Æртæ æнусæй фылдæры размæ фæзындысты авгын фæрдгуытæ, ныртæккæ «бисер» кæй хонæм, уыдон. Сæ фæзындæй абоны онг сæ истори алыгъуызон цымыдисон цаутæй хъæздыг у, дугивæнтимæ ивта сæ пайда кæныны нысаниуæг дæр. Ныры дуджы дæр бисертæй пайда кæнын нæ фесæфта йæ нысаниуæг, пайда дзы кæнынц, куыд дарæс срæсугъд кæнынæн, афтæ алыгъуызон мигæнæнтæ, дидинджытæ, бæлæстæ, нывтæ æмæ æндæр ахæмтæ  аразынæн.

Не ‘мбæстаг Чъелеты Зандæ бисерæй фæлындзыны куыст кæд рагæй нæ  кæны, уæддæр ныридæгæн йæ аивады къæбицы ис тынг бирæ дзаумæттæ. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй у хæдахуыр, архайы æрмæстдæр йæхи фантази æмæ арæхст-дзинады руаджы.

«Фондз азы размæ интернеты амбæлд-тæн бисертæй быд алыгъуызон дидинджытыл æмæ тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ. Бафæндыд мæ ахæм куыст мæхи къухтæй саразын. Уæды онг никуы архайдтон бисерæй æмæ мæ, раст зæгъгæйæ, ныфс нæ уыд, рауайдзæн мын, уымæй. Фæлæ балхæдтон, дидинæг саразынæн мæ цыдæ-риддæр æрмæджытæ хъуыд, уыдон æмæ балæууыдтæн мæ куысты уæлхъус»,- ра-дзырдта Зандæ.

Æрыгон чызджы арæхсджын къухтæ уал тынг æнцонæй снывæзтой фиалкæ ди-динæг, кæцы йæ рæсугъддзинадæй барухс кодта йæ аразæджы зæрдæ. Афтæ хорз ын кæй рауад, уый баразæнгард кодта Зандæйы дарддæр бисертæй  бийынмæ. Алыгъуызон чысыл дидинджытæ бийын сахуыр кæныны фæстæ, Зандæйы бафæндыд ацы æрмдæсныйады вазыгджындæр хиæдтæ сахуыр кæнын æмæ райдыдта, егъаудæр  бæлæстæ æмæ уардитæ бийын. «Кæд дидинджытæй бæлæстæ бирæ зындæр аразæн сты, уæддæр уыдоныл кусын мæ зæрдæйæн у æхцондæр. Сæйраджыдæр уымæн, æмæ бæлæстæ аразын домы фылдæр арæхстдзинад, уæрæхдæр кæнынц адæймаджы фæл-тæрддзинад æмæ арæхстдзинад. Фæхъæуы спайда кæнын ахæм методтæй, кæцытæ домынц фылдæр фердæхтдзинад æмæ уæрæхдæр фантази. Бæлас саразыны фæстæ ма мæм фæзыны йæ алфæм-блай йын алыгъуызон пейзажтæй сфæлындзыны хъуыды, æмæ мæ фантазимæ гæсгæ алы бæласæн дæр йæ алварс снывæндын, куыд мæм аивдæр фæкæсы, афтæ. Уый тыххæй кæд фылдæр аразæн æрмæджытæ æмæ рæстæг бахъæуы, уæддæр дзы æз райсын æхцондзинад æмæ мæ куыстæй баззайын райгондæй»,- загъта Зандæ.

Зандæйы куыстытæй нæй ахæм, бирæ рæстæджы дæргъы тæрхæгыл чи баззайы, уыдонæй алкæцы дæр уайтагъд ссары йæ хицауы.

«Райдайæны бисертæй бийыны куыст куы райдыдтон, куы-иу сбыдтон дидинæг æмæ-иу кæй зæрдæмæ фæцыд, уымæн-иу æй балæвар кодтон. Афтæ у ныронг дæр».

Зандæйы æрмдæсныйад тынг цæуы адæмы зæрдæмæ æмæ йæм вæййы бирæ закъазтæ. Иуахæмы йæм бахатыд йæ зонгæ чызг, цæмæй йын кæмæндæр лæварæн сбийа дыууæ бæрз бæласы. Уыцы цауы фæстæ Зандæйы куыстытæ æвæрд æрцыдысты Уæрæсейы боны цытæн Цхинвалы уагъдцæуæг аивадон равдысты. Нæ республикæйы Президент Бибылты Ана-толи куы федта Зандæйы куыстытæ, уæд уайтагъд базыдта, æрæджы йын цы декоративон бæрзбæлас балæвар чындæуыд, уый кæй уыд Зандæйы къухтæй конд. Президент ын раарфæ кодта йæ арæхстдзинад æмæ куыстуарзондзинады тыххæй.

Зандæйы куыстытæ æрвылаз дæр бахауынц нæ республикæйы алы-гъуызон конкурстæ æмæ равдыстытæм æмæ кæддæрид-дæр райсынц аккаг бынæт-тæ, ис ын бирæ грамотæтæ, хорзæхтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. 2017 азы хайад райста конкурс «Цвети Осетия моя»-йы æмæ уым та ссис «Мастер года»-йы номы хицау.

Зандæйы хъуыдымæ гæсгæ, адæймаг цы дæсныйад уарза, уымæн йæ сусæгдзи-нæдтæ хъуамæ ма хæлæг кæна, рæдауæй сæ амона æндæртæн,  сæйраджыдæр та рæзгæ фæлтæрæн. Ныр-тæккæ Зандæ кусы Знауыры Сывæллæтты Сфæлдыстады хæдзары ахуыры хайады гæсæй. Уым ма байгом кодта бисерæй бийыны секци æмæ рæзгæ фæлтæрæн амоны  ацы æрмдæсныйады сусæг-дзинæдтæ.

«Алы дæсныйад дæр, йæ нысаниуæгмæ гæсгæ, у хъæугæ. Уымæ гæсгæ хъуамæ амынд цæуа рæзгæ фæлтæрæн,  æмæ кæд æнусты сæрты æрхæццæ ис махмæ, уæд ма хъуамæ аскъуыйа йæ таг æмæ лæвæрд æрцæуа фидæны фæлтæртæм дæр. Рæзгæ фæлтæр хъуамæ ахуыр кæной æрмдæсныйады алы хуызты сусæгдзинæдтыл дæр. Сæйраг професийы æм-рæнхъ уый кæддæриддæр бабæздзæн адæймаджы размæцыдæн».

Зандæ йæ куыстыты ахæм рæсугъд хуызтæй спайда кæны æмæ адæймаджы цæстæнгас сæхимæ фелвасынц, куыд сæ аив нывæзтæй, афтæ ма сæ цардæгас хуызтæй дæр. Уыцы куыстыты автор ба-вæры йæ зæрдæйы уарзт йæ куыстмæ æмæ уымæй вæййынц ноджы аивдæр æмæ зæрдæлвасдæр. Бисеримæ куыст домы бирæ фæразондзинад, фæлæ куыстуарзаг чызг никуы фæтыхсы.

«Боны дæргъы адæймагæн дон баназын æнæмæнгхъæуæг куыд у, афтæ мæнæн та æнæмæнгхъæуæг у, алы бон дæр ног истæуыл  бакусын. Адæймаджы куы фæнда, уæд ссардзæн  цыфæнды зындзинад дæр аиуварс кæныны фæрæз»,- зæгъы куыстуарзаг чызг.

Йе сфæлдисгæ куыстыты «уд» бауадзыны нысанæн ма Зандæ æрымысыд сæ иуæй-иутæй æхсæвы рухсгæнæнтæ саразын дæр.  Æнæуый дæр сæ рæсугъддзинадæй цæсты тигътæ чи исынц, уыцы аив куыстытæ æхсæвы тары электроны рухс-мæ баиу кæнгæйæ ноджы свæййынц аргъæутты кæркæ-мæркæ дзаумæтты хуызæн.

Зандæ куыд зæгъы, афтæмæй йын ныронг цы бантыст, уыдæтты нымайы, йæ фидæны бæллицтæ сæххæст кæнынмæ райдайæн къахдзæфыл. Дарддæр та фæнд кæны ацы фадыджы ноджы бæрзонддæр къæпхæнмæ схизын, цымыдисагдæр куыстытæ саразын. Уыдонæй уал нын раргом кодта сæ иу, уый та у «Нарты фæткъуы». Ис æм тынг бирæ фæндтæ ирондзинад, йæ уарзон адæмы истори æмæ культурæ йæ къухы уырзтæй ирдæй равдисыны фæдыл.

Æнтыстытæ кæм вæййы, уым кæддæриддæр вæййы зындзинæдтæ дæр. «Æз цы бисертæй пайда кæнын, уыдонæн  ссарæн нæй нæ республикæйы æмæ, æгæрыстæмæй, Цæгат Ирыстоны дæр. Уымæ гæсгæ æз интернеты фæрцы бисерты магазинтæм арвитын закъазтæ æмæ афтæмæй самал кæнын æрмæджытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй къуылымпы кæны мæ куыст дæр», – зæгъы Зандæ.

Зандæ у æртæ хъæбулы мад, æмкъай æмæ хæдзарон æфсин. Фæлæ йын йæ  куыстуарзондзинад æмæ рæстæгæй пайда кæнын, фадат дæттынц алцæуыл дæр аххæссынæн. Сæйраг у: адæймаджы бафæнда!

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.