Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб кусæгон балцы ацыд Ленингоры районмæ æмæ фембæлд бынæттон цæрджытимæ. Йемæ уыдысты министры хæдивджытæ Тадтаты Петр æмæ Марданты Спартак, æмæ ма æндæр службæты хистæртæ. Бынаты ма семæ бамбал сты Ленингоры районы прокуратурæйы къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Алан æмæ бынæттон администрацийы минæвæрттæ.

Бынæттон цæрджытимæ ныхас кæнгæйæ Пухаты Мераб банысан кодта, зæгъгæ милици кæддæриддæр æргом здæхт у адæммæ æмæ æппынæдзух та йæ куыст æнгом у æхсæнадимæ.

«Йæ комкоммæ хæстæ æххæст кæныны æддейæ ма милици кæны алыгъуызон паддзахадон лæггæдтæ. Зæгъæм, æхсæнгæрзтæ регистраци кæнын, паспортæ аразын, адресон справкæттæ дæттын æмæ ма бирæ æндæртæ. Фæлæ милицийы куысты иууыл сæйраг-дæр у  фæткхалæн цауты профилактикæ æмæ æхсæнады тæссаг социалон фæзындтæй бахизын. Нæ республикæйы алы æмбæстаг дæр милицийы кусæгæй хъуамæ æвæра ныфс æмæ хъахъхъæна фæтк», – загъта Пухаты Мераб.

Адæмы æууæнк ссарынæн хъæуы зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас

Ӕрæмбырдуæвджытæн фадат фæцис комкоммæ сæ фарстатæ раттынæн, кæд æмæ дзы бирæтæ милицийы куыстмæ ницы бар дардтой, уæддæр. Чи дзы курдиаты, чи та хъасты хуызы дзырдтой сæ проблемон фарстатыл, сæ царды уавæртыл. Пухаты Мераб æмæ Хъуылымбегты Алан алкæцы фарстайæн дæр сдзуапп кодтой, бынаты дзы аскъуыддзаггæнæн кæмæн уыдис, уыдон æвæстиатæй аиуварс кодтой, æмæ ма сын баныфс æвæрдтой, сæ иннæ фарстатæ та сын кæй фæхæццæ кæндзысты республикæйы къухдариуæгадмæ.

 Ленингоры район бирæ рæстæг Гуырдзыстоны къухдариуæгады бын кæй уыд, уымæ гæсгæ бынæттон цæрджытæн сæ автотранспорты фылдæр хайыл лæууы гуырдзиаг регистрацион номыртæ. Ныридæгæн сын ацы хъуыддаг æвзарын кæны зындзинæдтæ, уымæн æмæ ахæм автомашинæйыл районæй æддæмæ фæзын вæййы ацæуын. Ведомствойы сæргълæууæг сын бамбарын кодта, зæгъгæ, мидхъуыддæгты органты æрдыгæй цы къахдзæфтæ хъуыдис саразын, уыдон арæзт сты æмæ ныридæгæн ацы фарст ис нæ республикæйы Хицауады раз æмæ, æвæццæгæн, æввахс рæстæджы исты фæндон хъуамæ хаст æрцæуа.

Уымæй уæлдай ма бынæттон цæрджытæ зындзинæдтæ æвзарынц паспорттæ райсыны хъуыддаджы, чи йæ райсы, уый та бахъæуы бирæ рæстæг æнхъæлмæ кæсын. Пухаты Мераб сын загъта, зæгъгæ, милицийы æрдыгæй иу бон дæр никуы ныкъуылымпы паспорт радтыны хъуыддаг, фæлæ ма Мидхъуыддæгты министрады æдде ис æндæр службæтæ дæр, кæцыты хъæуы фылдæр рæстæг ацы процедурæ саразынæн.

Цæрджыты ма тынг тыхсын кæны паддзахадон арæн сæхгæныны хъуыддаг, уымæн æмæ сæ фылдæрæн сæ хиуæттæ Гуырдзыстоны цæрынц æмæ сын фадат нал ис семæ фембæлынæн. Ис ма дзы ахæмтæ дæр, кæцытæ ныры онг цардысты Гуырдзыстоны æмæ кусгæ та кодтой Ленингоры районы æмæ сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæнды раздахын сæ раздæры цард. Фæлæ уымæн та гæнæн нал ис æмæ ныры дуджы та цæрын хъæуы сæвзæргæ уавæрмæ гæсгæ. Ӕрæмбырдуæвджытæн бамбарын кодтой, ацы фарст кæй у политикон æмæ йын аскъуыддзаг гæнæн нæй, уæлдайдæр та нырма коронавирусы эпидеми йæ тæмæны ис.

Ленингоры район кæд стыр у, уæддæр дзы, раздæрмæ абаргæйæ, цæрджытæ бирæ нал ис. Уымæ гæсгæ дзы тынг бирæ хæдзæрттæ сты афтид æмæ Пухаты Мераб бахæс кодта фадыгон инспектортæн, цæмæй уæлдай хъусдард здахой ахæм цæрæнуæттæм æмæ дзы ма æруадзой къæрных кæныны цаутæ.

Бынæттон цæрджытæ ма арæх кæй фехалынц паддзахадон арæн, уый фæдыл сæ Пухаты Мераб бафæдзæхста, цæмæй сæхи бахизой фæткхалæн цаутæй.

«Нæ хъæуы мæсты кæнын арæнхъахъхъæнджытæм, уымæн æмæ мах æдас стæм уыдоны фæрцы, хъахъхъæнынц нæ æддагон знæгтæй æмæ, фыццаджыдæр та, æххæст кæнынц сæ комкоммæ службæйон хæстæ. Кæд æмæ уæ фос ахизынц арæнæй, уæд уый дæр уæхи аххос у, уымæн æмæ сахуыр стут фос дзæгъæлæй  дарын æмæ сын нæ аразут рад. Ацы проблемæ æрмæст ацы районы нæй, фæлæ æгас республикæйы», – банысан кодта ведомствойы сæргълæууæг.

Ацы хъæуты ма ис бирæ æвæгæсæг, æвæрæз, кардзыд адæм. Уыдонæн та æрвылаз дæр хицауады æрдыгæй вæййы алыварсон æххуыс, фæлæ ма дзы уæддæр чидæртæ рохуаты аззайынц. Цъинагары хъæуы цæрæг Бестауты Нази дæр бахатыд, зæгъгæ, иунæгæй цæрын æмæ мын фæрæз нæй зымæгмæ суг самал кæнынæн. Ленингоры районы милицийы управленийы кусджытæ баныфс æвæрдтой, зæгъгæ, йын сæхи тыхтæй цалдæр боны æмгъуыдмæ æрласдзысты суг.

Рагæй фæстæмæ ма Цъинагар æмæ йæ алыварс хъæутæ зындзинæдтæ æвзарынц аптекæ æмæ сæм æртаг ныккæнæн станцæ кæй нæй, уый тыххæй. Ӕввахс рæстæджы Цинагары бакæндзысты афтиаг æмæ ныридæгæн фæрсынц цæрджыты, фылдæр цæмæй тыхсынц æмæ цахæм хосты хуызтæ æрласын кæной ног бакæнгæ афтиагмæ. Уымæй уæлдай ма ацы аз эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис ног спортивон зал, кæцы арæзт æрцыдис Цъинагары хъæуы.

Бынæттон цæрджытæ райгонд сты милицийы куыстæй. Пухаты Мераб бузныг загъта бынæттон цæрджытæн, кæй æрбацыдысты æмæ активон хайад кæй райстой æмбырдты. Банысан ма кодта, зæгъгæ, милицийы къухдариуæгад æдзухдæр архайдзæн, цæмæй бынæттон цæрджытæ æууæндой барадхъахъхъæнæг органтыл æмæ не хсæнады ма уа бынат фæткхалæн цаутæн.

Ведомствойы сæргълæууæг ма бабæрæг кодта Ленингоры районы милицийы управлени æмæ Цъинагары хъæуы милицийы хайады бæстыхæйттæ, бынаты федта службæ хæссыны уавæртæ æмæ аныхас кодта кусджытимæ.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.