10 декабры уыд РХИ-йы Парламенты Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл комитеты рабадт. Рабадт уагъта профилон комитеты сæрдар Диакъонты Амиран. Боны фæткмæ рахастæуыд фарст 1920 азы Хуссар Ирыстоны адæмы геноциды тыххæй æрмæг æрæмбырд кæныны фæдыл, кæцыйы арвитын хъæуы Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æмæ Федерацийы Советы Федералон Æмбырдмæ.

Раздæр ацы фарсты фæдыл комитетæн уыд дыууæ рабадты, цыран æрæмбырдуæвджытæ базонгæ сты развæлгъау банысангонд мысæн мадзæлтты планимæ, кæцыты руаджы банысан чындæуыдзæн Хуссар Ирыстоны историйы фыдохы бон.

«Хуссар Ирыстоны Парламентмæ æрбацыд фыстæг, кæцыйы домдæуыд, цæмæй бацæттæгонд æрцæуой æрмæджытæ 1920 азы Хуссар Ирыстоны адæмы геноциды тыххæй æмæ сæ арвитой УФ Паддзахадон Думæмæ æмæ  Федерацийы Советы Федералон Æмбырдмæ. Геноциды банымайын у паддзахадон хицауиуæгады архайды бындурон  здæхтытæй иу. Фыдракæнд æфхæрд куынæ æрцæуа, уæд уымæй арæзт цæуы уавæртæ фыдракæнд сфæлхат кæнынæн, уымæн æвдисæн у нæ истори сæдæ азы дæргъы. Хæстон-политикон æдасдзинад сифтонг кæныны нысанæн мах хъæуы, цæмæй нын нæ геноцид банымайой, куыд Уæрæсейы Федераци, афтæ æндæр бæстæтæ дæр», – загъта комитеты сæргълæууæг.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй РХИ-йы Парламенты куырдиат сахуыр кæныны тыххæй   Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы арæзт æрцыд кусæгон къорд 1920 азы Хуссар Ирыстоны адæмы геноцид банымайыны тыххæй. Ацы темæйыл цалдæр хатт уынаффæ цыд Мæскуыйы, цыбыр рæстæджы та фæнд цæуы кусæгон къорды радон рабадт Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы.

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан æрæмбырдуæвджытæн радзырдта «Хæдбар паддзахадты æмхæларады æхсæнпарламентон æмгуысткæнынады политикон партиты фракцитæ æмæ блокты æмахастыты роль»-ы темæйыл II Æхсæнадæмон  конференцийы куысты тыххæй, кæцы ауагъдæуыд ноябры кæрон УФ-йы Паддзахадон Думæйы. Йæ куысты хайад райстой спикеры сæргълæудæй депутатты къорд. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй конференцийы хайад райстой Хæдбар паддзахадты æмхæларады æппæт бæстæтæ, Гуырдзыстон æмæ Прибалтикæйæ дарддæр. Уый фæстæ сын хицæн фембæлдтытæ уыд УФ-йы Паддзахадон Думæйы уæвæг фракциты къухдариуæггæнджытимæ, уыцы нымæцы    Хæдбар паддзахадты æмхæларады, евразиаг интеграцийы æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл Паддзахадон Думæйы комитеты сæрдар Леонид Калашниковимæ æмæ йæ хæдивæг Виктор Водолацкиимæ.

«Фембæлд ацыд конструктивон уавæрты. Ацы фембæлды цы фарстыл цыд уынаффæ, уый фыццаграды хауд нæ адæмы геноцид банымайынмæ. Уæрæсейаг коллегæты æрдыгæй  банкъардтам æмбарынад. Уыдон уæрæсейаг ахуыргæндтæ æмæ историктимæ зæрдиагæй кусынц ацы фарстыл. Хуссарирыстойнаг къамис цыбыр æмгъуыдмæ хъуамæ бацæттæ кæна, цы æрмæджытæ нæм ис, уыдон æмæ сæ арвита УФ-йы Паддзахадон Думæмæ», – загъта закъондæттæг органы сæргълæууæг.

Тадтаты Алан ма банысан кодта, зæгъгæ,  Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы къамис Цхинвалмæ æрцæудзæн 2019 азы 15 декабры, цæмæй базонгæ уа ирæтты геноциды фæдыл архивон документтимæ. Арæзт æрцæудзæн иумиаг къамис, кæцыйы куысты рæстæджы дыууæ фарс дæр бавдисдзысты, 1920 азы цауты сбæлвырд кæныны тыххæй цы документтæ æрæмбырд кодтой, уыдон.

Куыд банысан чындæуыд, афтæмæй историон бонмæ цы програм-мæ бацæттæ кæнын хъæуы, уыцы  мадзæлтты пункттæй иу у геноциды темæйыл зонадон куыст мыхуыры рауадзын. Уыцы хъуыддаг сæххæст кæнын бахæс кодтой  историон зонæдты кандидат, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты хистæр зонадон кусæг Пухаты Къостайæн. Уый æрæмбырдуæвджытæн цыбыртæй радзырдта, ацы æрмæджы фæдыл цы куыст бакодта, уый тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, чиныг «1920 азы хуссайраг ирæтты геноциды истори»-йыл куыста дыууæ азæй фылдæр. Ацы чиныджы ис 370 фарсæй фылдæр. Уыцы процессы сæйраг проблемæйыл историк банымадта, уыцы азты цауты тыххæй æххæст информаци кæй нæй, уый.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадон архивы  хуссарирыстойнаг фонд у кадавар, уымæн æмæ арæзт æрцыд 1921 азы, республикæйы со-ветон хицауад фидар куы æрцыд, уæд.

Уый куыста уæрæсейаг архивтæй дыууæйы. Спайда ма кодта, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты архивы уæвæг гуырдзиаг периодикон мыхуыры æрмæджытæй дæр.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, уæды цауты тыххæй цы æрмæджытæ ис, уыдон иууылдæр нæма сты æргомгонд, бирæтæ сты тынг мæгуырау уавæры, се ‘рдæг та шифыргонд у.

Къухфыст цæттæ куы уыд, уæд рецензийы тыххæй лæвæрд æрцыд зындгонд историк Бзарты Русланмæ, уый фæстæ та – Хъуылымбегты Робертмæ. Уыдон æй банымадтой тынг хорзыл.

Уынаффæйы рæстæджы Парламенты спикер Тадтаты Алан фæндон бахаста, цæмæй Пухаты Къостайы æрæмбырдгонд æрмæджытæ æрвыст æрцæуой УФ-йы Паддзахадон Думæмæ, афтæ ма цыбыр рæстæгмæ чиныг рауадзынæн баххуыс кæнын.

Диакъонты Амиран та фæндон бахаста, цæмæй ирæтты трагикон боныл 100 азы сæххæсты бон нысан кæныны хъуыддаджы хайад райсой æхсæнадон организацитæ, кæцытæ регистраци сты Хуссар Ирыстоны, афтæ ма фæсарæнты цы ирон диаспорæтæ ис, уыдон дæр.

Ацы фарсты тыххæй сæ хъуыдытæ загътой депутат Æлборты Алан, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор Гæбæраты Юри æмæ Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты  директор Гаглойты Роберт.

Уынаффæйы рæстæджы скъуыддзаг æрцыд ивгъуыд æнусы 20-æм азы ирæтты геноциды тыххæй Пухаты Къостайы зонадон-публицистон куыст УФ-йы Паддзахадон Думæмæ арвитын.

Комитеты куысты хайад райстой депутаттæ Æлборты Алан, Дриаты Заза, Мулдарты Гарри, Къуезерты Арсен, Уалыты Ибрагим, Медойты Дзамбулат, Сланты Иван, афтæ ма РХИ-йы Зонад æмæ ахуырады министр Гасситы Натали, РХИ-йы Юстицийы министры хæдивæг Тедеты Ноннæ, Финансты министры хæдивæг Тыбылты Маринæ, историк æмæ ХИПУ-йы профессор Гаглойты Юри.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.