Зынгæ ирон композитор Æлборты Феликсы 80 азы юбилейы цытæн 18-æм майы Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны уагъд æрцыд концерт. Концертуадзæг Босыкты Фатимæ райдианы банысан кодта, зæгъгæ, ацы концерт хъуамæ уагъд æрцыдаид ацæугæ аз, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ хаст æрцыд абонмæ. Уый ма загъта, Æлборты Феликс кæй уыдис æцæг ирон лæг, æгъдауджын, йæ адæм æмæ йæ бæстæйыл æнувыд адæймаг. Кокайты Тотрадзимæ у ирон гимны æмавтор. Ирон адæмæн уыд æмæ у, куыд фæсарæйнаг бæстæтæн Бах, Бетховен, Моцарт æмæ æндæр зындгонд композитортæ, афтæ.

Уый фæстæ сценæмæ рахызт  ахуыргæнæндоны зарæггæнджыты къорд æмæ сæххæст кодтой цалдæр зарæджы.

Концерты ма ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг зарджытæ сæххæст кодтой ахуыргæнæндоны ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ: Гасситы Ацæмæз, Дыгъуызты Маринæ, Тадтаты Мæдинæ, Харебаты Марта, Дзукъаты Дзерассæ, Табуты Дианæ æмæ æндæртæ.

Алыгъуызон музыкалон инструменттыл та сценæмæкæсджытæн сæ арæхстдзинад æвдыстой Гаглойты Александрæ, Тедеты Аленæ, Гæззаты Аленæ, Ходты Арсен, Дудайты Сæрмæт, Плиты Мурат æмæ æндæртæ.

Концерты ма цалдæр музыкалон уацмысы сæххæст кодтой ахуыргæнæндоны ансамбль «Сæрмæт»-ы архайджытæ.

Концерт куыд ацыд æмæ йын сценæмæкæсджытæ цахæм аргъ скодтой, уый тыххæй зæгъы сценæмæкæсджытæй сæ иу – Æлборты Уырызмæг.

Концерты алы номыр дæр фæцыд мæ зæрдæмæ. Алчи дæр сæ равдыста хорз цæттæдзинад æмæ арæхстдзинад. Æхсызгон ма мын уыдис уый дæр, æмæ залы иунæг афтид бынат дæр кæй нал уыд. Концертмæкæсджытæн сæ цæсгæмттыл зынд уæлтæмæны æмæ хъæлдзæг æнкъарæнтæ.

Æндæр концертмæкæсæг Наниты Заретæ та банысан кодта, зæгъгæ, алы ирон æмбæстаг дæр хæсджын у, уæлдайдæр та, музыкалон аивады чи архайы, уыдон, цæмæй кад æмæ аргъ кæной Æлборты Феликсæн. Уымæн æмæ Феликс йæ адæмыл, музыкæйыл уыд æнувыд. Æппæт дæр арæзта ирон музыкæйы размæцыдæн. Ацы концерт ма мæ сцымыдис кодта уымæн, æмæ дзы архайдта мæ хъæбулы хъæбул дæр. Артистты арæхстдзинады тыххæй та уый банысан кæндзынæн, æмæ цы номыртæ æххæст кодтой, уыдонмæ нæ уыд фау æрхæссæн, сæ арæхстдзинад ма мæ дисы дæр æппæрста, фæлæ мæм афтæ фæкаст, æмæ сæ ахуыргæнджытæ хъуамæ фылдæр æмæ хуыздæр бакусой артистты ныфсхаст æмæ уæндондзи-надыл.

Концерты кæронбæттæн ныхасы рæстæджы музыкалон ахуыргæнæндоны директор Гæджиты Жаннæ стыр бузныг загъта концерты архайджытæн æмæ концертмæ æрбацæуджытæн дæр, ирон му-зыкæмæ сæ уарзондзинад кæй нæ ивынц, æнувыд ыл кæй сты, уый тыххæй.

Йæ иугæндзон хъусдард æмæ хорз ахасты тыххæй Гæджиты Жаннæ арфæйы ныхæстæ загъта концерты уæвæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн.

  ГÆЗЗАТЫ Иван 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.