Абон не взонг паддзахад – Республикæ Хуссар Ирыстон æндидзы рæзы, стыр къахдзæфтæй размæ цæуы, бонæй-бон цæрдхъомдæр кæны. Уый афтæ кæй у, у уый алчидæр уыны. Бæстæйы сæргълæууæг йæ адæмы, йæ Райгуырæн бæстæйы хъысмæтыл  зæрдæйæ куы фæриссы, уæд йæ къухты бафты бирæ хорздзиндтæ саразын. Йæ адæмыл зæрдæйæ кæй риссы нæ бæстæйы Президент  дæр, уымæн иууылдæр стæм æвдисæнтæ.

Фондз азы размæ Хуссар Ирыстоны Президентæй Тыбылты Леонид æв-зæрст куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ нæ хъуыддæгтæ цæуынц нæхи фæндиаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, 20 азы дæргъы хæстон уавæрты цæргæйæ, раууатмæ цы инфраструктурæ, цы экономикæ æрцыд, уый уайтагъд сæндидзын кæнын зын у, фæлæ абон нæ къухты цы стыр æнтыстытæ бафтыд, уы-донæй уал стæм тынг райгонд. Тыбылты Леониды йæ удæй ныфс уыд йæ радтæг хæстæфхæрд Ирыстонæн, йæ адæмæн хорзы кæй бацæудзæн, сæ уæззау цард сын кæй фæрогдæр кæндзæн, уымæй æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Фондз азмæ 400 объектæй фылдæр арæзт кæй æрцыд йæ къухдариуæгады бын, уый стыр хъуыддаг у. Уый æппæт тыхтæй дæр архайы йæ адæмæн исты хорзы бацæуыныл, республикæ йæ къахыл тагъддæр слæууын кæныныл, уымæн æмæ йæ хорз æмбары, дæргъвæтин хæстон уæззау фæндагыл рацæуæг адæм кæй бафæлладысты алыварсонæй дæр, уый. Арæх мæ зæрдыл æрлæууы, 2015 азы Национ музей официалонæй байгом кæныны церемонийы рæстæджы РХИ-йы фыццаг Президент Цыбырты Людвиджы раныхас. Уый загъта, зæгъгæ, абон Хуссар Ирыстон у раст фæндагыл лæуд, ныр сабыр арвы бын цæрынц йæ цæрджытæ æмæ сæ æппæт тыхтæй дæр хъæуы аразын, республикæ æндидзын кæнын. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, цыбыр рæстæгмæ республикæйы тынг бирæ арæзт æрцыд Президент Тыбылты Леониды къухдариуæгадæй æмæ зæгъ, Ирыстоны ногдæр историмæ йæ ном бацæудзæн куыд Леонид-Аразæг, афтæ.

Акæсут-ма, нæ республикæйы цас арæзт æрцыд æмæ ноджыдæр арæзт цæуы. Нæ хæстæфхæрд горæт-хъайтар Цхинвалы уынгты уындæй зæрдæ райы æмæ фæзæгъæм, æгайтма нæ горæты кæддæры рæсугъд уынгтæ сæ раздæры хуыз æрцахстой. Никæйы уал уырныдта рыг æмæ цъыфы уацарæй ма искуы фервæздзыстæм, уый, фæлæ нæ цæстыты раз бонæй-бон рæсугъддæр кæны нæ горæт, æндидзыд цæуынц районтæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, не ‘хсæн ис иуæй-иу пессимисттæ дæр. Уыдонæн та мæ фæнды зæгъын, цæмæй сæ цæст ахæссой, нæ республикæйы æмткæй фондз азмæ арæзт æмæ æндидзыд цас объекттæ æрцыдысты, уыдоныл. Мæнмæ гæсгæ, уæд сæ хъуыды фæивдзысты. Адæймаг хорз цардыл тагъд ахуыр кæны æмæ уымæ гæсгæ иуæй-иутæй айрох сты фондз азы размæ дæр ма нæ горæты уынгтæ цы æдзæллаг уавæры уыдысты, уыдæттæ. Афтæ чи дзуры, зæгъгæ, арæзт уадиссаг ницы æрцыд, уыдонмæ мæ маст рахсиды. Ау, куыд ницы æрцыд арæзт, æви нын афтæ цыбыр хъуыдыкæнынад ис? Нæ цæстытыл ма йæ ауайын кæнæм, нæ горæты уынгты фæцæйцæугæйæ-иу рыджы кæй хуыдуг кодтам æмæ-иу кæрæдзи рыджы цалдæр метрмæ дæр куынæуал уыдтам, бирæтæн рыгæй аллерги кæй райдыдта, уымæ гæсгæ маскæты кæй цыдысты, уыдæттæ. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм, нæ уынгтæ дæргъвæтин рæстæджыты къæхтытæй кæй лæу-уыдысты, уымæ гæсгæ-иу уынджы иу фарсæй иннæмæ бахизыны тыххæй фæйнæджыты гæппæлтыл тæрсгæ-ризгæйæ кæй хызтыстæм, къахт уæрмыты сæрты кæй гæппытæ кодтам, уыдæттæ. Уыдис нæм ахæм цаутæ дæр æмæ-иу гом уæрмыты ныххаудтой не ‘мбæстæгтæ æмæ-иу цалдæргай мæйты гипсыты фесты. Бирæтæ-иу худæджы хуызы дæр дзырдтой, зæгъгæ, телепроект «Остаться в живых» Цхинвалы хъуа-мæ уадзиккой. Къæвда бонты та-иу астæумæ цъыфы кæй цыдыстæм, уымæ гæсгæ бирæтæ дарын райдыдтой резинæ къахыдарæс. Нæ горæты змæст уынгтæм акæсгæйæ-иу зæрдæ ныууæззау, нал-иу нæ уырныдта искуы ма уыцы уавæрæй рахиздзыстæм,  уый дæр. Фæлæ, хуыздæр фæуæд нæ Президент Тыбылты Леонид, йæ фæрцы райсомæй сыгъдæг уынгтæм рахизæм æмæ зæрдæрайæ нæ куыстытыл сæмбæлæм.

Уæдæ дæргъвæтин рæстæджы Паддзахадон театры сыгъд бæстыхайы уындæй зæрдæ скъуыдтæ кодта. Йæ арæзтад афтæ тынг ныддаргъ æмæ бирæты уырнгæ дæр нал кодта, искуы ма сырæздзæн, уый æмæ йæм аразынмæ куы æрæвнæлдтой, уæд æм адæм уынынмæ цыдысты æмæ-иу фырцинæй сæ цæссыгтæ сæ рустыл æруадысты. Æмæ ныр та? Акæсут-ма, куыд тынг рафидыдта театры ног бæстыхай, йæ уындæй зæрдæ хурварс абады. Мæнæ аргъæутты куыд вæййы, афтæ: авд ахæм хуыздæр фестад æмæ тагъд рæстæджы йæ дуæрттæ байгом кæндзæн не ‘мбæстæгтæн. Театралон фæзуат тынг рафидаудзæн фонтан дæр ма арæзт куы фæуа, уæд. Мæскуыйы уынджы универстиеты комплексы арæзтадмæ кæсгæйæ нæхицæй ныббуц вæййæм, уымæн æмæ æввахс рæстæджы нæ фæсивæд ахуыр кæндзысты æппæт домæнтæн дæр дзуапп чи дæтты, ахæм уæлдæр ахуырадон уагдоны. Афтæ чи дзуры, зæгъгæ, ницы арæзт æрцыд, уыдон раст не сты. Де знагæй дæр раст цы у, уый хъуамæ зæгъай, уыйас адæймагдзинад нæ хъуамæ  алкæмæ дæр разына. Æниу нæ Хуыцау бахизæд æмæ кæрæдзийæн знæгтæ уæм, æз æй цæвиттоны хуызы загътон.

Ноджы ма йæ зæгъон, фондз азмæ 400 объектæй фылдæр эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуой, уый стыр æнтыст у! Уæдæ ма цы вæййы! Критикæгæнджытæн та мæ фæнды зæгъын, дзыхæй алцыдæр æнцон ацаразæн  у, фæлæ хъуыддаджы куы бацæуай, уæд афтæ нæ вæййы. Иуæй-иутæ афтæ кæй фæдзуырнц, зæгъгæ, дам, хъæууонхæдзарады фадыджы рæзты тыххæй ницы арæзт цæуы, уый дæр раст нæу. Ау, нæ телеуынынады экраныл арæх куы фæцæуынц æвдыст фермерты тыххæй алæ-вæрдтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма бирæ бакусын хъæуы нæ экономикæйы рæзты тыххæй. Фæлæ уал фыццаг рады хъуамæ арæзт æмæ æндидзыд æрцæуой нæ горæты уынгтæ, арæзт æрцæуа цæрæнуат, районты фæндæгтæ æмæ бирæ, бирæ æндæртæ. Æмæ уыцы иурæстæджы та искæйы къухмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, уыйбæрц саразын  тынг зын у. Фæлæ нæ хъуыддæгтæ ныртæккæ куыд цæуынц, афтæ нын дарддæр дæр куы ацæуой, уæд æввахс рæстæджыты скъуыддзаг æрцæудзысты нæ республикæйы ахсджиагдæр проблемæтæ, уыцы нымæцы нæ экономикæйы фарстытæ дæр. Арæх ахъуыды кæнын: Хуссар Ирыстонмæ 2008 азы августы тугуарæн æнæмсæр хæсты фæстæ цы финансон фæрæзтæ æмæ гуманитарон æххуыс фæцыдысты, уыдон нысанмæздæхтæй хардз куы æрцыдаиккой, уæд абон хуссарирыстойнаг цæрджыты цардуагон уавæртæ цахæм уыдаиккой? Кæй зæгъын æй хъæуы, иттæг хорз. Афонмæ не ‘взонг паддзахад дидин æфтауид, кæронмæ хæрзарзæт фæуыдаиккой нæ горæты уынгтæ, скъуыддзаг æрцыдаиккой районты фарстытæ дæр. Æмæ абон Уæрæсейæ цы финансон фæрæзтæ цæуынц, уыдонæй та сæндидзын кодтаиккам хъæууонхæдзарады, экономикон фадгуытæ.  Бæргæ, афтæ куы уыдаид, фæлæ…

Нæ паддзахады сæргълæууæгмæ ма цы хорз миниуджытæ ис, уыдонæй иу та у мастисæн кæй никуы фæкæны, уый. Æрмæст йæ ацы хорз миниуæг дæр дзурæг у ууыл, æмæ нæ паддзахады сæргълæууæг кæй у æцæг дипломат æмæ куырыхон адæймаг. Йæ ацы миниуæг хъуамæ цæвиттойнаг уа æндæр къухдариуæггæнджытæн дæр. Уый 2011 азы ныддихтæгонд æхсæнад куыд æрбангом кодта, уый тыххæй дæр ын стыр аргъ кæнын хъæуы.

Æнæскойгæнгæ мын нæй, Тыбылты Леонид УФ-йы Президент Владимир Путинимæ фондз азы дæргъы аст хатты кæй фембæлд, уый тыххæй дæр. Ацы аз 21-æм марты та уыд дыууæ бæстæйы Президентты  радон фембæлд. Ацы фембæлдæй Владимир Путин ирдæй фенын кодта, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæн стыр кад, стыр аргъ  кæй кæны, уый…

Мæ уацы кæрон мæ фæнды зæгъын, цæмæй 9-æм апрелы Президенты æвзæрстытæ ацæуой сабыр уавæры, адæм схъæлæс кæной нæ историон ном раздахыны тыххæй дæр æмæ хуыйнæм Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Алани.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.