Президент Гаглойты Алан хайад райста Хъæрæсе-Черкесы сырæзтыл 100 азы цытæн бæрæгбонон мадзæлтты.

Гаглойты Алан раарфæ кодта республикæйы цæрджытæн бæрæгбоны цытæн æмæ сын йæ цæст  бауарзта сабырад, хорздзинад, фæрныгад æмæ ног æнтыстытæ.

«Арфæ кæнын Хъæрæсе-Черкесы бирæнацион адæмæн Уæрæсейы Федерацийы сконды республикæйы сырæзтыл 100 азы цытæн. Республикæйы æндидзынад у зын фæндаг, кæцы сæмбæлд æрмæст уæлахизтыл нæ, фæлæ зындзинæдтыл дæр, кæцытыл фæтых стут куыстуарзондзинад, удуæлдайдзинад æмæ кæрæдзиæмбарынады фæрцы», – загъта уый.

Хуссар Ирыстоны президент банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ Хъæрæсе-Черкес у хорз климатимæ фæд-фæдылонæй рæзгæ регион, хъæздыг æрдзон ресурстæ, уникалон этнокультурон хуызимæ.

«Хъæрæсе-Черкесы курорттæ зындгонд сты республикæйы арæнæй æддейæ. Мæ зæрдæ зæгъы уæ адæмæн ног æнтыстытæ æмæ дарддæры дидинæфтыд. Ныфс мæ ис, Хъæрæсе-Черкесы адæм бирæ фæстиуджытæ кæй райсдзæн республикæйы, нæ иумæйаг хæдзар – Уæрæсейы Федераци сфидар кæныны хæрзиуæгæн», – загъта уый.

Гаглойты Алан ма банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстон æмæ Хъæрæсе-Черкесы адæмы ‘хсæн æнусты дæргъы фидар цыд кæрæдзимæ æууæнкдзинад æмæ кады атмосферæ.

«Ирыстон æмæ Хъæрæсе-Черкесы адæмы ‘хсæн хæларадон ахастытæн ис бирæ æнусон уидæгтæ. Хуссар Ирыстоны алыхатт сæ зæрдыл дардзысты, Хъæрæсе-Черкесы бирæ азты дæргъы кæй цард æмæ куыста нæ зынгæ æмзæххон-ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста Леуаны фырт», – загъта уый.

                                                                                                 

Президент Гаглойты Алан Хъæрæсе-Черкесы сæргълæууæг Рашид Темрезовимæ æмæ иннæ æрцæуæг уазджытимæ, хайад райстой Черкесы Кады Аллеяйы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг фронтонты мемориалыл дидинджытæ сæвæрыны церемонийы.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн æмæ æндæр уазджытæн равдыстой арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Квест-А»-йы  куыст, кæцы аразы бийгæ дзаумæтты таг. Уазджытæн ма арæзт æрцыд культурон программæ Бæстæзонæн музейы бабæрæг кæнынимæ.

Мадзæлтты ма хайад райстой Цæгат-Кавказаг федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка, УФ-йы хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новак, РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло, Абхазы президент Аслан Бжания.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.