14-15 декабры Хуссар Ирыстоны Парламенты делегаци Парламенты Сæрдар Æл-борты Аланы сæргълæудæй хайад райста УФ-йы Паддзахадон Думæйы III Æхсæнадæмон конференцийы. Конференцийы темæ уыд «Хæдбар паддзахадты æмхæларады бæстæты æхсæнпарламентон æмгуысткæнынады политикон партиты æмæ блокты æмархайды роль».
Парламенты делегаци хайад райста Белоруси æмæ Уæрæсейы Цæдисы Парламентон Æмбырды 63-æм сессийы æдзухон цæстдарæджы хуызы. Мæскуыйæ æрцæуыны фæстæ делегацийы уæнгтæ журналисттæн радзырдтой сæ балцы фæстиуджыты тыххæй.

«Парламенты Сæрдарæй мæ куы равзæрстой, уæд мæ Вячеслав Володин йæ арфæйы фæлгæтты фæхуыдта Мæскуымæ УФ-йы Паддзахадон Думæйы III Æхсæнадæмон конференцийы хайад райсыны нысанæн. Æз афтæ нымайын, æмæ ахæм мадзæлтты хъуамæ хайад исой алкæцы фракциты депутаттæ дæр. Володинимæ нæ фембæлд уыд хъарм, хæларадон уавæрты. Делегацийы сконды уыдысты парламентон фракциты минæвæрттæ. Мах фæхуыдтой цæмæй проблемон фарстатыл уынаффæ æмæ скъуыддзаг кæныны тых-хæй къамис саразыны хъуыддаджы нæ архайд скоординаци кæнæм. Ацы къамисы руаджы нæ бон фæхонæн уыдзæн федералон министрты, цæмæй нæ фембæлдтытæ уой, æхсæз мæй иу хатт нæ, фæлæ — арæхдæр», — загъта Парламенты Сæрдар Æлборты Алан æмæ банысан кодта, Вячеслав Володины Хуссар Ирыстонмæ кæй фæхуыдта, уый.

Парламенты спикеры стыр ныфс ис ацы къамисæй, уымæн æмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, къамисы раз æвæрдзысты ахсджиаг фарстатæ, дарддæр сæ скъуыддзаг кæныны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, дыварсон къамис сараздзысты уалдзæджы.

«Уæдмæ мах банысан кæндзыстæм, абоны бон республикæйæн ахсджиаг фарстатæ. Вячеслав Володинæн ацы къамисы сырæзтмæ позитивон ахаст ис. Мæн фидарæй уырны Паддзахадон Думæимæ нæ архайд рахиздзæн гъæдджындæр æмвæзадмæ», — банысан кодта Æлборты Алан.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Парламенты делегаци Белорусы æмæ Уæрæсейы Цæдисы Парламентон Æмбырды 63-æм сессийы æдзухон цæстдарæджы хуызы хайад исы 2008 азæй фæстæмæ. Æмбырдтæ уагъд цæуынц алы æрдæг аз дæр. Фембæлдтытæ вæййынц куы Уæрæсейы, куы та — Беларусы.

«Фембæлды фæуынаффæ кæнынц дыууæ бæстæйы ’хсæн проблемон фарстатыл, уыцы нымæцы таможнæйон, æдасдзинады, нæ иумæйаг историйы цыртдзæвæнты сæндидзын кæныны фарстатыл. Депутаттæ уынаффæ кодтой „2023 азæн Цæдисон паддзахады бюджеты тыххæй“ Цæдисон паддзахады Уæлдæр Паддзахадон Советы декреты проектыл. Æмбырды хайад райстой дыууæ паддзахады экономикæты министртæ. Нæ депутаттæн фадат уыд фарстатæ радтынæн. Мах райсын хъæуы парламентон æмархайды уыцы хъæздыг фæлтæрддзинад. Фæнды нæ, куыд æдзухон цæстдарджытæ, афтæ Уæрæсе æмæ Беларусийы парламенттимæ кусын», — загъта РХИ-йы Парламенты спикер.

Парламенты Сæрдары хæдивæг Плиты Алыксандр куыд радзырдта, афтæмæй фыццаг конференци уыд Паддзахадон Думæйы Цæдисты хæдзары, дыккаг конференци та уыд парти «Единая Россия»-йы сæйраг офисы.

«Хуссарирыстойнаг делегацийы фæхуыдтой „Евразийский выбор: перспективы развития“-йы темæйы фæдыл дыккаг конференцимæ дæр. Ацы форматы раныхас кодта УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров», — загъта Плиты Алыксандр.

Æлборты Алан æмæ Плиты Алыксандр мадзалы банысан кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны дæр Евразиаг цæдисмæ бацæуын кæй фæнды, уый. Ома, кæд уадидæгæн нæ, уæд ассоциацион уæнгæй кæнæ цæстдарæгæй уæддæр.

«Ахæм фæзуатты хайад исын махæн ахсджиаг у. Цæттæ стæм Хæдбар паддзахадты æмхæларады бæстæтимæ æмгуыст кæнынмæ», — бахахх кодта Плиты Алыксандр.

 

«Мах Хæдбар паддзахадты æмхæларады бæстæтæн хъуамæ бамбарын кæнæм, абон уа, æви — сом, уæддæр Хуссар Ирыстоны банымайын хъæуы. Æмбарæм æй, уыцы хъуыддаг вазыгджын процесс у, æмбарæм сæвзæргæ тасдзинæдтæ дæр, фæлæ хъуамæ дзурæм нæ фæндоны тыххæй. Нæ балцтæ хъуамæ эффективон æмæ фæстиуæгджын уой. Нæ республикæйы цæрджытæн проблемон у транспортон фæрæзты Уæрæсемæ акæнын. Ацы фарстыл дæр уынаффæ кодтам Паддзахадон Ду-мæйы депутаттимæ. Бадзырдтам, ацы фарстатыл Уæрæсейы таможнæйон органтимæ дæр кæй уынаффæ кæндзыстæм», — банысан кодта Æлборты Алан.