Хуссар Ирыстоны Парламенты делегаци – æхсæнадæмон конференцийы

Парламенты сæрдар Æлборты Алан æмæ фракциты сæргълæуджытæ, 12-13 декабры архайдтой  Мæскуыйы Паддзахадон Думæйы VI-æм Æхсæнадæмон конференцийы. Конференцийы темæ уыд «Роль взаимодействия фракций политических партий и блоков в межпарламентском сотрудничестве стран СНГ».

Хуссар Ирыстонæй дарддæр VI-æм конференцийы хайад райстой Абхазы, Азербайджаны, Сомихстоны, Белоруссийы, Казахстаны, Хъыргъызстаны, Молдавийы, Приднестровьейы, Таджикистаны, Туркменистаны, Узбекистаны парламентты сæрдартæ æмæ Паддзахадон Думæйы æппæт фракцитæ  æмæ депутаттæ.

Хуссар Ирыстоны разамынад æмæ адæмы номæй Æлборты Алан раарфæ кодта мадзалы хайадисджытæн Уæрæсейы Федерацийы нырыккон Парламентыл 30 азы сæххæсты цытæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Парламенты æппæт фракцитæ Æхсæнадæмон конференцийы фыццаг хатт хайад райстой ивгъуыд азы

«Мах æвдисæн стæм глобалон историон процесстæн: æдасдзинады принциптыл æнцойгæнгæйæ, ног геополитикон тыгъдадимæ интеграцийы æппæт фæрсты интерестæ хъахъхъæнгæйæ, евразиаг тыгъдады ног бирæполярон дунейы рæзтæн. Уыцы хъуыддаджы ахсджиаг роль хъазынц Хæдбар паддзахадты æмхæларады бæстæтæ.

Конференци фыццаг хатт нæ уагъдæуы æмæ йæ инициатор æмæ организатор Уæрæсе æнæхъуаджы нæу. Уæрæсе хуымæтæджы паддзахад нæу, йе уæхсчытыл стыр уæз хæссы, уый у, æнусты дæргъы дунейы былæй ахауынæй чи хъахъхъæны, ахæм цивилизаци. Алы бæстæты парламентариты ахæм фембæлды формат ахъаз у ацы тектоникон ивындзинæдты парламентон дипломатийæ максималонæй спайда кæнынæн», – загъта  Хуссар Ирыстоны Парламенты спикер.

Уый зæрдыл æрлæууынæн банысан кодта ивгъуыд азы æндæр цауты дæр – Æхсæнадæмон конференцийы хæдфæстæ Белорусси æмæ Уæрæсейы цæдисы Парламентон Æмбырды сесси.  Уыцы сессимæ цæстдарæджы хуызы фæхуыдтой Хуссар Ирыстоны делегацийы дæр. Æлборты Аланы ныхæстæм гæсгæ, уый æрмæст цæдисон паддзахадтæн нæ, фæлæ ма Евразиаг тыгъдады æнгом æмгуыстадмæ цы паддзахадтæ тырнынц, уыдонæн уыд æхсæнпарламентон æмгуыстады иууыл эффективондæр цæвиттон. Партиты æмгуыстады тыххæй ивгъуыд азы конференцийы фæлгæтты фембæлдтытæ уыд Паддзахадон Думæйы сæрдар Вячеслав Володинимæ. Уыцы фембæлды рæстæджы Володин фæндон бахаста, Паддзахадон Думæ æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты ‘хсæн бадзырдыл къухтæ æрфыссыны тыххæй.

«Ахсджиаг документыл къухтæ æрфыстæй мах ныфс ис æмгуыстады ног æмвæзадмæ рахизынæй, уымæн æмæ сразыдзинадмæ гæсгæ æдзухæй дæр кусдзæн æхсæнпарламентон къамис. Йæ фыццаг фæстиуджытæ йын федтам, уæрæсейаг хицауады нормативон актты райсты фæстиуæгæн нын экономикон проблемæтæ куы сæвзæрд, уыцы рæстæджы нæ уæрæсейаг коллегæтæм куы бахатыдыстæм, уæд», – загъта Æлборты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз къухтæ æрфыстой æфсымæрон Цæгат Ирыстоны Парламентимæ дæр. Фæнд цæуы Уæрæсейы Федерацийы æндæр регионтимæ дæр сразыдзинадтæ саразын.

«Ныфс нæ ис, бæрæг политикон цæлхдуртæм нæ кæсгæйæ, æмгуыстады географи уæрæхдæр кæндзæн», – загъта хуссарирыстойнаг парламентари.

Конференци æрвылхатт байгом кæны ног горизонттæ, раргом кæны сæвзæргæ проблемæтæ æмæ сын сæ аскъуыддзаг кæныны механизмтыл бакусы.

«Æхсæнпарламентон, æхсæнфракцион æмгуыстадæн стыр потенциал ис бæстæты ‘хсæн кæрæдзийыл æууæндыны, конфликттæ аиуварс кæнын æмæ сæ æрбæстон кæныны, экономикон æмархайды, нырыккон сидтытæ æмæ æртхъирæнты ныхмæ лæууыны хъуыддæгты», – банысан кодта Æлборты Алан æмæ конференцийы æппæт хайадисджытæн загъта æнтыстджын куысты фæндиæгтæ.

Конференцийы фæлгæтты хуссарирыстойнаг Парламенты делегацийæн  фембæлдтытæ уыдзæн Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы фракцитимæ.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.