26-æм декабры РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли кусæгон балцы уыд Ленингоры районы. Ууыл цытджын æгъдауæй фембæлд ацы районы къухдариуæгад.

Райдианы Президент бацыд, Æнæнхъæлæджы цауты министрадæн  Ленингоры районы цы зынгхуыссынгæнæн хайад ис, уырдæм. Ам уый базонгæ куысты уавæртимæ, куыд ифтонг сты техникæйæ, уыдæттимæ.

Уырдыгæй Бибылты Анатоли æмæ районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Витали се ‘мбæлццæттимæ бацыдысты поселочы интернатмæ. Ам цæрынц æмæ ахуыр кæнынц ныртæккæ 24 сидзæр сывæллоны. Уыдоны ‘хсæн æрмæст Ленингоры районы сидзæр сывæллæттæ нæй, фæлæ ма республикæйы æндæр рæттæй дæр.

Цалдæр азы размæ бæстыхай æрцыд капиталон цалцæг, зынгæ фæхуыздæр ахуыр-хъомыладон куыст дæр. Ивгъуыд аз ын нысан æрцыд ног директор Гæбæраты Дзерассæ. Уый тырны, цæмæй сывæллæттæ рæвдыдцух ма æййафой.

Бибылты Анатоли азылдис сывæллæтты хæдзары хатæнты. Уый цымыдис кодта сывæллæтты цардмæ, хъомылгæнджыты куыст-мæ, афтæ ма дзы цы цухдзинæдтæ  ис æмæ уыдон куыд иуварс цæ-уынц, уыцы фарстатæм. Ныртæккæ дæр бæстыхайы цæуы цалцæггæнæн куыстытæ, спортивон залæн ивд цæуы йæ астæрд. Ам раздæр цы астæрд арæзт æр-цыд, уымæн йæ гъæд уыд мæгуырау æмæ йæ ивынц фæйнæгæй. Хæрæндонмæ бацæугæйæ, Президент ныфс бавæрдта, ног азы ам дæр цалцæггæнæн куыстытæ кæй бакæндзысты.

Бибылты Анатоли сидзæр сывæллæттæн бакодта ногазон лæвæрттæ дæр. Раарфæ сын кодта Ног азмæ, фæдзæхста сæ, цæмæй хорз ахуыр кæной æмæ аккаг хъæбултæй бахъомыл уой Райгуырæн бæстæйæн.

Ардыгæй Президент æмæ йе ‘мбæлццæттæ ацыдысты сывæл-лæтты рæвдауæндонмæ. Уым уагъд цыд бæрæгбонон мадзал. Сывæллæттæ райгондæй сæм-бæлдысты Президентыл, уыдон æхсызгонæй дзырдтой æмдзæв-гæтæ.

Культурæйы хæдзары кæрты æвæрд æрцыд ногазон бæлас, цыран æрæмбырд бирæ сабитæ сæ ныййарджытимæ. Уыдон æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты Митын дада æмæ Митын чызгмæ. Бæрæгбонон мадзал уагъта Ленингоры районы культурæйы хайады сæргълæууæг Битарты Висарион.

Культурæйы хæдзары Президентимæ аныхас кæныны нысанæн æрбацыд дзæвгар адæм. Уыдон цымыдис кодта, Ленингоры районы Раздæхæны хъæуыл арæн кæд байгом уыдзæн, уымæ.

Президент уыцы фарсты фæ-дыл загъта, зæгъгæ, Раздæхæны арæн æхгæд кæй æрцыд, уый у политикон фарст. Ирыстоны цы адæм цæры, уыдон се ‘ппæт дæр хъуамæ æмбарой, Гуырдзыстон кæй халы арæны режим æмæ уымæй уавæр кæй эскалаци кæны.

Гуырдзыстоны тыхон структурæтæ Уисты (Цънелисы) хъæуы блок-пост сисыныл нæ разы кæнынц, уый хыгъд Паддзахадон æдасдзинады комитеты информацимæ гæсгæ декабры мæйы райдианæй фæстæмæ кризисон рай-онмæ ноджы æрбакодтой уæлæ-мхас тыхтæ æмæ æвæрынц снайперты æмæ цæстдарды посттæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ уым, арæнгæрон службæтæ куыд зæгъынц, афтæмæй вæййы хæцæнгарзæй æхстытæ. Нæ развæдсгарджытæ арæх фенынц æнæпилотон тæхæг аппараттæ.

Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты форматы фембæлдтыты рæстæджы хуссарирыстойнаг фарс Гуырдзыстоны минæ-вæрттæй домдта, цæмæй сисой сæ блок-пост. Уыдон не сразы сты, ацыдысты фембæлдæй. Ирыстоны фарс Уистæйы цы пост сæ-вæрдта, уый æрмæстдæр архайы, цæмæй æххæст кæна æдасдзинады нормæтæ арæны ацы хайы.

Президент ма загъта: «Сымахæй алчи дæр хæсджын у зона, ныртæккæ кæм цæры, уыцы зæххытæ кæй сты Республикæ Хуссар Ирыстоны. Уымæ гæсгæ уый у районы проблемæ дæр. Æз, куыд ацы бæстæйы Президент, афтæ мæ бон нæу, цæмæй дихтæ кæнон мæ адæмы. Кæд æмæ иу районы адæмы ныхмæ цæуа тыхон-хæстон процесстæ, уæд иннæ район дæр хæсджын у, иу республикæйы цы адæмимæ цæры, уыдон интерестæ хъахъхъæнын. Ленингоры цæрæг адæм æрмæст сæ сæрмагонд интерестæ куы хъахъхъæной æмæ уыцыиу рæстæджы та Цънелисы цæрæг адæмы æхсæнгарзы милмæ куы исой знæгтæ, уæд куыд гæнæн ис æмæ мах дзурæм арæн бакæныны фарстатыл. Мах стæм иу бæстæйы цæрджытæ æмæ не знаг дæр хъуамæ уа иу».

Æрæмбырдуæвджытæн дзырд-та, зæгъгæ, сымах мæнмæ хатут, куыд РХИ-йы Президент, афтæ, фæлæ уæ фарст та баст у Гуырдзыстоны къухдариуæгады архайдимæ. Уыцы фарст радтут Гуырдзыстоны фарсмæ дæр, зæгъут сын мах хъуыды, арæн æхгæд цæй тыххæй æрцыд, йæ аххосаг цы у. Бахатут сæм, цæмæй фæивой сæ политикæ, Хуссар Ирыстоны ныхмæ ма аразой провокацион архайдтытæ.

Фембæлды рæстæджы Бибылты Анатолимæ бахатыд иу сылгоймаг, кæцы йæхицæн æдзухон цæрæн бынат равзæрста Гуырдзыстоны. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, хуыздæрыл нымайы уым цæрын, йæ бинонты уавæрмæ гæсгæ. Æндæр сылгоймаг та загъта, зæгъгæ, йæ цардæмбал, кæцы у Хуссар Ирыстоны æмбæстаг æмæ баззад Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй, архайы, цæмæй рахиза Ленингормæ, фæлæ йын уыцы фадат нæй.

Ацы цау Президент банымадта Ленингоры районы къухдариуæг-гæнджытæ æмæ барадхъахъхъæнæг органты мæгуырау куыстыл.

Уымæн æмæ, зæгъгæ, алы адæймагæн дæр бар ис йæхицæн цæрынæн равзара, кæцы бæстæ йæ зæрдæмæ фылдæр цæуы, уый. Уыцы фарс цы æмбæстæгтæ баззад, фæлæ цæрынæн та хуыз-дæрæн сæхицæн мах фарс чи равзæрста, уыдон дæр сæрибарæй хъуамæ æрбаздæхой фæстæмæ сæ хæдзæрттæм.

Ленингоры цæрджытæй сæ иу та ахæм хъуыды загъта, зæгъгæ, ацы уавæрæн аскъуыддзаггæнæн нæй, цалынмæ Ленингоры цæр-джытæ Гуырдзыстоны пенси исой, æмæ фактон æгъдауæй та Ирыстоны цæрой, уæдмæ. Ирыстонимæ йæ хъысмæт чи бæтты, уый хъуа-мæ уа Ирыстоны æмбæстаг æмæ пенси дæр иса бынаты.

Бибылты Анатоли сразы уыцы нæлгоймаджы хъуыдыимæ æмæ загъта, зæгъгæ, фаронимæ абаргæйæ, ацы аз Ленингоры районæй Ирыстоны æмбæстаджы бæлвырдгæнæнтæ райстой 200 адæй-магæй фылдæр. Уый та, дам, нысан кæны, цадæггай ситуаци кæй æрнывыл уыдзæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.