Дзæуджыхъæуы футболон клуб «Спартак-Дзæуджыхъæуы»-ы бындурыл арæзт цæуы футболон академи.  Йæ сæйраг тренер суыдзæн «Мордовия»-йы раздæры тренер Владимир Рокунов, йæ директор та – Битарты Роберт. Уый тыххæй телеканал «Осетия-Ирыстон»-ы эфиры фехъусын кодта РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Хуыгаты Алан.

«Афтæ зæгъæн нæй æмæ нæхимæ Ирыстоны нæй ахæм специалист, кæцы бакуыстаид сæйраг тренеры бынаты. Фæлæ нæ фæндыд, цæмæй академийы тренерты равзарыны куыст цыдаит раст æмæ объективонæй. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав мæм фæдзырдта æмæ мæ бафæдзæхста, цæмæй академимæ адæмы исой æрмæстдæр сæ профессионалондзинадмæ гæсгæ. Мах бахатыдыстæм Уæрæсейы футболон цæдисмæ æмæ сæ рекомендацимæ гæсгæ фæхуыдтам Владимир Рокуновы», – загъта Хуыгаты Алан.

Министр ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй академи арæзт цæуы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы инициативæмæ гæсгæ.

«Академимæ æвзардзыстæм 12 азæй 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттæй иууыл курдиатджындæрты. Æвзарæн этап кæд цæудзæн, уый тыххæй фехъусын кæндзыстæм дзыллон информацион фæрæзты æмæ социалон хызæгты фæрцы. Академи  кусын хъуамæ райдайа 1-æм августæй. Ныртæккæ уал уым цæуынц арæзтадон куыстытæ. Æрвылбон дæр вæййæм бынаты. Куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ», – банысан кодта Хуыгаты Алан.

Йæ рады, Владимир Рокунов  куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныридæгæн академимæ тренерæй кусынмæ бацæуынмæ ис 24 кандидаты. Уыдонæн уагъд æрцыдысты тестытæ дæр, кæцытæм гæсгæ æвзæрст æрцæудзысты иууыл хуыздæртæ æмæ уый фæстæ та иумæ бацæттæ кæндзыстæм  программæ. 

«Уæрæсейы футболон цæдисæн ис сæрмагонд программæтæ. Уыдонæй райсдзыстæм, иууыл хуыздæр нын кæцы уыдзæн, уый. Уый фæстæ йæм бынæттон спецификæмæ гæсгæ бахæсдзыстæм ивындзинæдтæ», – загъта Владимир Рокунов. 

Уыцы рæстæджы Дзæуджыхъæуы футболон скъола «Юность»-ы хъомылгæнинæгтæй дыууæ хъаздзысты Уæрæсейы премьер-къорды. Размæбырсæг Хъараты Давид Набережные Челныйы «КАМАЗ»-æй рахызт Екатеринбургы «Урал»-мæ.  Профессионалон контрактыл йæ къух æрфыста 17-аздзыд Джиоты Арсен дæр. Уый архайдзæн Мæскуыйы «Динамо»-йы сконды.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.