Не ‘мбæстæгтæ Багаты Валери (Рубен) æмæ йæ цардæмбал Тадтаты Ленæ кæд æвзæнгтæй кæрæдзимæ дард цардысты, Валери – Знауыры районы Хæбæлаты хъæуы, Ленæ та Цхинвалы районы Гудисы хъæуы, уæддæр сæ хъысмæт кæрæдзийыл сæмбæлын кодта æмæ 1970 азы баиу кодтой сæ цард.

Æвзонг æмкъæйттæн се ‘взонгад рог æмæ хуымæтæг нæ уыдис, æппынæдзух уыдысты сæ ныййарджыты фарсмæ æмæ цы зындзинæдтыл æмбæлдысты, уым сын уыдысты стыр æххуыс. Сæ иу æмæ се ннæйы ныййарджытæн дæр уыдис фæндзгай сывæллоны. Уал сывæллон хъомыл кæнын уæд дæр æнцон хъуыддаг кæм уыд. Уыимæ ма Валерийы фыд Нестор хъомыл кодта йе ‘фсымæры цыппар кæстæры дæр, сæ фыд  Митро Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ кæй ацыд, æмæ сывæллæттæ æнæфыд кæй баззадысты, уый аххосæй.

Валери æмæ Ленæ архайдтой сæхи дарыныл æмæ ма сæ ныййарджытæн æххуыс кæныныл дæр. Ленæ кусынмæ бацыд Цхинвалы хуыйæн фабрикæмæ. Хæххон чызг кæд уæдмæ ахæм куыстыл ахуыр нæ уыд, уæддæр йæ куыстуарзондзинады фæрцы тагъд фæцайдагъ æмæ цыбыр æмгъуыдмæ слæууыд фæлтæрд æмæ раззагондæр хуыйджыты æмрæнхъ. Цехы арæхæй-арæхдæр хъуысын райдыдта йæ æнтыстыты кой. Куыстуаты разамындæй арæх иста арфæйы гæх-хæтытæ, премитæ.

Валери дæр Знауыры районы Зиулеты колхозы нымад уыд хуыздæр æмæ раззагондæр кусæгыл. Колхозы æппæт куыстытæ дæр афтæ хорз зыдта æмæ ма-иу æм бирæтæ фæрсынмæ дæр цыдысты, зæгъгæ, хицæн культурæтæ кæд æмæ куыд хъæуы тауын, цахæм хъацæнтæ сæм хъæуы хæссын, рувыны куыстытæ цы рæстæджыты æмбæлы æххæст кæнын. Ахæмтæн -иу æрмæст амонгæ нæ бакодта, фæлæ ма -иу сæм йе ‘ххуысы къух дæр æнæ фæдаргæ нæ уыдис.

Валери æмæ Ленæйæн фæзынд æртæ лæппуйы: Олег, Ацæмæз æмæ Алыксандр. Хъомыл сæ кодтой сæ удты æппæт хъармдзинад сын нæ хæлæг кæнгæйæ. Сæ дыууæ дæр æмбæрстой кæрæдзийы æххуыс сæ кæй хъæуы уый, æмæ бинонтæ кæрæдзийыл хæцыдысты, æнгомæй æнгомдæр кодтой.

Валери æмæ Ленæ куыстыл æнувыд кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ цардæй рухс кодтой сæ зæрдæтæ. Уæдмæ баисты дыууæхатæнон фатеры хицау æмæ æвзонг æмкъæйттæ ноджы арфдæр аныгъуылдысты царды рæсугъд уылæнты. Алцæмæй дæр райгонд, буц æмæ сæрыстыр бæргæ уыдысты, фæлæ…

Бынтон æнæнхъæлæджы сæ æртæ фыртæй фæхъуыд астæуккаг фырт – Ацæмæз. Ахæм æнамонды хабар кæцыфæнды ныййарджытæн дæр стыр зындзинад у. Валери æмæ Ленæйы маст æмæ сагъæстæн кæд кæрон дæр нал уыд, уæддæр сæ фидар удыхъæдты  фæрцы царды дарддæры фæндтæй сæхи нæ фæиппæрд кодтой. Фæстæдæр кæстæр фырт Алыксандрæн скодтой чындзæхсæв, фæзынд сын æртæ хъæбулы хъæбул æмæ ныр хайад исынц уыдон хъомыл  кæныны хъуыддаджы дæр.

Мад æмæ фыд, ныр та – дада æмæ нана хæрз æрæджы банысан кодтой сæ сыгъзæрин чындзæхсæв. Уырдæм цы хиуæтты æмæ зонгæты фæхуыдтой, уыдон сын æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбонæй дарддæр цы арфæйы дзырдтæ дзырдтой, уыдон ‘хсæн уыдысты, цæмæй хъæддых удыхъæдимæ  феной сæ кæстæрты кæстæрты чындзæхсæвтæ дæр.

Ахæм иумæйаг дæргъвæтинон царды сусæгдзинады тыххæй та дыууæ æмкъайы банысан кодтой, зæгъгæ, цард бирæтæм куыд уæззау кæсы, нæу ахæм. О, фæлæ æппынæдзух архайын хъæуы ууыл, цæмæй цард ма аивгъуыйа адæймаджы иувæрсты. Æвзонг æмкъæйттæй ууыл бæстон чи ахъуыды кæны, царды домæнтæй чи нæ фæтæрсы, уыдонæн сæ цард ацæуы хуыздæр æмæ рæсугъддæрæй. Иуæй-иутæ чысыл зындзинæдтæй дæр фæтæрсынц, нæ саразынц раст хатдзæгтæ æмæ уæд ахæм æвзонг бинонты цард арæх хæлгæ дæр фæкæны. Цард кæимæ нывæндай, ууыл хъæуы æууæндын, стæй иу кæнæ иннæ хъуыддаджы тыххæй æнæмæнгхъæуæг у фæбарын дæр.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.