Паддзахадæн, чысыл уа æви стыр, мæгуыр уа æви хъæздыг, уæддæр йæ  сæйраг хъæздыгдзинад уыдзысты йæ адæм. Æнæ адæм паддзахадæн уæвæн нæй. Æмæ иугæр паддзахад уæвынад кæны, уæд уый у йæ адæмы фæрцы æмæ йын йæ адæмæй бæрзонддæр æмæ табуйагдæр мацы хъуамæ уа, паддзахад фыццаджы-фыццаг хъуамæ тыхса йæ адæмыл.

Цардмæ ахæм позицийы цæстæй куы кæсæм, уæд мах адæмæй «амондджындæр» адæмæн ссарæн нæй. Уымæн æмæ махмæ адæмыл «тыхсы» алчи дæр. Тæккæ знон дæр ма адæмы мызды, пенсийы каппеччытæ ахæрынмæ цæттæ чи уыд, паддзахадæй адæммæ цы æмбæлд, уыдон кæй дзыппмæ цыдысты, ахæмтæн дæр свæййынц адæм паддзахады хъæздыгдзинад, æвзæрстытæм ма нымад рæстæг куы баззайы, уæд. Уый та паддзахадæн æнамондзинад у. Уымæй æнамонддзинаддæр та у, ахæмтæн адæм сæ ных бакъуырыны бæсты сæхи куы фæнывонд кæнынц, уый…

Æмæ уыдæттæ æркæнынц æхсæнады кризисмæ, адæмы знæтдзинад æмæ хæццæдзинадмæ, æмбæстагон æнæразыдзинадмæ. Хуыцау бахизæд, фæлæ, æгæрыстæмæй, падзахады ныппырхмæ дæр…

Цæмæй паддзахад, уæлдайдæр та чысыл, æдых æмæ æнæбон паддзахады Хуыцау ахæм фыдбылызтæй хызт уадза, цæрдхъом æмæ къахыллæууынхъом уа, уый тыххæй алцы иууыл уæлдæр хицауæй домын нæ хъæуы, домын хъæуы алкæмæй дæр, фыццаграды: алчи – йæхицæй… Паддзахады хæрзæбонæн кусын хъæуы, намысджынæй, æнæзæрдæхудтæй æмæ уæхскуæзæй.

Хуымæтæджы цæвиттон. Мацхарайы ма иунæг цæрæг баззад, уымæй дæр ыл азтæ сæ уæз æруагътой, бадомдтой кæддæры хъæддых æмæ куыстхъом уæнгты. Нал у йæ бон кусын, йæ фыдыуæзæг дзæгъæл ныууадза, уый та йæм мæлæтæй зындæр кæсы æмæ… Æххуысмæ бахатыд президентмæ… Уымæ бахъардта ацæргæ, хæххон лæджы уды тыхстдзинад æмæ йæм ацыд æххуысмæ. Иунæгæй нæ, цалдæр лæппуимæ. Телевизоры дæр æй æвдыстой, кæуылты уыгæрдæн афæлдæхтой, кæуылты бæзджын уистæ ныззылдтой… Уыцы дардыл хъугом куыд зынкæрдæн уыд, уый телевизормæ кæсгæйæ дæр бамбардзæн, хоскæрдынæй йæ армытъæпæнтæ уæзæг кæмæн сæвæрдтой, æрмæстдæр ахæм адæймаг. Фæлæ йыл фæтых сты. Хуыцау сын тых радтæд!

Фæлæ нæм худинаг худинаг нал кæсы, æфсарм ницæмæйуал зонæм… Уыцы лæджы цæмæн бахъуыд комкоммæ президентмæ бахатыны сæр?.. Уымæн æмæ ма, æвæццæгæн, кæддæрты кæмæдæрты бахатыд æмæ йын йæ уды тыхст ничи бамбæрста, президент та, ахæмтæм æнæзивæг кæй у, ууыл йе знæгтæ дæр басæтдзысты…

Фæлæ хъуыддаг уый онг цæмæн æрцыд? Президентæн йæ хъуыддæгтæ йæ сæрты кæлынц, хоскæрдынмæ йæ не вдæлы. Кæй йæ равдæлд, кæй баххуыс кодта, уый тыххæй йын ноджыдæр бузныг, фæлæ мах аккаг паддзахадарзджытæ куы уаиккам, уæд уартæ Мацхарагомы Козаты Тазыр йæ кæрдиппæрд уыгæрдæныл кæй тыхст, уый президент хъуамæ зонгæ дæр ма бакодтаид…

Ис нæм иу депутат, æвзонг лæппу – Бæззаты Вадим. Депутатæй йæ разæрстой Хъемултайæ фалæмæ цыдæриддæр адæм цæры, уыдон. Йæхæдæг цæргæ  Къуаисайы кæны, фæлæ зоны, далæ Карзман кæнæ Синагуры дæр чи цæмæй цæры, цæмæй тыхсы, ссад ма кæмæ цал кæрдзынконды фаг ис, уыдæттæ дæр. Цæмæннæ йæ фæзмынц æндæртæ, æндæртæ цæмæннæ кæнынц афтæ?

Кæм уыдысты, бон-изæрмæ джынджыр прадотæ æмæ лексустыл дыууæрдæм кæнгæ адæмыл чи «тыхсы» уыдон? Алчи нæ кæм кусы, уым йæ куыст, йæ хæстæ цæмæннæ æххæст кæны, адæм ницы-мацыты тыххæй дæр комкоммæ президентмæ цæмæн цæуынц?.. Кæй нæ уырны, уый бацæуæд æхсæнадон химæисæнмæ æмæ æркæсæд номхыгъдтæм, йæхи чи цы проблемæйы тыххæй ныффыссын кодта, уымæ…

Кæмæндæр, дам, йæ мады мард нæ хъæр кодтой!.. Цы йæ æмбæхсæм, ныртæккæ нæ республикæйы цæрæг адæмы æнæразыдзинад тынг бæрзонд кæй у.  Адæм сфæлмæцыдысты. Сфæлмæцыдысты бирæ цæмæйдæрты, фæлæ сæ фæлмæцыд аиуварс кæнын кæмæй кæнгæ у, уыдон адæмы фарсмæ балæууыны бæсты кæрæдзи куы хæрой, уæд уымæй нæ фæрогдæр уыдзæн сæ фæлмæцыды рис. Адæм цæмæйты фæлмæцынц, уыдонæн сæ сæйрагдæртæй иу у уæззау, æвæрæз рынчынтæ дзæвгар рæстæджы дæргъы хостæй æмбæлон ифтонг кæй нал цыдысты уый. Æмæ хъуыстой алы æфсæнттæ. Ныр мæнæ газеты кæсынц, прокуратурæйы кусджытæ кæй сбæлвырд кодтой, ацы проблемæ, хостæ кæмæй ластой, уыдоны аххосæй кæй нæ сæвзæрд, фæлæ… нæхицæй кæйдæрты аххос кæй уыд… Нæхимæ къуылымпы кодтой чидæртæ хостæй ифтонгад – сæхи пайдайæн, сæхи схъæздыг кæнынæн!..

Уый та, Хуыцау дæр кæй никæмæн ныббардзæн, ахæм æбуалгъы хъуыддаг у. Адæймагæн йæ пенси кæнæ йæ мызд ма радтай, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, фыдракæнд у, фæлæ ма уæззау рынчынæй йæ царды фæстаг бонтæ чи нымайы, уымæн йæ уды ныфс асæттай, йæ хостæй йæ æнæхай фæкæнай, уый та фыдракæнды уæлдай тугтæригъæд дæр у!.. Цалдæр мæйы Цæгат Ирыстонмæ йæ пенсийы каппеччытæм ацæуыны фадат цы кардзыд адæмæн нæй, уыдоны ма ноджы сайгæ æмæ стъигъгæ дæр хъуамæ кæнæм?.. Йæ дарæг, йæ уромæг хъæбул хъæбатырæй кæмæн фæмард æмæ уый мæтæй йæ уат чи нал систа, уыцы зæрдæрыст мадмæ цы хостæ æмбæлы, кæнæ иу инсулины тыххæй йæ хæдзар ауæй кæнынмæ дæр цæттæ чи уыд, уыцы  сæкæрнизæй мæлæг рынчыны хосты аргъæй бакусгæ æфтиаг кæмæн хъуамæ батайа, кæй фарсыл хъуамæ бахæца?

Æмæ раст сты адæм, рæстдзинад кæй агурынц æмæ домынц, уымæй. Раст сты адæм, афтæ кæй дзурынц: иугæр сбæрæг кодтат, цы хостæ нæм æмбæлд, уыдонæй æнæхай кæй тыххæй фестæм, уыцы адæм нæхицæй сты, уый, уæд нын æххæст зæгъут сæ нæмттæ дæр æмæ сæ мах нæхæдæг æрдомдзыстæм дзуапп Хуыцауы бын…

Æмæ раст сты…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.