Хуссар Ирыстоны сабыруарзаг адæм бирæ хъизæмæрттæ æмæ тухитæ бавзæрстой гуырдзиаг лæгсырдты аххосæй, дзæвгар уыдысты  сæ æгæрон сырдон митæ ирон адæмы ныхмæ. Сæ тугмондаг фыдракæндтæй сæ иу уыд 1992 азы 20 майы Зары цы трагеди æрцыд, уый. Уæд хотыхджын лæгмартæ æд хæцæнгæрзтæ схъуызыдысты Зары хъæдмæ, бамбæхстысты уым æмæ æнхъæл-мæ кастысты, кæд фæзындзысты æнæаххос адæм æмæ кæд сæххæст кæндзысты сæ æбуалгъ хъуыддаг. Æндæр хъуыддаг у, хæсты рæстæджы знаджы ныхмæ лæууын, дæхи æмæ дæ райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад хъахъхъæнын. Фæлæ нæ сыхæгтæн ирон адæм хæрзæбонæй дарддæр æвзæрæй куы ницы бакодтой, уæд цæмæн рацыдысты нæ адæмы сабыр цард халынмæ. Фæлæ рагæй фæстæмæ  ирон адæмæй сæ удхæссæг уынынц æмæ алы хатт дæр хъавыдысты алы цъаммар митæ бакæныныл. Æндæра сын цы ракодтой бæлццæттæ, уыдон хæстмæ куы нæ рабалц кодтой сæхи, алчи сæ цыд йæ хæдзармæ, сабырдæр кæм уыд, уыцы бынатмæ.  О, фæтых сты æнæаххос æмбæстæгтæ-сылгоймæгтæ, кардзыд адæм, сывæллæттыл æмæ сæ сухты цагъд нык-кодтой.

Уыцы райсом дæр хъæуæй рацыдтæн горæтмæ, исты ног цау фехъусыны æнхъæл. Театралон фæзуат адæмы æмбырдгæнæн бынат кæй у, уымæ гæсгæ мæ ных уырдæм сарæзтон. Уынгты уый бæрц адæм не змæлыд, чи дзы уыд, уыдонæн дæр æнкъард æмæ фæлмæцыд хуыз уыд. Æниу, хъæлдзæг та цæмæн хъуамæ уыдаиккой, уымæн æмæ фыдгæнджытæ Хуссар Ирыстоны  милмæ систой, фыдмитæн кæрон дæр нæ уыд.

Театралон фæзуатмæ бахæццæ дæн, фæлæ ам дæр уæлдай хуыздæр нæ уыд, кæд дзы сабыр дуджы базмæлæнтæ нæ уыд, уæд дзы ныр та кæмдæрты  лæууыдысты иугай адæймæгтæ. Æнхъæлмæ кæсын, кæд мын исчи исты хорз хабар зæгъид, фæлæ… Куы мæхи иуырдæм айсын, куы та – æндæр бынатмæ. Сабыр уыд горæт, æвзæр цауæй дæр ницы фехъуыстон æмæ мæхицæн ныфсытæ авæрдтон, æгайтма алцыдæр нывыл у. Æрдæг сахат алæууыны фæстæ сфæнд кодтон фæстæмæ хъæумæ аздæхын, фæзуатæй цасдæр дæрддзæг куы рацыдтæн, уæд мæ тæккæ рæзты иу уæзласæн хæдтулгæ уæззау уынæргъгæ ссæуы. Цалдæр нæлгоймаджы удаистæй лидзæгау кæнынц  йæ фæстæ. Базыдтон Зары æбуалгъ трагеди æз дæр æмæ тыхулæфтгæнгæ згъорын рынчындоны цурмæ. Куыд æввахсдæр кæнын, афтæ мæм тынгдæр хъуысын райдыдта адæмы æрдиаг, сæ кæуын. Мæрдтæ кæм уыдысты, уырдæм гуылф кодтой æмæ сæ алчи дæр агуырдта йæ хæстæг, хионы, йæ зонгæты. Раст зæгъгæйæ, нæ бахызтæн мидæмæ, мæ зæрдæ мæ нæ бахаста уыцы судзаггаг мæрдтæм бакæсын. Адæмы ‘хсæн лæууын, хъусын сын сæ марой, уынын сын се ‘нкъард æмæ кæуындзаст цæсгæмттæ. Уæдмæ се ‘хсæнты рахызт иу нæлгоймаг, йæ къухы хаста йæ дзæкъул æмæ дарддæр араст. Уыд ын тарстгъуыз æмæ дзурынмæ дæр цыма зивæг кодта. Сабыргай расæрибар адæмы ‘хсæнæй æмæ араст горæтæн цæгатæрдæм. Куыд базыдтон, афтæмæй уыцы лæппулæг дæр уыд уыцы хæдтулгæйы, фæлæ йæ амондæн аирвæзт фыдбылызæй. Нæ фæца-рæхстæн æмæ мын нæ бантыст йæ ном æмæ мыггаг базонын.

Зары æрцæугæ трагедийæ дзæвгар азтæ рацыд, фæлæ нæ адæмæй никуы ферох уыдзæн уыцы æбуалгъ фыдракæнд, Хуссар Ирыстоны азфысты баззайдзæн æнусон хъæдгомæй.

                              ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.