«…Цы знаг йæ фыдракæндыл нæ басæтта, уый у, йæ ивгъуыд рох  æмæ йæ фидæн та æбæрæг кæмæн у, ахæм. Ахæм у мæнгард æмæ æнæнымад тæппуд ныхмæлæууæг.

Цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр ирон адæмæй 1992 азы 20 майы æрцæугæ трагеди никуы ферох уыдзæн. Уыцы тугтæригъæд æбуалгъ мийæ знаг йæхицæн рахаста карз тæрхон.

Ныр Хуссар Ирыстоны сæрмæ æрттивы сæрибары хур, фæйлауы дардыл нæ тырыса. Уыцы хæрзиуджыты сæраппонд бирæтæ рауæлдай кодтой сæ удтæ… абон не ‘хсæн нал сты. Сæ нæмттæ сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты нæ бæстæйы азфыссынады…», – ахæм ныхæстæй байгом, 28 азы размæ 20 майы Зары æфцæгыл трагедийы амæттæгты номыл цырты раз мысæн мадзал.

Гуырдзиаг тугмондаг сырдты къухæй чи фæмард, уыдоны ном арыны цытæн æрвылаз дæр ацы бынаты уагъд æрцæуы фыдохы мадзал. Ардæм æрбацыдысты бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, трагедийы амæттæгты хиуæттæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ иннæ азтæм абар-гæйæ, ацы аз мадзалы карантины аххосæй къаддæр хайадисджытæ кæй уыд.

Фыдохы мадзалы рæстæджы ранымадтой, 28 азы размæ ацы бынаты цы сабырцæрæг æмбæстæгты ныццагътой, уыдоны нæмттæ…

Президент Бибылты Анатоли æрсидт ирон адæммæ:

«28 азы ацы бынатмæ цæуæм, цæмæй нæ сæрæй ныллæг акувæм, гуырдзиаг тугдзых сырдтæ кæй ныццагътой, уыдоны æнæаххос удты раз…

28 аз риссы Ирыстоны зæрдæ…

28 аз Ирыстоны тугæрхæмттæ нæма байгас сты…

Ацы бынаты бабынуæвджыты хæстæг-хиуæтты цæстыты бынтæ 28 азы нæма басур сты…

28 азы Гуырдзыстоны  иу адæймаг нæма разынд, кæцы басаст ацы трагедийы æбуалгъдзинадыл…

28 азы сидæм æмæ домæм, цæмæй сæм разына адæймагдзинад, цæмæй сæхиуыл æрхудой, фæлæ – нæй.

Мах, Ирыстоны адæм, нæ зæрдыл дардзыстæм Зары æрцæугæ трагеди, Ереды æмæ Цъинагары трагедитæ, хæст æмæ тугкалд. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ардзыстæм æмæ сын бæрзонд исдзыстæм сæ æдзард нæмттæ, никуы сæ аиппæрд кæндзыстæм нæ хъуыды æмæ нæ зæрдæйæ. Алы адæймаджы хæс дæр у, цæмæй ацы æвирхъау трагедийы, кæцы æрцыдис Ирыстоныл, зонын кæной сæ кæстæртæн, æмбарын сын кæной, цахæм знаджы ныхмæ тох кодтам, кæцытæ нæ ауæрстой нæдæр сывæллоныл, нæдæр – сылгоймагыл æмæ нæдæр – зæрондыл.

Æвæццæгæн, уымæй æлгъагдæр мийæн æмбал нæй: сабырцæрæг æмбæстæгтæ мæлæтхæссæг хæсты нæмыгæй бааууон кæныны нысанæн куы фæцæйлыгъдысты, уæд сæ размæ бабад æмæ сæ ныццæгъд… Сæ размæ бабад «хъæбатыр лæгау», æмæ сæ сухты цагъд ныккæн… цæмæн æмæ цæй тыххæй?».

Мах, зæгъгæ, хæсджын стæм, цæмæй цы хъæбатыртæ фæмард сты, уыдоны ном ма рох кæнæм.

Бахатыд мадзалы хайадисджытæм, цæмæй уыцы æдзард хъæбулты рухс нæмттæ, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой.

Дарддæр загъта, зæгъгæ, мах хатдзыстæм гуырдзиаг фарсмæ, цæмæй басæттой, Хуссар Ирыстоны территорийыл цы фыдракæндтæ арæзтой, уыдоныл. Домдзыстæм дунеон æмæхсæнадæй, цæмæй банымайой, ирон адæмы ныхмæ геноцид арæзт кæй æрцыд, уыцы факт.

«Зары трагеди дæр у, 1920 азы цы фыдракæндтæ æмæ трагедитæ арæзт цыд, уыдоны дарддæргæнæн факт. Домдзыстæм æмæ нæ рæстдзинад хæсдзыстæм дунеон фæзуæттæм. Гуырдзиаг фарсæрдыгæй цы æнæраст хъуыддæгтæ загъд цæуынц нæ бæстæ æмæ адæмы рæстдзинады тыххæй, уыдон мах бауырнын кæндзыстæм дунеон æмæхсæнадæн, æмæ цы фыдракæндтæ æмæ æбуалгъ хъуыддæгтæ арæзтой, уый нæ цæмæ æркодта, уый.

Президенты цæст ахæм бон йæ адæмæн бауарзта æнæниздзинад æмæ рæзты фæндиæгтæ, мах, зæгъгæ, æмдыхæй алкæмæн дæр бауырнын кæндзыстæм, Хуссар Ирыстон кæй у цивилизацион республикæ æмæ размæ кæй цæуы, адæм цы нормæтæ равзæрстой æмæ сбæлвырд кодтой, уыдонмæ гæсгæ.

Бæстæйы къухдариуæгад æмæ мадзалы хайадисджытæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Зары трагедийы амæттæгты цырты раз. Ацы бынаты трагеди цы рæстæгыл æрцыд 12:03 минутыл, растдæр уыцы рæстæджы Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджыты къорд æртæ æхсты фæкодтой уæларвмæ…

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.