МА РИССЫН КÆН ЗÆРДÆЙЫ

Диссаг дæ, зæрдæ! Ног райгуыргæ сабийы риуы фыццаг хатт куы сцæвыс æмæ йын туг йе уæнгты куы атæрыс, уæдæй йæ амæлæтмæ æрæнцой нæ зоныс иу уысм дæр. Стыр нæ дæ – бæрцæй 250-300 граммы, фæлæ цас кусыс, цас! Суткæйы дæргъы дæ цавд адæймаджы риуæй сыхъуысы 100 000 хатты. Уыцы рæстæджы уæнгтæй туг райсыс æмæ фæстæмæ арвитыс 10 тоннæйы бæрц. Æмæ адæймаджы царды цал ахæм бон ис!

Уæззау куыст кæныс, зæрдæ. Æрулæфт, æрынцой дын нæй. Æмæ ма хъуамæ æрулæфай. Æрулæфдзынæ æмæ ногæй нал скусдзынæ, амæлдзæн адæймаг æмæ уыимæ дæхæдæг дæр. Де ‘нæрынцой уæззау куысты руаджы удæгас у адæймаджы буары алы хай, алы чырæг дæр.

Æмæ æрмæст уыцы куыст кæныс?! Нæ. Дæуæн ма ис су-сæг, æнæуынгæ, сæ бæрц сбæлвырдгæнæн кæмæн нæй, ахæм æвæрæнтæ. Уыдоны ды æрæфснайыс чысыл æмæ æгæрон цинтæ. Уыдон дæхи нæ вæййынц, вæййынц, кæй дæ, уыцы адæймаджы. Цин ыл куы ‘рцæуы, уæд фæцин кæныс ды дæр. Хорз у цины æнкъарæнтæ æвзарын! Уæд дæхæдæг æмæ дæ хицау дæр цæрдхъомдæр вæййут.

О, фæлæ… хицауыл маст, фыдбæллæхтæ куы ныккæ-лынц, уæд дæр æппæт хъыгтæ дæхимæ райсыс, судзгæ тугдзæссыгæй фæкæуыс. Æмæ фæриссыс. Низ дæхимæ бауадзыс. Бацарæфтыд вæййыс… æмæ амæлы адæймаг…

Адæймаг! Ма риссын кæн æдзух куыстыл ифтыгъд зæрдæ-йы. Цæмæй цæра. Цæмæй цæрай.

АДÆЙМАДЖЫ АРГЪ

А-дунейы алы дзаумайæн дæр аргъ ис. Уый цас стæмдæр æмæ хъæуæгдæр у, уыйас – зынаргъдæр. Чи дæ нæ хъæуы, царды дын чи нæ бабæзза, ахæм дзаума дын къаппеччы аргъ дæр нæу.

Уый-дзаума. Адæймаг та? Ис ын саргъгæнæн, æви нæ? О, ис ын. Цагъарæн йæ куыстхъомдзинадмæ гæсгæ куыд аргъ кодтой, афтæ нæ. Адæймаджы ныр нал балхæндзынæ, уæй дæр афтæ – уыцы дуг аивгъуыдта. Цас зынрагъ у, уый бæл-вырд цæуы, æхсæнадæн, йæ алыварс адæмæн йæ цард, йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ цас бабæззыдысты, уымæй. Цас сын йæ лæггæдтæ фылдæр сты, уыйас сын зынаргъдæр у.

Æмæ канд æхсæнадæн, адæмæн нæ. Бинонты ‘хсæн дæр афтæ у. Цас фылдæр змæлай, архайай, уыйас сын зынаргъдæр уыдзынæ æмæ сæм нымады тынгдæр уыдзынæ. Магуса, загъдкъахæг, нозтгæнæг æмæ æндæр æвæрццаг миниуджытæй хайджын чи у, уыдонæн сæ аргъ бинонты ‘хсæн æмæ адæмы ‘хсæн дæр ницæйаг вæййы æмæ сæм тигъмæ дæр уымæн фæкæсынц.

Адæймаджы аргъæн нæй æхцайæ балхæнæн, гъе та тæ-рæзтыл сбарæн. Йæ аргъ бæлвырдгæнæг – адæм сæхæдæг. Адæм зонынц аргъ кæнын æмæ цы аккаг уа, ахæм аргъ ын кæндзысты.

Æниу… цал æмæ цал зынаргъ адæймаджы аивгъуыдта не ‘хсæнæй æмбæлон аргъ сын не скодтам сæ удæгасæй, афтæмæй. Уыимæ цал æмæ цал адæймагæн схæцæм йæ аргъыл, уый аккаг нæ вæййынц, афтæмæй. Фæлæ уæддæр рæстдзинад сæ мæлæты фæстæ фæуæлахиз вæййы – рæстæг сæ алкæмæн йæ бынат ссары æмæ адæмы мысынады баззайынц, æцæгæйдæр сын зынаргъ чи уыд, уыдон.

НЫХАСЫ ТЫХХÆЙ

Æнцон у йæ зæгъын ныхасæн. Бынтон æнцон. Фæлæ йын цас тых ис, цас! Адæймагæн йæ ныхасы гъæд цавæр уа, кæрæдзийы фæстæ дзырдты куыд æвзара дзургæ-дзурын, цахæм мидис сæ æвæра, уыдæттæй йæ уагахасты æмрæнхъ базонæн, бамбарæн ис йæ миддунейæн, æндæртæм йæ ахастæн. Ныхас адæймаджы разæнгард кæны стыр хъуыддæгтæм, стыр сгуыхтдзинæдтæм. Уый бирæты баразæнгард кæны æнæуаг митæм æмæ стыр фыдбылызы хъуыддæгтæм дæр. Ныхас адæймаджы раскъуыны мæлæты дзæмбытæй æмæ йæ йæ амæттаг дæр бакæны…

Адæймаджы æвзаг бирæ ныхæстæ дзурын зоны. Адæмæй дыууæ иугъуызон куыд нæй, афтæ ныхæстæ дæр алыгъуызæттæ сты. Чи сæ фæлмæн, лæгъз у, сæ дзургæйæ æмæ сæм хъусгæйæ, зæрдæйыл тайынц. Ис дзы ахæмтæ дæр, кæцытæ карды рæхдыстау айгæрдынц зæрдæйы æмæ дзы стыр фы-дæхдзинады æнкъарæнтæ схæлбурцъ кæнынц сæ дзурæгмæ.

Адæймаг дзургæ-дзурын цавæр ныхæстæ æвзара йæ хъу-сæг кæнæ хъусджытæн, уый баст у йе гъдауыл, йæ хъомыладыл, йæ культурон æмвæзадыл. Ныхас æмæ архайд сты, йæ хъуыдытæ, йæ уды сконд æндæртæн цæй руаджы зонын кæ-ны, уыдон. Ныхас æмæ архайд та кæрæдзийыл баст сты. Архайд цахæм уа, ныхасы гъæд дæр ахæм вæййы. уæдæ фыдзонд, фыдархайдыл хæст чи уа, уымæй кæм ис куырыхон адæймаджы уагыл ныхæстæ зæгъынмæ æнхъæлмæ кæсæн! Афтæ иннæрдæм дæр.

Фыдæлтæй фæстæмæ адæм уæлдай стырдæр аргъ уы-мæн кодтой, рæсугъд, аив, баргæ, ахъуыдыгонд ныхас чи кодта æмæ уый руаджы хорздзинад, кæрæдзиæмбарынад, уарзондзинад чи тыдта, уыдонæн. Ахæмтæн сæ алы ныхас дæр зæрдæйы рæбынæй фæцæуы. Гъе, фæлæ ис ахæмтæ дæр, хъуыды иу цæуылдæр чи кæны, дзургæ æмæ аразгæ та æн-дæр цыдæртæ чи кæны. Ахæмты нæ адæм хонынц гæды лæг, фæлитой æмæ мæнгард, ома нæй сæ ныхасыл æууæндæн. Уыдонæн сæ кад, сæ ном фæцуды адæмы ‘хсæн, ныфс сæ бавæрæн кæй нæ вæй-йы, уымæ гæсгæ. Афтæ æмæ адæммæ сæ ныхас тынгдæр хъуысты куырыхон, зондджын, дзырддзæугæ адæймæгтæн, сæ ном, сæ кад дæр сæм бæрзонд æв-æрд вæййы.

Абон бирæбæрцæй, хъыгагæн, афтæ нал у. Ахæм адæй-мæгты зондæй фæрсæг тынг нал ис æмæ сæ ныхас адæммæ, кæстæртæм тынг нал хæццæ кæны. Раздæр уыдонæн сæ ныхас адæмы ‘хсæнæй хъуыст, бæрнон бынæтты кусæг нæ уыдысты. Ныр цас бæрзонддæр бынаты бадай, цас бæрзонддæр трибунæйæ дзурай, уыйбæрц адæймаджы хъæлæс тынгдæр хъуысы адæмыл. Ахæм бынаты та алчи аккагæй не ‘рбады, стыр трибунæйы раз аккагæй не ‘рлæууы. Æмæ, хъыгагæн, ак-каг ныхæстæ нæ фехъусæм.

Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы. Уадз, нæ алы дзырд, нæ алы ныхас дæр йæ фæстæ сайæд хуыздæр, рæсугъддæр, аивдæр ныхас.

ЦÆМÆН АФТÆ У?

Алчидæр уарзы йæ хъæбулты. Уарзынц сæ адæм, сырдтæ, мæргътæ… иууылдæр, иууылдæр. Уыцы хæрзиуæг алкæмæн дæр æрдзæй лæвæрд у. О, стыр у уыцы уарзт! Бакæс-ма зæрватыккмæ! Цас фæфыдæбон кæны, цæмæй хæдзары дæлбазыр сбийа ахстон, æрыфтауа дзы æйчытæ, рауадза дзы лæп-пынтæ, хæрын сын кæна хæринаг æмæ байрæзой, тæхынхъом бауой. Æмæ мадзæрватыччы стыр уарзты бын лæппынтæ ба-хъомыл вæййынц, стæй кæрæдзийæн хæрзбон зæгъынц æмæ сæ иумæйаг хæдзарахстонæй арвы æнæбын цъæх денджызы хъæбысмæ акæнынц сæ фæндаг – алчи сæ йæхи цард йæхæ-дæг аразын райдайы.

… Мадæл фыс æхцондзинад фæисы, йæ алыварс йæ ноггуырд уæрыкк куы фæхъылдымтæ кæны, уæд. Йæхицæй йæ дард нæ уадзы. Зæгъгæ, дзы фæиппæрд – уасгæ йæ рæстæгыл бацагуры, бацин ыл кæны æмæ та йæ зæрдæ æрсабыр вæййы. Фæлæ рацæуы рæстæг, уæрыкк бахъомыл вæййы, хи-зынхъом, холлаг хæрынхъом фæвæййы. Мадфысы куы бауырны, зæгъгæ, ныр нал фесæфдзæн, уæд æй ныууадзы, ахицæн вæййынц æмæ кæрæдзийы дæр нал фæмысынц. Æвæц-цæгæн, ууыл фæвæййынц сæ кæрæдзимæ уарзт æмæ сæ хæстæгдзинады æнкъарæнтæ дæр.

Афтæ алы уæвæгой дæр. Æрмæст адæймаг нæ! Ныййарæг адæймагæн йæ хъæбул кæддæриддæр хъæбулæй баззайы æмæ йæ бон куыд цæуы, афтæ йын лæггад кæны зæрдыбонтæм, тыхсы йыл, ауды йыл.

Цымæ цæмæн афтæ у адæймаджы сконд? Цæуылнæ ныу-уадзæм æвзонг адæймаджы йæхи бар, цæмæй йæ цард йæ-хæдæг кæна, араза? Царды ад йæхæдæг банкъара, йæ цинтæ æмæ йын йæ хъыгтæ йæхæдæг бавзара? Цас æмæ цас кæстæртæ свæййынц ныййарджытæн «зæронд сабитæ». Фæбын-тæ сын кæнынц, сæ царды фæндæгтæ сын лæгъз дарынц.

Æвæццæгæн, æндæр уæвæгойты хъауджыдæр, адæймаджы царды фæтк ахæм у æмæ ныййарæг йæ хъæбулæн, райгуырдæй цалынмæ царды фæндагыл йæхæдæг слæууа, уæдмæ цы фæлæггад кæны, уый фæстæ мæ фидгæ вæййы хъæ-булæн йæ ныййарæджы зæры бонты, сабийау уый дæр æх-хуыс куы фæдомы æмæ йын лæггад куы фæхъæуы, уæд. Ныййарæг æмæ хъæбул сæ тыхыл куы вæййынц, уæд та кæ-рæдзийæн хъуамæ ныфс уой æмæ дзы иу ма тырна иннæйы хардзæй цæрынмæ.

Æрдзы æппæт уæвæгойтæ цæрынц иу фæткмæ гæсгæ æмæ йæ сæрты ничи хизы. Адæймаг йæ æрдзон царды æнæ-фыст æгъдæуттæ хатт фехалы. Уый нæ, фæлæ ма цы фыст закъæттæ æрымысыд, уыдоны дæр алчи нæ хъахъхъæны. Æгæрыстæмæй ис, йæ хъæбулыл, йæ зæронд, æнæбон ныййарæгыл йæ къух чи сисы, чи сæ аппары, ахæмтæ дæр.

ÆНХЪÆЛ

Адæймаг йæ цард æнхъæлы бындурыл амайы. Хорзы кæ-мæн бацæуы, уымæ фенхъæлмæ кæсы ахæм хорзмæ. Кæд ын æй йæхицæн сараза, уæд – хорз, кæд æндæрæн, уæддæр фæрныг лæг нæ фæхъыг уыдзæнис, хорз хъуыддæгтæ аразын удыбæстæ у, царды рæсугъддæр кæнынц.

Æнхъæлцау алчидæр у. Æгæрыстæмæй, æгомыг цæрæгой дæр. Зæгъынц, зæгъгæ, адæймагыл куыдз æнувыд у. О, у йыл. Фæлæ уыцы æнувыддзинад вæййы уæдмæ, цалынмæ йыл адæймаг йæхæдæг вæййы æнувыд. Цалынмæ йын къæбæр дæтты æмæ йæм рæвдаугæ дзуры, уæдмæ. Арс, кæнæ та æн-дæр хъæддаг сырд цирчы нæ хъазид, йæ гуыбын æфсæст куынæ уаид, алы ралæуды фæстæ дæр къаффет райсдзæн, уый æнхъæл куынæ уаид, уæд. Адæймаг та йын лæггад нæ кæнид.

Бæлас æнхъæлцау у мæрæй æмæ дзы арф йæ уидæгтæ ауадзы, царды хос дзы цъиры. Мæр æнхъæлцау у бæласæй – куы рафæлдæха кæддæр, куы бамбийа, уæд æй фæхъæздыгдæр, фæдзаджджындæр кæндзæн…

Хорз у, иу иннæмæй æнхъæл куы вæййы, йæ къух ын куы аразы, йæ царды йын æххуыс куы вæййы, фыдæнхъæл дзы куынæ фæвæййы. Кæрæдзийы æнцой фæлæууынц æмæ царды размæ фæцæуынц.

Гъе, фæлæ адæймаг уæддæр цы нæ сызгъуыммæ кæн-дзæнис. Æнхъæлы мидисы дæр згъуыммæ кæны. Цы йæм нæ фембæлы, уый фæдомы, фæкуры йæ сæххæст кæнын кæй бон у, уымæй. Уый охыл йæ сæрмæ алцы дæр бахæссы. Ахæмы рахонæм æмæ йын фæфидис кæнæм, зæвæттæстъæрæг, дымыстъæр, зæгъгæ…

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.