20 май фыдохы, уæззау бон у ирон адæмæн… Ирыстоны хуссар хайæн та не ‘нусон знæгтæ, нæ фыдбоны сыхæгтæ-гуырдзиæгтæ радон геноцид куы расидтысты, уæд та нын бирæ фыдохы, мысæн бонтæ бахастой нæ тугæйдзаг азфыстмæ. Мардтой алкæй дæр æмæ алцæй тыххæй дæр, иугæр ирон дæ, уæд бынтон ницæй тыххæй дæр…

Иугæр дæ Хуыцау а-дунемæ иронæй радта, уæд не знаг дæ, нæ абоны, нæ сомбоны знаг. Цæрыны баримæ кæй райгуырдтæ, уый махмæ нæ хауы, уымæн æмæ нæ цæстысындз дæ. Æмæ хъуамæ амæлай, мауал уай, дæ ирондзинадæй нын нæ цард ма æнад кæнай, дæ фæстæ ирон тау æмæ уидаг ма хъуамæ  ныууадзай – ахæм уыд, у æмæ уыдзæн гуырдзиаг нацийы логикон ахаст ирон адæймаг æмæ ирон адæммæ.

Сæ тугæйдзаг къухтæй цыдæриддæр ирæттæ фæмард, уыдон нын се ‘ппæт дæр зынаргъ уыдысты,  армыдзаг ирон адæмæн алы ироны мæлæт дæр стыр трагеди у. Фæлæ дзы уæддæр Зары æфцæгыл æрцæугæ æбуалгъ хабарæн бынтон нæй ферохгæнæн. Хорз, де ‘нусон хæрам скалыны фадат та дын фæцис, бафæндыд та дæ ирон тугæй дæ дойны суадзын æмæ марыс, уый фадат дын чи нæ дæтты, дæ ныхмæ чи æрлæууыд, уыцы ирæтты, хæстон ныхмæлæуджыты… Фæлæ дын, лидзгæ дæ чи кæны, йæхи дæ чи æмбæхсы, уыцы зæронд устытæ æмæ лæгтæ та цы кодтой, цæмæн сæ марыс?.. Уымæй дæр сусæгæй, тæппуд тæрхъусау хъæды æмбæхстæй!.. Хорз, абон ма дæ ныхмæ æрлæууынхъом, кæнæ зæнæг скæнынхъом чи у, уыдоны дæр марыс, уымæн æмæ сæ тæрсыс… Фæлæ дын, цæрдтæй мæрдтæм чи фæхæстæгдæр, уыцы зæронд лæгтæ æмæ устытæ та цы кодтой?!.

Ехх, кæй фæрсæм уыдæттæй?.. Гуырдзиаг адæмы? Æмæ адæм схонæн кæмæн ис, уыдон ахæм митæ сæ сæрмæ куыд хъуамæ бахастаиккой? Фæлæ уыдон бахастой. Уый нæ, фæлæ сæ цæст дæр нæ фæныкъуылдтой, иу афтæ зæгъæг сæ нæ разынд, ай цы сарæзтам, нæ национ намыс зæронд лæгтæ æмæ устыты тугæй цæмæн сахуырстам?..  Нæ дæр Ереды дыууадæс ироны удæгасæй куы ныгæдтой, уæд радтой сæхимæ ахæм фарст…

Уый сæ историон, се ‘рдзон гакк у, мах сæ не сраст кæндзыстæм. Махæн абон нæ хæс у, нæ туг не стæгæй нын кæйдæриддæр амардтой, уыдоны рухс нæмттæ мысын æмæ, цæмæй нæм сæ къух макуыуал æрбаххæсса, ууыл хъуыды кæнын. Махыл нал сфидаудзæн, нæ хистæртæ ссæдзæм азы геноциды фæстæ цы рæдыд æруагътой, ахæм рæдыд æруадзын. Абон хъуамæ нæ фидæны фæлтæртæм дæр ныккæнæм фæдисы хъæр, цæмæй уыдон уæддæр макуыуал фæрæдиой…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.