Ирыстоны историйы ис ахæм трагикон бонтæ, кæцытæ баззайынц адæмы зæрдæйы нуæсæй. Ис ахæм бонтæ, кæцытæ баззайынц хъæдгомæй – нæ гас кæнынц.  1992 азы 20 май дæр у ахæм бон ирон адæмæн. Уыцы бон, 30 азы размæ æрцыд иууыл æнæадæймагадон фыдракæндон архайд – гуырдзиаг фашисттæ фехстой блокадон горæтæй лидзæг лигъдæтты колоннæ.

Æрвылазау ацы аз дæр Зары трагедийы амæттæгты цырты раз уагъд æрцыд мы-сæн акци ахæм номимæ «Адæймаджы зæрдæйы уынæргъын».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад, Парламент, министрадтæ æмæ ведомствоты кусджытæ, трагедийы амæттæгты хиуæттæ æмæ мадзалы æппæт хайадисджытæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Зары трагедийы амæттæгты цырты раз. Кæд æвзæр боныгъæд уыд, кæд митхæццæ къæвда, уæддæр адæм сæххæст  кодттæджы Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджыты къорд мысæн æртæ æхст фæкодтой уæларвмæ… уыцы рæстæджы мадзалы хайадисджытæ æмырæй алæугæйæ ссардтой трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ.

АРВ ДÆР ТА ФÆКУЫДТА  НÆ АДÆМЫ ÆНУСОН РЫСТЫЛ

Фыдохы митингы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади дзырдта Ирыстоны историйы иууыл æбуалгъдæр æрцæугæ трагедийыл.

«Æрвылаз дæр ацы уæззау бон мах æрæмбырд вæййæм ацы бынатмæ, цæмæй æрæмысæм æнæаххосджын амæттæгты рухс нæмттæ. 30 азы размæ Гуырдзыстоны лæгсырдтæ ацы бынаты фехстой сабырцæрæг лигъдæтты. Уыдоны хсæн уыдысты сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ. Уыдон лыгъдысты нæ бæстæйы цы гуманитарон кризис сæвзæрд, уымæй. Гуырдзыстон ацы бынаты цы сарæзта, уый æнæнхъæлæджы хъуыддаг нæ уыд, уый уыд ирон адæмы ныхмæ бацæттæгонд геноцид. Уымæн æмæ уыцы тугцъир сырдтæ зыдтой, царды фæндагыл кæй цæудзысты æнæаххос бæлццæттæ», – дзырдта уый.

Бекъойты Геннадийы ныхæстæм гæсгæ 30 азы размæ æрцæугæ цау ноджыдæр ирон адæмы бангом кодта иу егъау бинонтау. Махæн, зæгъгæ, нæ кæстæртæ хъуамæ зоной æмæ хъуыды кæной ацы æрцæугæ террористон акт кæй уыд иууыл æвирхъаудæр æмæ æгъатырдæр Ирыстоны историйы.

Хуссар Ирыстоны ног сæвзæрст Президент Гаглойты Алан йæ раныхасы рæстæ-джы банысан кодта, зæгъгæ, ацы бынаты бирæ æнæаххос туг ныккалд. «Уыцы хабæрттæ зæрдыл æрлæугæйæ зын у хъуыдытæ æрæмбырд кæнын æмæ сæ адæмы рæгъмæ рахæссын. Фæлæ кæд 30 азы рацыд, уæддæр нæ хъæдгом нæ байгас. Ахæм хъæдгæмттæ, хъыгагæн, Ирыстоны ног историйы бирæ ис æмæ дзы иуæн дæр ферохгæнæн нæй. Абон дæр ацы бынатмæ нæ иумийаг рысты тыххæй ам æмбырдæй кæй стæм, кæй йæ нæ рох кæнæм, уый æвдисæм боныгъæдмæ нæ кæсгæйæ дæр», – дзырдта уый.

Гаглойты Алан ма йæ ныхасы æрдзырдта, абон фашизмы ныхмæ Уæрæсейы Федерацийы сæрмагонд операцийы рæстæджы Ирыстоны хъайтар фæсивæд хайад кæй исынц, уый тыххæй дæр. Уæрæсейы Федераци цы егъау сæрмагонд операци расидт фашизмы ныхмæ, афтæ уыд 1941 азы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы дæр. Ирон лæппутæ ныртæккæ дæр слæууыдысты фашизмы ныхмæ æмæ хъазуатон тох кæнынц. Хъыгагæн, хæст æнæ удызиан нæ вæййы – æвыдæй нæ баззадысты хуссарирыстойнаг хæстонтæ дæр. Ацы бонты дæр Ирыстон фæстаг хæрзбон загъта Донбассы бахъахъхъæныны тыххæй хъæбатырæй цы лæппутæ фæмард, уыдонæн.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, уыцы спецоперацийы руаджы бындзарыл фа-шизм хъуамæ куынæг æрцæуа æмæ абон уыдон бынаты куынæг куынæ æрцæуой, уæд сомбон æрлæудзысты нæ къæсæрыл. Махæн нæ хæс у, цæмæй балæууæм зиджын бинонты фарсмæ æмæ сын бауырнын кæнæм, цард дарддæр кæй кæны, уый.

Æрвылазау ацы уæззау бон нæ фарсмæ æрбалæууынц нæ цæгаттаг æфсымæртæ. Делегацийы номæй ныхасы рацыд Парламенты сæрдары хæдивæг Кучиты Гарри. Уый хъынцъымы ныхæстæ загъта бæстæйы сæргълæууæг, хицауад, парламент æмæ адæмы номæй.

«Зынаргъ æмбæстæгтæ. Фыдохы бон абон æрмæст Ирыстоны хуссарварс нæу, фæлæ цæгаты дæр, уымæн æмæ мах иу адæм стæм. Ацы трагедийыл бирæ дзурæн ис. Кæд 30 азы рацыд, уæддæр рыст нæ къаддæр кæны. Уымæн æмæ йæ амæттæгтæ уыдысты сабырцæрæг, нæдæр тох кодтой, нæдæр тохы быдырмæ цыдысты – æрмæстдæр сæ фæндыд цæрын»,- дзырдта уый.

Мадзалы рæстæджы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта фыдохы телтимæ. Уыдоны ‘хсæн уыд бæстæйы къухдариуæггæнæг Бибылты Анатолийы тел дæр.

Фыдохы митинджы кæрон Национ музейы директор Зассеты Мераб Зары трагедийы амæттæгты номыл бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.