Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Алани – 9 апрелы президентон æвзæрстытимæ иумæ уагъд цæудзæн бæстæйы ном аивыны фæдыл референдум. Уыцы ахсджиаг историон рæстдзинад раздахыны цауы ахсджиагдзинады фæдыл нын сæ хъуыдытæ дзурынц не ‘мбæстæгтæ:

Бестауты Людмилæ:

– Нæ куырыхон хистæртæ цы фæндон рахастой, бæстæйы ном нæ фыдæлты номæй раивын, уый раздæр хъуыд, æгæрдæр ма байрæджы кодтам. Ныртæккæ кæд алыгъуызон ныхас цæуы, уæддæр нæ хъæуы саразын иумиаг хъуыддаг, цæмæй нын нæ фыдæлты уаз бынтæ æндæр адæмы хæттытæ  ма байсой, уый тыххæй.

Æз стыр райгонд æмæ сæрыстыр дæн нæ уæздан интеллигенцийы минæвæрттæй, ахæм уæздан æмæ кадджын ном Алани сæрбæрзондæй кæй хæсдзæн нæ Райгуырæн бæстæ Хуссар Ирыстон.

Тадтаты Вячеслав:

– 9 апрелмæ мах æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсæм, уымæн æмæ махæн фадат уыдзæн нæ бæстæйы фидæны хæрзиуæгон хъуыддагмæ нæ аккаг хайбавæрд бахæссынæн.

Иу хъуыды мæ бынтон нæ фæндыд раргом кæнын, фæлæ йæ уæддæр хъуамæ зæгъон, чизоны æмæ нæм цы рæсугъд фидæн æнхъæлмæ кæсы Аланийы ном хæсгæйæ. Æмæ арфæ кæнын мæ чысыл Ирыстон æмæ йæ адæмæн, уадз нæ бæстæйы ном аивыны æхсызгон хабар ахъаз кæнæд æнгомдзинад, сабырад, рæзт æмæ æгæрон æнтыстытæн.

Бекъойты Азæмæт:

– Нæ паддзахады ном аивынимæ æз бæттын нæ культурон бынтæ, традицитæ, ирондзинад – не ‘взаг сæндидзын кæнынимæ. Мæнмæ стыр æнæразыдзинад æвзæрын кæны нæ горæты бирæнымæц дуканитæ, афтиæгтæ, хæ-рæндæттыл æндæр æвзæгтыл фыст нæмттæ кæй æрцауындзынц. Æмæ нæ сæрмæ нал хæссæм нæ гениалон фыссæг Къостайы, науæд академик Васойы мадæлон æвзаг. Æви афтæ цардæфсæст систæм æмæ нæ нæ мадæлон æвзаг нал хъæуы?! Ацы хъуыддæгтæ æз иууылдæр бæттын нæ бæстæйы историон ном раздахынимæ. Уæд хъуамæ бæстон æрцæуой ацы фарстытæ.

Турчы цæрæг ирæттæ дæр ма бахъахъхъæдтой нæ хъæздыг фыдæлты – скифтæ, сæрмæттæ æмæ аланты æвзаг. Æмæ мах Ирыстоны цæргæйæ, уæлдай хæсджын стæм æмæ хъахъхъæнæм æмæ уæлæхох ма кæнæм нæ мадæлон æвзагыл. Куыд ма йæ загътон, уымæ гæсгæ   уæйгæнæн объекттыл ирон нæмттæ куы сауындзæм, уæд æм æлхæнджытæ нал æрбацæудзысты, æви?..

Уæлахиз уæд кæддæриддæр нæ Паддзахад Алани æмæ нæ мадæлон – аланты æвзаг!

Бестауты Артур:

– Хуссар Ирыстоны ном Аланийæ раивыны инициативæ хорз хъуыддаг у, уымæй мах ноджыдæр бафидар кæндзыстæм нæ историон уæзгæ бынтæ. Науæд алантæм æппындæр кæмæн ницы ахаст  ис, уыцы паддзахадтæ æппæт дæр аразынц, цæмæй сзыгъуыммæ кæной истори. Æмæ мах дæр афтæ кæм баддзыстæм  архайæм æмæ  нæ буц фыдæлты бынтæ дæр нæхи хъæуынц.

Къæбулты Аринæ:

– Бæстæйы ном аивын Аланийæ? – Уымæн æз стыр нысаниуæг дæттын. Æз хæдзарон æфсин дæн, стыр ахуыр нæ дæн, фæлæ мæ цинæн кæрон нæй, æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсын – 9 апрелы æвзæрстыты бонмæ, мæ Райгуырæн бæстæйæн хъысмæтскъуыддзаггæнæг бонмæ.

Уый фæстæ бон кæй райхъал уыдзыстæм фидар паддзахад Аланийы  уый мæ уырны!

Тыджыты Сослан:

– Нæ фыдæлтæ уыдысты алантæ æмæ сын сæ ном мах дарддæр хъуамæ сæрыстырæй хæссæм. Ирон адæм сæрбæрзондæй хæссынц дунейæн зындгонд нæ рагфыдæлты æгъдау æмæ фарн, кад æмæ намыс. Æгæр дæр нын байрæджы. Æмæ уым бынтон нæхи зылынджын кæнæм, уый раст нæу, уымæн æмæ нæ Райгуырæн зæхх хъахъхъæдтам, йæхи бакæнынмæ нын æй чи хъавыд, уыдонæй. Уый фæстæ та хæсты фæдтæ æмбæрзгæйæ, бæстæйы æндидзынадыл уыдысты нæ хъуыдытæ æмæ архайдтытæ.

Ныр кæддæриддæр уæлахиз уæд нæ Паддзахад Алани æмæ алайнаг намысы кодекс!

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.