Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттимæ фембæлды рæстæджы Президент Бибылты Анатоли фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнтыл уадзæн пункттæ байгом кæнын комкоммæ баст у Уисты хъæуы сæвзæргæ уавæрыл, цыран гуырдзиаг полициæгтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æнæзакъонæй сæвæрдтой блокпост. Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, уыцы хъуыддагимæ иттæг хорз зонгæ кæй сты дискусситы æмсæрдæрттæ дæр, уымæн æмæ уыдонæн дæр фадат уыд, æмæ базонгæ сты, уыцы территори Хуссар Ирыстоны территори кæй у, уыцы бæлвырдгæнæн документтимæ.

«Мах баныхæстæ уадзыныл разы стæм, фæлæ сæвзæры ахæм фарстытæ, кæцыты фæдыл иу хатдзæгмæ не ‘рцæуæм, уый хауы Уисты хъæуы сæвзæргæ уавæр-мæ, кæцы ныр цалдæр мæйы дæргъы махæн æнцойад нæ дæтты», – загъта Президент.

Уымæй дарддæр Республикæйы къухдариуæгад бæстон кæны гуманитарон фадыджы проблемæтæ Ленингоры районы, уым арæнты сæрты уадзæн пункттæ нырма дæр сты æхгæд. Уыдон сты гуырдзиаг фарсæн дзуаппон къахдзæфтæ – арæнтæ фæтыхджындæр кæнын æмæ цæрджыты æдасдзинад ифтонг кæныны тыххæй. Мах къахдзæфтæ, зæгъгæ, æм-бæрстгонд æмæ æргом сты æмæ сын дывæрсыг мидис нæй. Æмæ ахæм æргомдзинадмæ æнхъæлмæ кæсæм гуырдзиаг фарсмæ дæр. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй гуырдзиаг фарс проблемæ æрбæстон кæнынмæ æппындæр не ‘вдисы йæ цæттæдзинад.

Бæстæйы сæргълæууæг ма дискусситы æмсæрдæртты хъусдард аздæхта уымæ дæр, æмæ фылдæр хатт гуырдзиаг фарс йæ провокацион архайдтытæ кæй фæаразы Женевæйы фембæлдтытæ кæнæ дискусситы æмсæрдæртты æрцыды размæ.

«Арæнтæ барæй хæлд кæй æрцыдысты Гуырдзыстоны æмбæстаджы аххосæй, уый дæр у  провокаци. Ууыл басаст йæхæдæг дæр. Æмæ уый æз нымайын, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы иумиаг политикæ уадзы, уый иу хайыл. Гуырдзыстонæн афон у æмæ бамбара, Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахад кæй у, æмæ, уый хынцгæйæ, йæ куыст хъуамæ кæна», – фехъусын кодта Президент.

Уый банысан кодта, бæстæйы къухдариуæгад æппæтдæр кæй араздзæн, цæмæй йæ цæрджыты ныфс уа æдасдзинадæй æмæ арæнтæ ныфсджынæй хъахъхъæд цæуой. Фæндон бахаста,  Женевæйы дискусситы боны фæтк фæактуалондæр кæныны тыххæй, цæмæй къухты бафта, тыхæй ма спайда кæныны фæдыл меморандумыл къухтæ æрфыссын. Уый ныфс ис, æмæ уыцы документыл къухтæ фыст куы ‘рцыдаиккой, уæд абон проблемæ нал æвзæрид, уымæн æмæ уæвынад кодтаиккой дунеон организациты гарантигонд бæрн-дзинæдтæ. Фæндон ма бахаста, уæвæг реалитæ хынцгæйæ, фæрсты позицитæ æрæмных кæнын, кæ-цыйы руаджы фадат уыдзæн уавæр йæ бынатæй феггуырсын кæнынæн.

Дунеон организациты минæвæртты позици

Евроцæдисæй минæвар Тойво Клаар банысан кодта, Хуссар Ирыстоны Президент ахсджиаг фарстытæ кæй раразмæ кодта, уыдон кæй сты вазыгджын æмæ егъау проблемæйы хæйттæ. Механизмты техникон фембæлдтыты цы фарстыл дзырд цæуы, уый бæстон кæнын кæй хъæуы, уый дæр банысан кодта минæвар. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, иннæрдыгæй та ис конкретон фарстытæ, кæцытæ баст сты æдасдзинады фарстытимæ, æмæ хъуыды кæнын хъæуы, уыдон куыд æндавынц адæмы цардыл.

«Зымæг кæй æрæввахс ис, уый хынцгæйæ, Уисты хъæуы уавæр æввахс рæстæджы æрбæстон кæнын нæ бафтдзæн нæ къухты. Фæлæ нæ фæнд у, цæмæй ацы дыууæ фарсты – уадзæн пункттæ æмæ хъæуы пост кæрæдзийæ ахицæн  кæнын», – дзырдта Евроцæдисы минæвар.

Куыд æмсæрдæрттæ, афтæ, зæгъгæ, хъуыды кæнæм ууыл, цæмæй уавæрмæ æркастæуа уæрæхæй æмæ уæвæг проблемæтæ бæстон кæнынæй дарддæр фидæны ахæм уавæр мауал æруагъдæуа.

ИНО-йæ минæвар Джихан Султаноглу дæр банысан кодта, æмсæрдæрттæ дæр сæ хъус кæй дарынц цауты рæзтмæ æмæ стыр аргъ кæнынц, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад сабырадон  хъуыддæгтыл иузæрдион кæй у, уымæн. Æмсæрдæрттæ, дам, цæттæ сты проблемæтæ æрбæстон кæныны фæндæттæ сахуыр кæнынмæ, уыцы-иу рæстæджы тыхстдзинад æвдисынц негативон тенденциты фæдыл – уадзæн пункттæ æхгæд кæй сты, уый тыххæй, уымæн æмæ уыцы хъуыддаг æндавы адæмы æрвылбонон цардыл. Джихан Султаноглу фæндон бахаста, цæмæй æркастæуа арæнтыл уадзæн пунктты тагъддæр байгом кæныны гæнæнтæм.

ЕÆÆО-йы минæвар Рудольф Михалка та банысан кодта, проблемæ сабырадон уавæрты æрбæстон кæнын кæй у иунæг фæрæз.

Йæ проблемæтæ алчидæр йæхæдæг хъуамæ бæстон кæна

  Женевæйы дунеон дискусситы минæвæртты хъуыдытæм байхъусыны фæстæ бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, хуссарирыстойнаг фарс кæй нæ дызæрдыг кæны, дунеон æхсæнылæгтæ цæттæ кæй сты фарстытæ æрбæстон кæнынмæ.

Ныртæккæ Хуссар Ирыстонмæ ахасты Гуырдзыстоны политикæ кæронмæ бамбарыны нысанæн Президент æрхаста хуымæтæг цæвиттон: «Адæймаджы къахы сындз куы фæныхсы, уæд риссы æгас буар, гæнæн ис æмæ буары тæвд дæр фæфылдæр уа, науæд йæ туг фæхъæстæ уа. Æмæ рыст цæмæй фæрогдæр уа, уый тыххæй сыппарын хъæуы уыцы сындз. Нæ цæстытыл ауайын кæнæм, ома, уыцы буар у паддзахад, кæцы хъуыды кæны сындзæй фервæзыныл æмæ проблемæ æрбæстон кæныныл. Раст уыцы пост у уыцы сындз, кæцы риссын кæны æгас буары, ома, паддзахады. Хатт  рыстæй ссæрибар кæныны тыххæй хъæуы хирургион æмæ  дохтыры æххуыс», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатолийы хъуыдымæ гæсгæ уыцы дохтыртæ сты дунеон организациты минæвæрттæ æмæ, зæгъгæ, уæ тыхы ис, цы проблемæйыл дзурæм, уый æрбæстон кæнын.

«Уый сымахмæ хауы, зæгъæн ис, æмæ уæ комкоммæ хæстæй кæй у сæ иу – хъæуы йæ сæххæст кæнын, науæд йæ сæххæст кæныны хъуыддаджы гуырдзиаг фарсæн баххуыс кæнын», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг æмсæрдæрттæм ахасты.

Уый æнæразыдзинад равдыста, Гуырдзыстоны провокациты фæстиуджыты тыххæй. Банысан кодта, Гуырдзыстон цы проблемæтæ аразы, уыдоны цæмæй бæстон кæна йæхи территорийыл. Хуссар Ирыстоны проблемæтæ та сты йæхи проблемæтæ. Алкæмæндæр зындгонд у, Хуссар Ирыстон кæй никуы арæзта проблемæтæ Гуырдзыстонимæ ахасты. Уымæн алчидæр æвдисæн у. Фæлæ Президенты ныхæстæм гæсгæ Гуырдзыстоны тыхон структурæтæ æмæхсæвæджы æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны территоримæ æмæ бацахстой бæрзæнд. Уый тыххæй хуссарирыстойнаг фарс хаты дунеон организациты минæвæрттæм, фæлæ проблемæ уæддæр ис уым.

«Уыцы проблемæ мах нæ сарæзтам, æмæ йæ нæдæр аскъуыддзаг кæндзыстæм. Уый нæ, фæлæ ноджыдæр хатæм сымахмæ йе ‘рбæстон кæныны тыххæй», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Уисты хъæуы сæвзæргæ уавæр æндавы æгас республикæйыл. Арæнтæ æхгæд кæй сты, уый дæр комкоммæ баст у ууыл. Æмæ Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ бæстæйы сæвзæргæ æнæразыдзинæдты фæдыл къухдариуæгад исы хъæуæг мадзæлттæ.

Евроцæдисæй минæвар Уисты хъæуы  полициæгты æнæзакъонон пост аиуварс кæнын зымæджы æрлæудимæ кæй бабаста, уый Бибылты Анатоли банымадта бынтон æнæсерьезоныл. Гуырдзыстон Ленингоры районы нæдæр электроны рухсæй, нæдæр æрдзон газæй, нæдæр суг æмæ хæлцадон продукттæй ифтонг кæны. Æмæ цæмæй уым сабыр уа, уым цыдæриддæр хъæуы, уыдон бæстон кæны Хуссар Ирыстон. Уымæ гæсгæ Президент æнæразыдзинад равдыста, зымæджы æрæввахс уыцы фарст æрбæстон кæнынимæ бабæттыны тыххæй.

Уый ноджыдæр фехъусын кодта, гуырдзиаг пост уыцы бынатæй сисыны фæстæ, уый иуварс кæны, цы проблемон фарстытыл дзырд цæуы, уыдон. Уыцы къахдзæф уый схуыдта бæндæны кæрон, кæцыйы хъæуы айвазын æмæ уымæй проблемæ æрбæстон кæнын. Уый фæстæ женевæйаг дискусситы боны фæткыл æмбæлон кусæгон уавæрты  æруынаффæ кæнын.

Бибылты Анатоли ацы уавæр абарста 2008 азы августы цаутимæ, уæд дæр, зæгъгæ, гуырдзыйы фарсæрдыгæй провокацитæ уагъд цыдысты уæ коллегæты мадзура сразыдзинадæй. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны уæвынад кодтой ЕÆÆО-йы минæвæрттæ дæр.

«Мæн тынг фæнды, цæмæй Гуырдзыстон цы къахдзæфтæ кæны, уыдонмæ ахасты йыл бандава уæ принципиалон позици. Уыцы æнæраст къахдзæфтæ æппындæр хорзæй ницæмæ æркæндзысты. Хуссар Ирыстоны фæнд у, цæмæй æндыгъдад иуварс æрцæуа. Æмæ  Гуырдзыстонæн  цы проблемæтæ ис, уыдон та Хуссар Ирыстоны хардзæй бæстон мауал цæуой», – загъта уый.

Бибылты Анатоли дискусситы æмсæрдæрттæн бамбарын кодта, Хуссар Ирыстон цæттæ кæй у диалогмæ æмæ сæм æрсидт, проблемæтыл хицæнтæй дзурын кæй нæ хъæуы, уымæн æмæ уыцы хъуыддаг æндавы адæмыл.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.