Фембæлд Къуайсайы

Президент Бибылты Анатоли амалиуæггæнæг æмæ æхсæнадон архайæг Хуыгаты Ростикимæ фембæлд горæт Къуайсайы цæрджытимæ. Фембæлды ма хайад райстой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, горæт Къуайсайы сæргълæууæг Бæззаты Геннади.

Бибылты Анатоли зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, ивгъуыд азы декабры мæйы цæрджытимæ фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой цардархайды алыгъуызон фадгуыты бирæ фарстытыл. Æвæрд æрцыд ног нысæнттæ, сæйраджыдæр æмбæстæгты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады модернизаци.

«Æппæт сæвзæргæ проблемæтæ хъуамæ скъуыддзаг цæуой сфидаргонд æмгъуыдты. Алы къухдариуæггæнæг дæр хъуамæ тырна, цæмæй фæбæрзонддæр кæна адæмы царды æмвæзад, æмæ араза æппæт дæр, цæмæй паддзахад рæза алы здæхтыты», – загъта уый.

Президент ма æрдзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты кусджыты куыстмыздыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, 2022 азы январæй план цæуы сæ куыстмызд фæбæрзонддæр кæнын. Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, хъæугæ сразыдзинадыл нырма хъæуы къухтæ æрфыссын, фæлæ фæфылдæргонд куыстмызд райсдзысты 1-æм январæй.

Æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фарстытыл.

Бибылты Анатоли Къуайсайы цæрджытæн радзырдта 2022-2025 азты ног социалон-экономикон программæйы тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы программæйы уагæвæрдтæй спайдагæнæн сæ бон уыдзæн чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады минæвæрттæн æмæ, иумæйагæй республикæйæн ацы программæ цы пайда æрхæсдзæн, уый.

Æрæмбырдуæвджыты фарстытыл дзуапп кæнгæйæ, Президент радзырдта, Къуайсамæ цы дон цæуы, уый чъизи кæныны проблемæимæ зонгæ кæй у .

«Иу азы размæ мах среконструкци кодтам Везур-Къуайсайы доны хахх. Фæлæ ныр хъæуы донæмбырдгæнæн бæстыхæйтты донсыгъдæггæнæн системæ сæвæрын. Уый тыххæй хицæн æрцыд æхцайы фæрæзтæ 20 милуан сомæй фылдæр. Ацы аз, куыддæр нын æрдзон уавæртæ фадат радтой, афтæ йæ сараздзыстæм æмæ сыгъдæг дон æдзухæй цæудзæн хæдзæрттæм», –  загъта Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, 2023 азы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты Къуай-сайы арæзт æрцæудзæн 18-фатерон хæдзар. Уый ма фæндон бахаста, цæмæй донбылгæрон зонæйы 250 метры дæрддзæгæн фидаргæнæн куыстытæ адарддæр æрцæуой.

«Æнæмæнгхъæуæг у ацы куыст адарддæр кæнын, махæн нæ бон у донбылгæроны 50-100 метры фидар кæнын алы аз дæр. Уый ратдзæн, тротуартæ, паркон зонæ саразынæн, Къуайса хъуамæ уа рæсугъд хæххон горæт», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый ма æрдзырдта мидæггагон политикæйы фарстытыл æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æрблæугæ æвзæрстытыл.

«Фыццаджы уал, мах бæрнджын стæм республикæйы æнцойдзинады тыххæй. Мах хъуамæ знæгтæ ма суæм, иу кандидат дæр, мæнæй райдайгæйæ, уый аргъ нæу, цæмæй адæмы ‘хсæн фæзына змæстытæ. Кандидаттæ та, сæ фарсæрдыгæй, хъуамæ алцы дæр аразой, цæмæй адæм уой сабыр. Хъæлæс кæмæн дæттут, уый у уæ бар, фæлæ æз курæг дæн алы æмбæстагæй, цæмæй æнцойад хъахъхъæной æмæ ма провокаци кæной», – загъта уый.

Къуайсайы цæрджытимæ æрныхас кодта Хуыгаты Ростик дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ  йын тынг æхсызгон у йæ чысыл Райгуырæн зæхмæ æрцæуын.

Хуыгаты Ростик æрæмбырдуæвджытæн зæрдыл æрлæууын кодта 2021 азы Бибылты Анатолийы визиты тыххæй Самарæмæ.

«Президент баныхас кодта губернатор Дмитрий Азаровимæ Самарæйы областмæ продукци ласыны тыххæй. Æмæ мæ фæнды зæгъын, область цæттæ кæй у завод «Иронсæн»-ы продукцийы егъау парти райсынмæ, уый та æфтиаг у куыстуатæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, паддзахадæн дæр», – загъта уый.

Хуыгаты Ростик радзырдта Къуайсайы хосгæнæндоны куыст æрбæстон кæныны плæнтты тыххæй. Уый ныфс бавæрдта, хатæнты  кæй сифтонг кæндзæн æнæмæнг-хъæуæг дзаумæттæй бирæ рæстæджы дзы уæвыны тыххæй, афтæ ма Къобеты хъæуы турбазæ саразыны плæнтты тыххæй дæр.

Къуайсайы цæрджытимæ фембæлды фæстæ Президент бабæрæг кодта горæты рынчындон. Бибылты Анатоли бацымыдис кодта сæйраг коронавирусы фæдыл ситуацимæ æмæ медикаментты ифтонгадмæ.

Сæйраг дохтыр Цхуырбаты Ульяна банысан кодта, зæгъгæ  æрæджы рынчынтæ кæй фæфылдæр сты уымæ нæ кæсгæйæ  сæм уæззау рынчынтæ нæй. Уый ма радзырдта, туаггуыр æмæ медикаментты ифтонгадимæ проблемæтæ кæй нæй, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты  æмæ Республикон бирæпрофилон меди-цинон центримæ æмархайды æмвæзад кæй у бæрзонд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.