банысан кодта, зæгъгæ, ацы хъæуы арæзт æрцыд фондз хæдзары, аст хæдзарæн та ивд æрцыдысты сæ агъуыстытæ. Дарддæры азтæн дæр арæзт æрцыд план цæрджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй.

Дзырд цыд фæндæгты уавæрыл дæр, кæцыты фылдæр хай æрцыд цалцæггонд.

«Куыд Къостайыхъæуы, афтæ Къостайыхъæу – Ход – Кърозы  фæндæгтæ дæр цалцæг æрцæудзысты. Къостайыхъæуы арæзт æрцæудзæн ног донуадзæн хахх, цалцæг æмæ ивд æрцæудзысты доны зæронд хæххытæ дæр. Дыууæ бирæфатерон хæдзары æвæрд æрцæудзæн ног трансформаторы. Арæзт æрцæудзысты уæлæмхас рухсытæ дæр», – загъта Бибылты Анатоли.

***

Бибылты Анатоли фембæлд Знауыры районы Мугуты хъæуы цæрджытимæ дæр. Фембæлды хайад райста Знауыры Администрацийы сæргълæууæг  Сиукъаты Олег дæр.

Фембæлды рæстæджы паддзахады сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 2017 азы арæзт æрцыд программæ цæрджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдонæй иууыл актуалондæр уыдысты фæндæгты цалцæг кæнын, уынгты рухсытæ бакæнын, хъæууонхæдзарадон техникæйы цухдзинад, брон ласыны проблемæ æмæ, 2008 азы хæсты рæстæджы цы хæдзæрттæ бахъыгдард сты, уыдоны цалцæг кæнын.

«Фондз азмæ аскъуыддзаг кодтам фæндæгты проблемæ. Аунеуæй Мугуты хъæумæ  асфальтгонд æрцыд фæндаг. Райстам ног комбайнтæ æмæ хъæууонхæдзарадон агрегаттæ, кæцыты иу хай лæвæрд æрцыд Знауыры районæн. Чъорбаули æмæ Мугуты хъæуты скъуыддзаг цæуы уынгты рухсытæ бакæныны проблемæ. Брон ласыны проблемæ дæр скъуыддзаг у, фæлæ æнæхъæн районæн иу машинæ нæ фаг кæны. Арæзт æрцыд цыппар хæдзары, иу бинонтæн та лæвæрд æрцыд цæрæн вагон», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, Мугуты хъæуы æвæрд æрцæудзæн трансформатор. Иууыл сæйрагдæрыл та банымадта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты цырт среставраци кæнын.

Мугуты хъæуы цæрджытæн абоны бон иууыл актуалондæр сты донхæргæнæн доны хъуагдзинад, хъæу газæй сифтонг кæнын, библиотекæйы æмæ медпункты бæстыхæйтты сцалцæг кæнын æмæ донифтонгады фарстатæ.

Президент сын ныфс бавæрдта, ацы фарстатæ скъуыддзаг кæй æрцæудзысты, уымæй.

***

Бæстæйы сæргълæууæг фембæлд горæт Цхинвалы Мамсырайы фырты уынджы цæрджытимæ.

Уый сын радзырдта абоны боны плæнттыл, кæцытæ здæхт сты Хуссар Ирыстоны адæмы фæрныгад æмæ цардифтонгад фæхуыздæр кæнынмæ.

«Æнæхъæнæй бирæ æрцыд арæзт. Кæй зæгъын æй хъæуы, аразинаг дæр нырма бирæ ис. Фæлæ мах цæттæ стæм дарддæр сæ аскъуыддзаг кæнынмæ», – загъта Президент.

Дарддæр банысан кодта, зæгъгæ ныл кæд цъыф калынц æмæ нын нæ разы цæлхдуртæ æвæрынц, уæддæр хъæуы кусын, размæ цæуын. «Уыдæттæм нæ кæсгæйæ нын ис æнтыстытæ. Фæфылдæр сты пенситæ, фæфылдæр кодтам сывæллæтты пособитæ, фæфылдæр сты инвалидты пособитæ дæр, уыимæ иумæ æвджиды адæймæгтæн дæр снысанчындæуыд мыздтæ, фæфылдæр сты студентты стипендитæ. Фæфылдæр сты сæрмагонд стипендитæ ирон æвзаджы студенттæн. Уый та фæахъаз уыдзæн уымæн, цæмæй не ‘взаг фидар лæууа йæ къæхтыл», – загъта уый.

Президент банысан кодта Хуссар Ирыстоны инфраструктурæйы рæзт дæр. Стыр æхсызгонæй радзырдта резервон электрохаххы проекты реализацийы тыххæй, кæцыйы руаджы республикæ æнæ рухсæй никуыуал баззайдзæн.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, ноджыдæр бирæ хъæуы аразын. Мах иумæ куы архайæм, иумæ раст фæндагыл куы цæуæм, уæд нын аразын дæр бирæ бантысдзæн», – бахахх кодта Президент.

Фембæлды кæрон бæстæйы сæргълæууæг бацагайдта президентон æвзæрстыты темæ дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, кандидаттæ кæрæдзийыл цъыф ма хъуамæ калой, фæлæ хъуамæ дзурой, цы сарæзтой, уый тыххæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.