УФ-йы Паддзахадон Думæйы уагъд æрцыд II Æхсæнадæмон конференци «Роль взаимодействия фракций политических партий и блоков в межпарламентском сотрудничестве стран СНГ». Хайад дзы райстой РХИ-йы Парламенты делегаци, йæ сæрдар Тадтаты Аланы сæргълæудæй. Парламенты спикер лæмбынæг радзырдта, иумæйагæй конференцийы куыст куыд ацыд, æмæ форумы фæлгæтты парламентариты фембæлдтыты тыххæй.

«Конференцийы хайад райстой Хæдбар паддзахадты æмхæларад, раздæры ССРЦ-ы бæстæтæ, Прибалтикæ æмæ Гуырдзыстоны йедтæмæ, æмæ тынг æхсызгон у, нæ республикæ уым æвдыст кæй æрцыд, уый. Уый ма ноджы иу фæзуат у, кæцыйы махæн ис фадат æппæт бастдзинæдтæ рауæрæх кæнынæн æмæ фадат уыдзæн Хæдбар паддзахадты æмхæларады парламентариты делегаттимæ кусынæн. Конференцийы фæстæ махæн уыд сæрмагонд фембæлдтытæ Сомихстон æмæ Казахстаны делегаттимæ. Мæ бон у фидарæй зæгъын, мах ууыл кæй не ‘рлæудзыстæм æмæ дарддæр дæр кæй архайдзыстæм Хæдбар паддзахадты æмхæларады бæстæты парламентаритимæ бастдзинæдтæ уæрæхдæр кæныныл», – загъта Тадтаты Алан.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, конференцийы официалон куысты фæстæ Хуссар Ирыстоны делегацийæн уагъд æрцыд хицæн фембæлдтытæ УФ-йы Паддзахадон Думæйы фракциты къухдариуæггæнджытимæ.

«Паддзахадон Думæйы фембæлд уыд фракциты къухдариуæггæнджытимæ. Фыццаг фембæлд нын уыд УФ-йы Коммунистон партийы фракцийы къухдариуæггæнæг Геннади Зюгановимæ. Афтæ ма нæ делегаци фембæлд Хæдбар паддзхадаты æмхæларады бæстæты, евразиаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты хъуыдæгты фæдыл УФ-йы Паддзахадон Думæйы комитеты уæнгтимæ. Комитеты Сæрдар Леонид Калашников нæ райста хъарм ахастытимæ, æмæ мæ фæнды банысан кæнын, растдæр ацы комитеты кæй ис 1920 азы ирон адæмы геноцид банымайыны фарст. Фемблæлды рæстæджы цы фарстыл уынаффæ кодтам, уый фыццаджыдæр хауд нæ адæмы геноцидмæ. Мах федтам æххæст æмбарынад нæ уæрæсейаг коллегæты фарсæрдыгæй. Куыд æй зонут, афтæ-мæй Паддзахадон Думæйы арæзт æрцыд 20 азты ирон адæмы геноцид банымайыны фæдыл къамис, кæцыйы къухдариуæггæнæг у Хæдбар паддзахады æмхæларады бæстæты, евразиаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Виктор Водолацкий», – банысан кодта спикер.

Тадтаты Алан ма загъта, зæгъгæ, УФ-йы Паддзахадон Думæйы къамис Цхинвалмæ кæй æрцæудзæн 15 декабры ирæтты геноциды фæдыл архивон документтимæ базонгæ уæвыны фæдыл.

«Арæзт æрцæудзæн уыцы къамисы хуссарирыстойнаг хай дæр, æмæ Цхинвалы уæрæсейаг коллегæтимæ фембæлды рæстæджы уыдонæн лæвæрд æрцæудзысты, ирæтты геноциды фæдыл нæм цы информаци æмæ документтæ ис, уыдон.

Уæрæсейаг коллегæтæ ма семæ æр-хæсдзысты ацы фарсты фæдыл архивон документтæ. Уымæй уæлдай ма, парламентаритæ зынгæ ахуыргæндтæ, историктæн бахæс кодтой, цæмæй ирæтты геноциды фæдыл документаци æртымбыл кæной. Иу ныхасæй, æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уыдонæн æнтыстытæ кæй уыдзæн», – банысан кодта спикер.

Уыцы фембæлды ма æруынаффæ кодтой рæстæгон ввозы тыххæй фарстыл, кæцы абоны бон актуалон у нæ республикæйы.

«Хуссар Ирыстоны Парламент бацæттæ кæндзæн УФ-йы Паддзахадон Думæмæ сидт, цæмæй автомашинæты рæстæгон ввозы тыххæй фарст скъуыдзаг æрцæуа. Не ‘мбæстæгтæ сæмбæлынц проблемæтыл æмæ æз афтæ   хъуыды кæнын, ацы фарст æвæрццагæй скъуыддзаг кæй æрцæудзæн. Æртыккаг фарст, кæцыйыл мах уынаффæ кодтам,  уыд чиныг «Осетины на службе Третьего рейха», кæцы æрæджы мыхуыры рауагътой мæхъæлон провокатортæ æмæ историйы фальсификатортæ. Банысан кæнын мæ фæнды, историйы ахæм никуы уыд, æмæ истори ногæй ныффысынæн та мах бар нæ ратдзыстæм. Æмæ мах бадзырдтам, ацы фарсты фæдыл дæр УФ-йы Паддзахадон Думæмæ кæй уыдзæн Парламенты сидт», – загъта Тадтаты Алан

РХИ-йы Парламенты Информацион-

аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.