Дзауы поселочы централон уынгмæ хæстæг цы минералон суадон ис, уырдæм арæзт цæуы фæндаг, афтæ ма фæнд кæнынц уымæн йæ алыварс схæрзарæзт кæнын дæр.

Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ дыууæ къуырийы размæ æрæвнæлдтой ацы хæрзиуæгон куыст бакæнынмæ æмæ рæхджы фæндаг лæвæрд æрцæудзæнис эксплуатацимæ. Фæндаджы арæзтады тыххæй нын фехъусын кодта Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Цхуырбаты Тамерлан. Уый куыд загъта, афтæмæй сын ацы куыстытæ бакæнын бахæс кодта районы администрацийы къухдариуæгад æмæ ныр ацы бонты хъуамæ арæзт фæуа. «Ацы суармæ цæуынц тынг бирæ адæм, уымæн æмæ йын ис хосгæнæн миниуджытæ. Минералон суары тыххæй зонынц республикæйæн æдтейæ дæр, уымæй пайда кæнынц нæ республикæйы цы æфсæддон службæгæнджытæ цæрынц, уыдонæй дæр бирæтæ. Ардæм цы фæндаг цæуы, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бæллиццаг нæ уыдис, афтæ зæгъæн ис æмæ йæм æркаст кæй никуы уыдис. Суар та ахæм бынаты ис æмæ йæм цы фæндаг цæуы, уый уалдзыгон къæвдаты  ралæбыры æмæ йæм свæййы зынцæуæн. Иуæй худинаг у, ахæм минералон дон æдзæллаг уавæры уа, уый. Иннæмæй та домы, цæмæй йæ алыварс сыгъдæг дæр уа æмæ цæстæн дæр уа æхсызгон. Мах, йæ дæргъ иу километрмæ æввахс кæмæн у, уыцы фæндаг афæтæн кодтам, стæй йыл ныккалдтам хуыр æмæ йæ алæгъз кодтам, ома, асфальт кæныны онг æй æркодтам. Ныр уыдзæн æнцонвадат куыд фистæгæй цæуджытæн, афтæ машинæтæн дæр. Уымæй дарддæр ма нæ куыстуаты кусджытæ сарæзтой ног къаннæг хид дæр. Леуахийы дон-иу æй аласта æмæ иугæр фæндаджы арæзтадмæ æрæвнæлдтам, уæд нын капиталонæй хид саразын дæр бахæс кодтой. Сметæмæ хаст цы куыстытæ æрцыдис, уыдон уал аразæм, уый фæстæ ма йæ алыварс суадонæн хъæудзæнис схæрзарæзт кæнын, рухсытæ йæм бауадзын, бадæнтæ дзы сæвæрын. Уымæн та хицæн сметæ хъуамæ æрцæуа арæзт æмæ уый фæстæ уыдон саразынмæ дæр цæттæ стæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, бынат рафидаудзæн æмæ адæм дæр уыдзысты райгонд», – банысан кодта Цхуырбаты Тамерлан.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.