14-æм декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы бахæсмæ гæсгæ нæ горæты 1-æм сывæллæтты рæвдауæндон «Æфсир»-ы хъомылгæнинæгтæн радтой, сæ хъуыдыкæнынадæн ахъаз чи уыдзæн, ахæм цымыдисон хъазæнтæ æмæ ахуырадон-методикон пособи.

Президенты Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыбылты Алан банысан кодта, зæгъгæ, Президенты ацы лæвæрттæ рæзгæ сывæллæттæн стыр æххуыс сты сæ ныхасы райрæзтæн æмæ сæ хъуыдыкæнынадæн. «Нæ бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан кæддæриддæр сæрмагонд хъусдард здахы сабитæм, рæзгæ фæлтæр æмæ фæсивæдмæ», – загъта Тыбылты Алан. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Президенты фонды фылдæр хай хардзгонд цæуы рæзгæ фæлтæры фарсмæ æрбалæууыны фæдыл программæтыл.

Сывæллæтты рæвдауæндон «Æфсир»-ы директор Гасситы Фатимæ журналисттæн раргом кодта, зæгъгæ, сын ацы ахуырадон-методикон пособи сæ куыстæн у æнæмæнгхъæуæг, цæмæй сывæллæттæ интеллектуалон æгъдауæй рæзой нырыккон домæнтæм гæсгæ.

«Стыр æхсызгон нын уыдис нæ рæвдауæндон ахæм лæвар кæй райста, уый тыххæй. Мах райстам хъæуæг æрмæг нæ куыстæн, уыдон нымæцы сты нырыккон ахуырадон программæтæ хъомылгæнджытæн. Уыдон дæр хъуамæ зоной, куыд æмæ цæимæ хъæуы кусын, уыдæттæ. Нæ коллектив зæрдиаг арфæ кæны нæ бæстæйы къухдариуæгадæн, ахæм æнæмæнгхъæуæг лæвар нын кæй бакодтой, уый тыххæй. Бузныг, нæ чысыл хуртыл нын кæй аудынц æмæ сæ рох кæй не стæм, уый тыххæй», – загъта Гасситы Фатимæ.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.