Президент кусæгон балцы уыд горæт Къуайсайы. Хайад ма дзы райста Дзауы районы сæргълæууæг Тыбылты Ванда. Бынаты сыл сæмбæлд горæты администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Алан. Йæ раныхасы рæстæджы президент Гаглойты Алан бафиппайдта, зæгъгæ, мачи хъуыды кæнæд къуыдаргомы цы проблемæтæ ис, уыдон рохгонд сты кæнæ сæ зонгæ нæ кæнæм. Алкæмæндæр фадат уыдзæн абон, ам бынаты æргом ныхас акæнынæн æмæ алкæцы фарстæн дæр иумæйагæй сдзуапп кæнынæн. Ацы фембæлд нын фыццаг æмæ фæстаг фембæлд нæу», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Нуазыны дон

Къуыдаргомы цæрджытимæ-иу уый размæйы фембæлдтыты рæстæджы  дзырд цыд нуазыны доны проблемæйыл. Æвзæр боныгъæд иу горæтмæ кæнæ змæстæй хæццæ кодта, кæнæ та-иу бынтон йæ цæуынæй æрлæууыд. Президент куыд банысан кодта, афтæмæй ныртæккæ арæзт цæуы донрауадзыныл ног проект. «Нуазыны доны ног проектыл куыст цæуы уæхскуæзæй, тынг серьезонæй йæм бацыдысты проект аразджытæ, цæмæй ацы аз августы мæйы кæронмæ проект   арæзт фæуа. Кæд сæ боныгъæд бауадза кусын, уæд æй ацы аз райдайдзысты аразын, æмæ ма куыстæй цы баззайа, уый иннæ азы кæронмæ бакæндзысты»-радзырдта Президент.

Мобилон бастдзинад æмæ интернет

Ацы фарстайы тыххæй паддзахады сæргълæууæг загъта: «Къуайса горæты статус хæссы  æмæ æппæт фæрæзтæ дæр хъуамæ ссарæм, цæмæй горæты статусы аккаг суа. Тынг вазыгджын хъуыддагыл нымайын, горæтмæ интернет æрбауадзыны хъуыддаг».

Транспорт

Къуайсайы цæрджытæ æхсæнадон транспорты къуыхцыдзинæдтæ кæй æвзарынц, уый президентæн æнæзындгонд нæ уыд. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ Къуайсайæ цы рейсон автобус цæуы Цхинвалмæ, уый зæронд машинæ у  æмæ арæх фехæлы. Цалынмæ цалцæг æрцæуы, уæдмæ цæрджытæ горæтмæ фæцæуынц УАЗ автомашинæйыл. Уым та цъус бынæттæ ис бæлццæттæн æмæ бирæты бынæттæ нæ фæвæййы. Президент Гаглойты Алан куыд банысан кодта, фарстайыл бакуыстой æмæ къуыдаргомы цæрджытæн заказ æрцыд 14-бынатон ног «ГАЗель». Кæй зæгъын æй хъæуы, уый стыр  ахъаз уыдзæн къуайсайæгтæн. Хабарыл цæрджытæ сæмбæлдысты къухæмдзæгъдимæ.

Газификацийы

Æнæхъусдардæй нæ баззад республикæйы газификацийы ног проект. Бынæттон цæрджыты тынг бацымыдис кодта ацы фарст, уымæн æмæ сæ фылдæр хай абоны онг дæр пайда кæнынц сугын пецтæй. Ацы фарсты фæдыл Президент загъта, зæгъгæ инвестицион программæйы иууыл зынаргъдæр æмæ серьезондæр объекттыл нымад цæуы республикæйы газификаци. «Газификацийы фæдыл уагъд æрцыд егъау куыст. Ацы аз кæд ног проект кæронмæ арæзт фæуа, уæд азы кæрон куыстмæ æрывнæлдæуыдзæн, уыимæ цæрджытæн фæзындзæн ног куысты бынæттæ. Æппæтдæр арæзт цæуы, цæмæй хъуыддаг йæ бынатæй феггуырст уа æмæ 2025 азмæ республикæ ифтонг æрцæуа газæй», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Кусæн бынæттæ

Президент æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздæхта æгуыстдзинады фарстамæ дæр. Уый баны-сан кодта, зæгъгæ, республикæйы Хицауад кусы, районты БТК-4 филиалтæ бакæныныл. Уыцы филиалтæй иу конд æрцæудзæн  Къуыдаргомы  дæр. Уый фæахъаз уыдзæн цæрджыты куысты бынæттæй сифтонг кæнынæн. Ацы ног хабарыл Къуайсайы цæрджытæ сæмбæлдысты æхсызгонæй æмæ арфæйы ныхæстæ загътой президентæн, уымæн æмæ сæ бирæтæ сты æгуыст.

Фарст æвæрццагæй скъуыддзаг æрцыд

Нæ республикæйы горæт Къуайсайы уæвæг Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы батальоны 2-æм разведсгарæн къорды командир, капитан Танделаты Емзар йæ службæгæнджытимæ президентæн фехъусын кодтой сæ куысты автомашинæйы хъуагдзинад кæй æййафынц. Уыцы фарст Гаглойты Алан аскъуыддзаг кодта бынаты. Рæхджы уыдонæн лæвæрд æрцæудзæн УАЗ автомашинæ.

Фембæлд уыд тынг хъарм æмæ фæстиуæгджын. Бæрæг уыд, цæрджытæ кæй райстой сæ фарстаты фæдыл æвæрццаг дзуаппытæ, скъуыддзаг кæнинагæг цы баззад, уыдон æнæхъусдардæй нæ баззайдзысты.

Ног интерактивон кабинет

Æргом ныхас Къуыдаргомы цæрджытимæ

Президент Гаглойты Алан горæт Къуайсамæ йæ кусæгон балцы рæстæджы фæуазæг Хаджеты Таймуразы номыл Къуайсайы астæуккаг скъоламæ. Уыцы бон Президент Гаглойты Аланы æххуысæй уым бакодтой ног интерактивон физикæйы кабинет. Бæстæйы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы иунæг ахуыргæнæндоны дæр нæй ахæм нырыккон ифтонггæрзтæй ифтонг кабинет. Скъолайы директор Хуыгаты Никъала æмæ физикæйы ахуыргæнæг Татьяна Новак зæрдиаг арфæтæ ракодтой республикæйы сæргълæууæгæн. Скъолайы физикæйы ахуыргæнæджы ныхæстæм гæсгæ ахæм кабинеты æрбакондмæ æнхъæлмæ каст 30 азы бæрц.

Рынчындоны

Æргом ныхас Къуыдаргомы цæрджытимæ

Рынчындоны сæйраг дохтыр Цхуырбаты Ульянæ Президенты бынаты базонгæ кодта рынчындоны проблемæтимæ. Куыд рабæ-рæг, афтæмæй ацы рынчындон эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2015 азы æмæ æввахс рæстæджы райдыдтой зындзинæдтæ. Цхуыр-баты Ульянæ куыд загъта, афтæмæй бæстыхайы иуæй-иу хатæнты къултæ æмæ æддаг фарс дæр кæлынц. Кусджытæ сæ сæхи тыхтæй бацалцæг кодтой. Æппæт уыдæттæ фенгæйæ Президент Гаглойты Алан равдыста тынг æнæразыдзинад æмæ банысан кодта, зæгъгæ рынчындон ахæм уавæры ма хъуамæ уа.  Афтæ ма бабæрæг кодта палатæтæ æмæ процедурон кабинеттæ. Цымыдис кодта рынчынты нымæцмæ  æмæ сын цы медицинон лæггæдтæ кæнынц,  рынчынты цы уавæрты аласынц республикæйы сæрмагонд рынчындонмæ, æппæт уыдæттæм. Æнæхъусдард нæ баззадис рынчындоны персонал дæр. Гаглойты Алан бацымыдис кодта цал медицинон кусæг сæм ис æмæ кадрон цухдзинад æййафы рынчындон æви нæ, уымæ.  Алы фарстæй дæр Президент райста æмбæлон дзуаппытæ.

Спортивон зал цалцæг æрцæудзæн

Президент ма бабæрæг кодта Къуайсайы иунæг спортивон зал дæр. Уый ныфс бавæрдтта, кæй уыдзæн сцалцæггонд æмæ ма спортивон инвентарæй цæмæй цух кæны, уымæй та ифтонггонд.

Гаглойты Алан ма бацыд сабидонмæ. Йæ директор Болататы Лолитæ президентæн фехъусын кодта, зæгъгæ, сабидоны ис бассейн, фæлæ сын, хъыгагæн, нæй ленк кæныны амоныны инструктор. Афтæ ма директор загъта, зæгъгæ, кæрты хъазæн хай, кæцы баконд æрцыд 2020 азы хъæуы ногæй раивын.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.