Дзауы поселок ӕмӕ хъӕуты цӕрджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы Президент Гаглойты Алан кодта ӕргом ӕмӕ ӕмбаргӕ ныхас. Дзырд, сӕйраджыдӕр, цыд районы цӕрджыты царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын, ног куысты бынӕттӕй ифтонг кӕнын, экономикон фадыджы рӕзт, районты газификаци ӕмӕ фидӕны ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ ӕрбӕстон кӕныныл. Фембӕлды ма хайад райста районы сӕргълӕууӕг Тыбылты Вандӕ.

Гаглойты Алан арфӕ ракодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн Хетӕджы боны цытӕн. Банысан кодта, цӕттӕ кӕй у районы цӕрджыты проблемӕтӕм байхъусынмæ, ӕмӕ цы гӕнӕн ис, уымæй сӕ куыд бӕстон кӕной иумӕ. Нӕ буц фыдӕлтӕ дӕр, зӕгъгӕ, афтӕ дзырдтой – бон цӕуы ӕмӕ фарн йемӕ хӕссы – уыцы фарнӕй хайджын хъуамӕ уа нӕ чысыл Ирыстон дӕр.

Цыбыр рæстæгмæ нæ хъуыддæгтæ хуыздæрæрдæм хъуамæ аздæхой

Гаглойты Аланмӕ бирӕ уӕз ӕрхаудта раздӕры къухдариуӕгадӕй, бахъуыд рӕстӕг дӕр, цӕмӕй уыцы згъуыдтӕ ӕмӕ уӕззау уæргътæ иуварс ӕрцӕуой, ӕмӕ дарддӕр, нӕ райгуырӕн бӕстӕйы хӕрзӕбонӕн рӕзты ӕмӕ ӕндидзынады хъуыддӕгтыл ныллӕууӕм. Ӕз дӕр, зӕгъгӕ, сымахӕй иу дӕн, ӕмӕ нӕ разы цы бӕстонкӕни-наг ӕмӕ ӕнӕаргъӕвгӕ фарстытӕ ис, уыдон цадӕггай, кӕм – къахдзӕфтӕй, кӕм хъуыддагӕй, æрбӕстон кӕнӕм.

Цалдӕргай бынӕтты чи кусы

Дыууӕ ӕмӕ цалдӕр бынаты чи кусы, уыдон нымӕц бӕрӕг фӕкъаддӕр. Уымӕн ӕмӕ, Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ хъуыды кӕнӕм ӕгуыст ӕмӕ куыстхъом фӕсивӕды уавӕрыл дӕр.

«Бирӕ ӕвзонг ӕмбӕстӕгтӕ нырма сты ӕгуыст, уыдонӕн хъӕуы фадӕттӕ аразын, размӕ сӕ ракӕнын, фӕндаг сын радтын. Ацы ахсджиаг фарст мах абон иумӕ куынӕ ӕрбӕстон кӕнӕм, уӕд дарддӕр зындӕр уыдзӕн йӕ рараст кӕнын. Уымӕн ӕмӕ сӕ хъус адарынц ӕндӕр фӕндагыл слӕууынмӕ ӕмӕ афтӕмӕй нӕй ӕнӕниз ӕхсӕнад, размӕ нӕ рацӕудзыстӕм», – банысан кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Районты газификаци у ахсджиаг

Гаглойты Алан куыр радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны районтӕ ӕмӕ хъӕуты газификацийы фарсты фӕдыл ныртӕккӕ цӕттӕ цӕуы ног ӕхсӕнхицауадон сразыдзинад. Республикӕйы газификацийы фӕдыл Уӕрӕсейы Федераци ахӕм егъау фӕрӕзтӕ фыццаг хатт хицӕн кӕны. Республикӕйы районты центртӕ газификаци цӕудзысты Газпромы тыхтӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕй. Дарддӕр куыстытӕ та конд цӕудзысты Уӕрӕсейы хицауады рахицӕнгонд фӕрӕзты руаджы. Президент ныфс бавӕрдта, ацы проект реализаци кӕнынмӕ бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй нал бахъӕудзӕн ӕмӕ районтӕ ӕмӕ хъӕутӕ дӕр ифтонг кӕй ӕрцӕудзысты ӕрвгъуыз ӕртагӕй.

Хуыйӕн фабрикӕйы байгомӕй фӕзындзӕн ног куысты бынӕттӕ

Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад архайынц Дзауы ӕмӕ республикӕйы иннӕ районты хуыйӕн фабрикӕ БТК-4 филиалтӕ бакӕныныл. Уый бирӕбӕрцӕй фӕрог кӕндзӕн цӕрджыты куысты бынӕттӕй ифтонг кӕныны проблемӕ ӕрбӕстон кӕнынӕн.

Гаглойты Алан куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ ацы фарст ӕрбӕстон кӕныны тыххӕй ӕрӕджы фембӕлд не ‘мбӕстаг Боллоты Таймуразимӕ. Ныртӕккӕ нӕ республикӕйы ис йӕ минӕвар, бӕрӕг цӕуы, республикӕйы районты цы бынӕтты конд ӕрцӕуой хуыйӕн фабрикӕйы филиалтӕ. Уыдон куы скусой, уӕд алы районы дӕр куысты бынӕттӕй ифтонг ӕрцӕудзысты сӕдӕйы бӕрц адӕймаджы. Уымӕй, бирӕбӕрцӕй фӕрог уыдзысты районты ӕмӕ хъӕуты цӕрджыты царды уавӕртӕ.

Актуалон у цӕрӕн хӕдзӕрттӕй

ифтонг кӕныны фарст

Дзауы районы цӕрджытӕй бирӕтӕ равдыстой се ‘нӕразыдзинад, цы ног фатертӕ дзы арӕзт ӕрцыд, уыдон сӕрмагонд къамис нысанмӕздӕхтӕй кӕй нӕ адих кодта, сӕ цӕрӕн уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны нысанӕн рады чи лӕууыд, уыдоны ӕхсӕн. Цӕрӕнуатон фарст ацы районы уӕззау у, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы, зӕххӕнкъуысты фӕстиуӕгӕн кӕй хӕдзӕрттӕ ныппырх сты, уыцы бирӕ бинонтӕ абоны онг дӕр сӕ царды бонтӕ ӕрвитынц цӕрӕн вагӕтты.

Президент фӕндон бахаста, цӕмӕй ацы проблемӕ бӕстон кӕныны тыххӕй арӕзт ӕрцӕуа сӕрмагонд къамис ӕмӕ фадӕттӕм гӕсгӕ тыхст бинонты риссаг фарстытæ цадӕггай бӕстон цӕуой. Республикӕйы хъӕздыгад йӕ районтӕ сты, ӕмӕ иумӕ хъуамӕ бӕстон кӕнӕм ӕмӕ фӕтых уӕм алы цӕлхдуртыл дӕр.

Нӕ экономикӕ хъуамӕ рӕзын

кӕнӕм фадӕттӕм гӕсгӕ

Фембӕлды рӕстӕджы ма бӕстӕйы сӕргълӕууӕг районы цӕрджытӕн радзырдта Хуссар Ирыстоны экономикӕ райрӕзын кӕныны дарддӕры пълӕнттыл. Бирӕ бӕстӕтӕн сӕ бюджет фылдӕр кӕныны ратӕдзӕн у ӕрдзон пайдайы къахӕггӕгтӕй.

«Ацы фарст ӕнӕмӕнг хъуамӕ бӕстон ӕрцӕуа, ныридӕгӕн амал цӕуы сӕрмагонд ифтонггӕрзтӕ, цӕмӕй уыцы продукци амал цӕуа. Хуссар Ирыстон дӕр хъӕздыг у алыгъуызон къахӕггӕгтӕй ӕмӕ цӕмӕннӕ хъуамӕ спайда кӕнӕм уыцы фӕрӕзтӕй, уымӕй куысты бынӕттӕ дӕр фӕзындзӕн ӕмӕ нӕ бюджет дӕр фӕхъӕздыгдӕр уыдзӕн фӕрӕзтӕй», – банысан кодта Президент.

Ныридӕгӕн ис, хуссарирыстойнаг пайдайы къахӕггӕгтӕм Уӕрӕсейы Федерацийы чи цымыдис кӕны ӕмӕ реализаци кӕм цӕуой, ахӕм куыстуӕттӕ.

Уымӕй дарддӕр ма социалон-экономикон рӕзты фӕлгӕтты нӕ республикӕйы хъуамӕ скуса ӕхсыр ӕмӕ дыргъы продуктты кондад. Уый бирӕбӕрцӕй ахъаз уыдзӕн хъӕууон фӕллойгӕнӕгӕн. Уымӕн ӕмӕ сӕ ӕркӕнгӕ продукци кӕм реализаци кӕной, уый сын уыдзӕн.

Экономикон рӕзты министрад цы бизнес-пълантӕ банымадта хорз ӕмӕ ӕнтыстджыныл, уыдон фӕдыл хицӕн ӕрцӕудзӕн фӕрӕзтӕ. Уыдоны руаджы скусдзӕн Аунеуы хъӕуы сӕрмӕ цы капиталон фермӕ арӕзт ӕр-цыд, уый дӕр. Ам куыст цӕудзӕн дзидзаурсаджы продукттыл. Сӕрмагонд проектмӕ гӕсгӕ быдыргуыстгӕнджытӕн дӕр фадат уыдзӕн, сӕ ӕркӕнгӕ продукци кӕм реализаци кӕной, ахӕм бынат, цӕмӕй мауал сӕфа сӕ тыллӕг, цæмæй сын хæсса пайда.

Астӕуккаг скъола хъуамӕ фӕуӕрӕхдӕр  уа

Районы астӕуккаг скъола йӕ сырӕзтӕй фӕстӕмӕ тыхсы, ацы бӕстыхай кӕй нӕ фаг кӕны ӕмӕ уымӕй ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ дӕр кӕй тыхсынц. Паддзахады сӕргълӕууӕг ныфс бавӕрдта, ацы азы кӕронмӕ йӕм кӕй бафтаудзысты уӕлӕмхасӕн бӕстыхай. Уымӕй дарддӕр ма ӕввахс рӕстӕджы районӕн амал ӕрцӕудзӕн, сывӕллӕттӕ кӕм хъазой, ахӕм фӕзуаттӕ ӕмӕ тренажертӕ.

Алыгъуызон фарстатӕ

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, къухдариуӕгад аразы ӕппӕтдӕр, республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн цӕрыны уавӕртӕ, фæхуыздæр кæныныл, цæмæй ма ихсиой районты хъӕутӕ.

Дзауы районы цӕрджытӕн фадат уыд Президентмӕ фарстатӕ дӕттынӕн. Лӕмбынӕг дзуаппытӕ райстой бӕстӕйы сӕргълӕууӕгӕй.

Ныфс сын бавӕрдта, поселочы зӕронд хид реконструкци кӕй ӕрцӕудзӕн ӕввахс рӕстӕджы. Афтӕ ма поселочы байгом уыдзӕн банчы филиал. Куыст ма цӕуы ууыл дӕр, цӕмӕй фадат уа рухс ӕмӕ ӕрдзон газы фиддонтӕ фидыны хъуыддаг цӕрджытӕн фӕрогдӕр уа.

Президент фембӕлды рӕстӕджы лӕмбынӕг ӕрдзырдта алы фадыджы рӕзт ӕмӕ фидӕны плӕнттыл ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, цыбыр рӕстӕгмӕ нӕ къахдзӕфтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ хуыздӕрӕрдӕм хъуамӕ аздӕхой. Рӕгъмӕ цы проблемӕтӕ хаст ӕрцыдысты, уыдоныл куыст цӕудзӕн ӕмӕ куыд бӕстон цӕудзысты, уый фӕдыл лӕмбынӕг дзуаппытӕ цӕрджытӕ райсдзысты районы администрацийы уылты.

Фембӕлды кӕрон Гаглойты Алан бузныг загъта бынӕттон цӕрджытӕн активон хайад кӕй райстой, ӕргом ӕмӕ раст ныхас кӕй кодтой, уый тыххӕй.

КЪӔБУЛТЫ Маринӕ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.