АРМСПОРТ

Хусссарирыстойнаг спортсментæ 6 майданы рамбылдтой армспортæй фæсивæды ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионаты. Фыццаг бынæттæ бацахстой Хæбæлаты Арсен æмæ Дыгъуызты Миленæ. Арсенæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 80 кг уæзы категорийы, Миленæ та сыгъзæрин майдан райста иууыл уæззаудæр уæзы категорийы. Æртыккаг бынæттæ та бацахстой Уалыты Виктория (50 кг), Дзигойты Стеллæ (55 кг), Сиукъаты Родион (70 кг) æмæ Джиоты Давид (+90 кг).

«Хæбæлаты Арсен æнцонтæй рамбылдта ерыстæ. Райгондæй баззадтæн æртыккаг бынæттæ бацахсæг спортсментæй дæр. Кæд карантинон мадзæлтты аххосæй æмбæлонæй нæхи нæ бацæттæ кодтам, уæддæр сæхи равдыстой хорз», – банысан кодта тренер Джиоты Валери. Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй æхсæз спортсмены дæр бахаудтой фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы чемпионатмæ, кæцы уагъд цæудзæн марты мæйы горæт Орелы. Уæдмæ уал 23 январы Хæбæлаты Арсен йæ тыхтæ бафæлвардзæн хистæр кары спортсменты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионаты.

Хæбæлаты Арсен, Дыгъуызты Миленæ, Уалыты Виктория, Дзигойты Стеллæ æмæ Джиоты Давиды бацæттæ кодта Джиоты Валери. Сиукъаты Родионы тренер та у Коцты Дмитри. 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Зындгонд ирон богал Гуæцæлты Хадзымурат 2021 азæй райдайдзæн Якутийы богалты тренировкæ кæнын. Афинты Олимпион хъæзтыты чемпион, дунейы 5 хатты чемпион, Европæйы æртæ хатты чемпион сразы ис ацы республикæйы æмбырдгонд командæйы хистæр тренер-консультант суæвыныл. Уый тыххæй Якутийы спортивон хъæбысхæсты æвзарæнхыгъдон конференцийы фехъусын кодта регионы сæргълæууæг Айсен  Николаев.

Гуæцæлты Хадзымураты æрбахоныны тыххæй уынаффæ Айсен Николаев райста фæстаг æртæ азы якутаг богалтæ цы бæрæггæнæнтæ æвдисынц, уый хынцгæйæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ивындзинæдтæ хъæуы бахæссын богалты цæттæ кæныны процессмæ.   

«Гуæцæлты Хадзымурат у уыцы адæймаг, кæцыйы алчидæр зоны. Уымæн æнтыстытæ ис æрмæст куыд спортсмен афтæ нæ, фæлæ ма куыд тренер афтæ дæр. Серьезон куыст бакодта Казахстаны æмбырдгондимæ. Ныфс нæ ис æнæхъæн Олимпион циклы кæй уыдзæн немæ», – загъта  Айсен  Николаев.

ХУРИТЫ Батрадз  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.