8-æм октябрæй 11-æм октябрмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты делегаци Парламенты Сæрдар Æлборты Аланы сæргълæудæй официалон балцы уыдзæн Уæрæсейы Федерацийы. Делегацийы сконды сты Парламенты алы фракцийы минæвæрттæ дæр.

Æлборты Алан куыд загъта, афтæмæй сæ балцы рæстæджы хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ    фембæлдзысты сæ уæрæсейаг коллегæтимæ. Парламентаритæ уынаффæ кæндзысты къорд актуалон фарстатыл, уыцы нымæцы, таможнæйон фиддонтæ кæй  фæфылдæр сты æмæ арæныл ахизыны рæстæг  фæкъаддæр кæныны тыххæй.

«Арæны сæрты хизыны тыххæй фарстатæ, уыцы нымæцы контролон-уадзæн пунктыл хизгæйæ, адæм бирæ рæстæг кæй хардз кæнынц, уый тыххæй дæр æмæ автомашинæты ввозы проблемæйы фарсты тыххæй дæр нæ парламентаритæ арæх фæдзурынц æхсæнпарламентон  къамисы форматы. Ныр дæр та ногæй хъусдард аздахдзыстæм уыцы фарстатæм. Фæстаг рæстæджы сæвзæрд ног проблемæтæ – фæфылдæр сты таможнæйон фиддонтæ, фæзынаргъдæр æртаджы аргъ æмæ афтæ дарддæр. Æппæт ацы проблемæты тыххæй нæ республикæйы уæлдæр къухдариуæгад  ныхас кæны уæрæсейаг партнертимæ. Скъуыддзаг цæуы æртаджы аргъ æмæ таможнæйон фиддонты фарст», – банысан кодта РХИ-йы Парламенты спикер.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, дыууæ бæстæйы закъондæттæг органтæ дæр бакусдзысты æнгæс уавæрты пробле-мæмæ рæстæгыл хъус æрдарыны механиз-мыл.

Официалон балцы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ сæ къухтæ æрфысдзысты æмгуысткæнынады тыххæй ног сразыдзинадыл.

Æлборты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ног сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын уыд Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володины инициативæ.

«Ног сразыдзинады фæлгæтты фæнд цæуы æдзух архайæг бæрзонд æхсæнпарламентон къамис саразын. Йе скондмæ бацæудзысты дыууæ паддзахады закъондæттæг органты вице-спикертæ. Ахæм формат фæахъаз уыдзæн æппæт фарстатæ дæр оперативон æмæ конструктивонæй скъуыддзаг кæнынæн, æххæстгæнæн хицауиуæгады структурæты сæргълæуджыты дæр сæм бакæнгæйæ», – загъта Æлборты Алан.

Официалон балцы рæстæджы хуссарирыстойнаг парламентаритæ фембæлдзысты УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкоимæ.

***

Къуырисæры 9-æм октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Æлборты Алан æмæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин Мæскуыйы сæ къухтæ æрфыстой æмгуысткæнынады тыххæй сразыдзинадыл.

«Мах рахызтыстæм æмгуысткæнынады ног æмвæзадмæ. Нæ куыст дзаг кæнæм конкретон мидисæй. Бæстæты ‘хсæн ахастыты рæзтмæ парламентты фарсæрдыгæй  уый у нæ хайбавæрд, уый импульс ратдзæн æмахастытæн», – банысан кодта Вячеслав Володин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты ‘хсæн ног сразыдзинады руаджы дыууæ бæстæйы депутаттæн фадат уыдзæн æдзухон диалогæн.

«Дзырд цæуы бæрзонд æмвæзады æхсæнпарламентон къамисы сырæзтыл, кæцыйы фæлгæтты нæ бон уыдзæн парламентон тыгъдады дыууæфарсон ахастыты фарстатыл ныхас кæнын. Басæттын хъæуы ууыл, æмæ нырма фаг нæ пайда кæнæм уыцы форматæй», – загъта уый æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, æмахастытæ активондæрæй рæзын кæнын хъæуы профилон комитетты æмвæзадыл дæр.

«Нæ адæмты æмæ бæстæты раз мах бæрндзинад хæссæм æнгомдæр ахастытæ аразыны тыххæй. Адæмы хъæуы ахæм диалог», – банысан кодта Вячеслав Володин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы æппæт фракцитæн дæр сæ хъуыды иу у, зæгъгæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастытæ хъуамæ фидардæр кæной æмæ рæзой  æууæнчы, хæлардзинады, кæрæдзийæн пайдайы æмæ суверенон паддзахадты мидæггагон хъуыддæгты хи нæ хæццæ кæныны принциптыл.

Æлборты Алан банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон стыр аргъ кæны йе стра-тегион партнеры фарсхæцынадæн: «Уæрæсе махæн не стыр Райгуырæн бæстæ у».

«Ноджыдæр банысан кæндзынæн не стратегион цæдисон Уæрæсеимæ нæ республикæйы цæрджыты солидарондзинад йæ рæстагон тохы», – бахахх кодта Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Æлборты Алан.

Уый фæндвидардзинад равдыста ахæм хъуыддаджы, зæгъгæ, депутатты æмахастыты ног формат ахъаз уыдзæн æппæт сæвзæргæ фарстатæ дæр оперативон æмæ конструктивонæй скъуыддзаг нæнынæн.

Æлборты Алан Вячеслав Володины фæхуыдта Хуссар Ирыстонмæ.

Йæ рады Паддзахадон Думæйы Сæрдар Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдарæн загъта, цæмæй декабры мæйы хайад райса «Хæдбар паддзахадты æмхæларады æхсæнпарламентон æмгуысткæнынады политикон партиты фракциты æмæ блокты æмахастыты роль»-ы темæйыл æрвылазон æхсæнадæмон конференцийы. Конференци уагъд цæудзæн Паддзахадон Думæйы.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.