16 ноябры РХИ-йы Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты æмæ УФ-йы Паддзахадон Думæйы Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъуыддæгты, евразиаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл УФ-йы Паддзахадон Думæйы комитеттæн уагъд æрцыд иумæйаг рабадт.

Уæрæсейаг делегацийы къухдариуæггæнæг, Паддзахадон Думæйы Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъуыддæгты, евразиаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Виктор Водолацкий банысан кодта, зæгъгæ, Паддзахадон Думæйы депутаттæн сæ нысан у Хуссар Ирыстоны Парламентимæ æнтыстджын куыст кæнын.

«Рабадты æппæт хайадисджытæн сæ нысан у сымахимæ æнтыстджын куыст кæнын. Мах фæнды дарддæр дæр иумæйаг архайд кæнын, цæмæй иннæ хатт, уæ комитет мах фæзуатмæ куы æрцæуа, уæд махæн уа æхсæнпарламентон æмархайды бæлвырд фæстиуджытæ», – загъта Водолацкий.

Уый хъусдард аздæхта закъондæттынады фадыджы æмгуыстады ахсджиагдзинадмæ, моделон закъæтты проекттыл иумæйаг куыст хынцгæйæ, æмæ банысан кодта, моделон закъæтты проекттæ абоны бон кæй æххæссынц æмткæй паддзахады цардыл.

Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь банысан кодта, моделон закъæттæ кæй разæнгард кæнынц хуссарирыстойнаг парламентариты куыст.

«Мах кæддæриддæр архайæм нæ закъондæттынад уæрæсейаг закъондæттынады æнгæс скæныныл. Моделон закъæттæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, сты нæ куысты разæнгардгæнæг», – загъта Коцты фырт.

Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазбег куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны сæйраг проблемæтæ сты цæрджыты куыстæй ифтонг кæнын, экономикæйы реалон сектор æмæ хъæууон хæдзарады рæзты фарстатæ.Уый ма банысан кодта, Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хъуыддæгты, евразиаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитет кæй кусы, Хуссар Ирыстонимæ баст фарстатыл æмæ алы хатт дæр цæттæ у, раздæры ССРЦ-ы тыгъдады æмбæстæгтæн баххуыс кæнынмæ.

«Абоны бон Хуссар Ирыстоны скъуыддзаг кæнын хъæуы аграрон фадыг æмæ республикæйы кондады рæзт, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсемæ хуссарирыстойнаг продукци ласыны уаг срæвдз кæнынимæ баст фарстатæ», – загъта Тайсауы фырт.

Тайсауты Хъазбег, куыд Паддзахадон думæйы депутат æмæ куыд ирон адæймаг, афтæ ма банысан кодта, абоны бон сæйраг кæй у Хуссар Ирыстон Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады уæнг цæмæй суа, уыцы фарст аскъуыддзаг кæнын.

«Æз æппæт тыхтæ дæр ратдзынæн, цæмæй Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады сконды Хуссар Ирыстон уа цæстдарæджы хуызы. Стæй уæд архайдзынæн, цæмæй Хæдбар Паддзахадты Æмхæ-ларады уый суа æххæстбарджын уæнг æмæ куыд хæдбар паддзахад, афтæ йæ бон уа, иннæ паддзахадтимæ, Æм-хæларадмæ хауæг фарстатæ скъуыддзаг кæнын, уыцы нымæцы ахæм фæзуæтты, кæцытæ арæзт цæуынц Хæдбар Паддзахадты Æмхæ-ларады æмæ ОДКБ-йы бындурыл», – загъта Тайсауты фырт.

Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр банысан кодта, Хуссар Ирыстонæн кæй ис Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады скондмæ бахизыны бар.

«Ды раргом кодтай уыцы хъæппæрис,  нæ рабадты рæстæджы Президент Бибылты Анатоли махæн кæй бахæс кодта. Æцæ-гæйдæр махæн ис æппæт разæууæлтæ, æмæ æппæт бартæ дæр, цæмæй нæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады скондмæ райсой. Райдианы, кæй зæгъын æй хъæуы, цæстдарæджы хуызы. Уый махæн тынг ахсджиаг у», – загъта Парламенты спикер.

Профилон комитеты сæрдар Коцты Игорь дæр бахатыд уæрæсейаг коллегæтæм, цæмæй бакуыстæуа хуссарирыстойнаг закъондæдтынадон органы хайадисты фарстыл Хæдбар Паддзахадты Æмхæ-ларады бæстæты æхсæнпарламентон ассамблейы куысты цæстдарæджы хуызы.

Паддзахадон думæйы депутат Юрий Мищеряков дыууæ комитеты иумæйаг рабадты банысан кодта, Хуссар Ирыстоны столицæ  горæт Цхинвалæн кæй ис æппæт фадæттæ дæр, цæмæй суа сæйраг æмæ стыр горæтты дунеон ассамблейы хайад-исæг.

«12 декабры Паддзахадон думæйы   Горæтты дунеон ассамблейы фæлгæтты нæ зæрды ис уæрæх мадзал ауадзын, æмæ хорз уаид, Хуссар Ирыстонæй нæ кол-легæты дæр куы райсиккам ацы ассамблейæмæ, декабры рабадты размæ», – загъта уый.

Уымæй уæлдай ма, Мищеряков загъта йæ фæндон Хуссар Ирыстон æмæ Оренбургы областы æхсæн æмгуыстады фæдыл сразыдзинад бацæттæ кæныны тыххæй.

«Оренбургы область у ахæм территори, кæцымæ ис газ, нефть, металлурги æххæст гуырахстæй, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, дзул, уымæн æмæ мах стæм хъæу-уонхæдзарадон регион. Кæцыдæр регионтимæ æмгуыстады æмæ æмхæларады фæдыл бадзырдтæм æркастæн æмæ  куыд Оренбургы областы депутат, афтæ  мæнмæ фæзынд ахæм фæндон, нæ област Хуссар Ирыстонимæ бадзырд куы саразид», – загъта хуссарирыстойнаг парламентаритæн Мищеряков.

Паддзахадон думæйы депутат банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарстыл дзурдзæн Оренбургы губернаторимæ фембæлды рæстæджы.

«Чизоны, фембæлды рæстæджы ацы фарст аскъуыддзаг кæнæм. Фыццаджыдæр, æввæццæгæн хъæуы уæ интерестыл æруынаффæ кæнын æмæ æркæсын, куыд æмæ уын цæмæй баххуыс кæн-дзыстæм, уый», – банысан кодта Мищеряков.

Парламенты спикер Гасситы Петр сразы ис уæрæсейаг парламентарийы фæндонимæ.

«Хуссар Ирыстон рагæй дæр уыд аграрон бæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, 20 азон хæст хъæууон хæдзарадæн стыр зиæнттæ æрхаста, фæлæ йæ абон мах æндидзын кæнæм, æмæ тагъд рæстæджы мах ласдзыстæм УФ-йы территоримæ экологон æгъдауæй сыгъдæг хъæууонхæдзарадон продукттæ. Уымæн нын æппæт фадæттæ дæр ис», – загъта Гассийы фырт.

РХИ-йы Парламенты

 информацион-аналитикон службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.