Цхинвалы кусæгон балцы уыдысты Цæгат Ирыстоны футболон академи «Алани»-йы специалисттæ академийы сæйраг тренер Владимир Рокуновы сæргълæудæй. Уазджытимæ фембæлдис РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты сæрдар Зассеты Сергей. Фембæлды ма хайад райстой хуссарирыстойнаг тренертæ. Зассеты Сергей куыд банысан кодта, афтæмæй йын тынг æхсызгон у, академийы фæзындимæ Ирыстоны бæрæг кæй фæтагъддæр уыдзæн футболы размæцыд, уый.
Владимир Рокунов радзырдта, зæгъгæ, уыдон семæ æрхастой футболистты цæттæ кæныны фæдыл программæйы методикон пособитæ. Программæ фондз азы размæ бацæттæ кодта Уæрæсейы футболон цæдис æмæ уымæ гæсгæ кусы дзæуджыхъæуккаг академи дæр.
«Мах фæнды, цæмæй иууылдæр кусæм иу программæмæ гæсгæ. Уый фæахъаз уаид футболистты хуыздæр цæттæ кæнынæн. Уый фæрцы сын фылдæр шанстæ фæзынид академимæ бахауыны тыххæй. Ныртæккæ дæр Хуссар Ирыстонæй нæ академийы ис цалдæр æвзонг лæппуйы æмæ сæхи хорз æвдисынц», — банысан кодта Владимир Рокунов.
Академиимæ бадзырдыл къухтæ фыст кæй æрцæудзысты, уый тынг æхсызгон у Хуссар Ирыстоны футболон скъолайы директор Битеты Зауырæн дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уыцы хъуыддаг тренерты сразæнгард кæндзæн ноджы хуыздæр кусынмæ.
«Нæ къухтæ цы бадзырдыл хъуамæ æрфыссæм, уый фæахъаз уыдзæн нæ республикæйы футболы размæцыдæн. Раздæр-иу не ’взонг футболистты фæндыд Уæрæсейы академитæм бахауын. Ныр ацы академи уыдзæн Ирыстоны æмæ нæ сывæллæттæн æнцондæр уыдзæн уырдæм бахауын. Мах та, тренерты, хъæудзæн бирæ кусын. Æмæ нæ кæд фæнды æмæ нæ хъомылгæнинæгтæн футболы уа хорз фидæн, уæд хъуамæ æнæмæнгæй дæр сæххæст кæнæм нæ разы лæууæг хæстæ», — загъта Битеты Зауыр.
Сæ кусæгон балцы фæлгæтты ма академийы специалисттæ мастер-кълас ауагътой сæ хуссар-ирыстойнаг коллегæтæн. Уыдон сын трениров-кæйы рæстæджы радзырдтой программæйы сæйраг фæдыздæхæнты тыххæй. Бадзырды фæлгæтты хуссарирыстойнаг тренертæн дарддæр уагъд цæудзысты сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны фæдыл курсытæ æмæ семинартæ.

ЕРЫСТÆ ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

Цхинвалы кусæгон балцы уыдысты Цæгат Ирыстоны футболон академи «Алани»-йы специалисттæ академийы сæйраг тренер Владимир Рокуновы сæргълæудæй. Уазджытимæ фембæлдис РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты сæрдар Зассеты Сергей. Фембæлды ма хайад райстой хуссарирыстойнаг тренертæ. Зассеты Сергей куыд банысан кодта, афтæмæй йын тынг æхсызгон у, академийы фæзындимæ Ирыстоны бæрæг кæй фæтагъддæр уыдзæн футболы размæцыд, уый.

ЕРЫСТÆ ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

Владимир Рокунов радзырдта, зæгъгæ, уыдон семæ æрхастой футболистты цæттæ кæныны фæдыл программæйы методикон пособитæ. Программæ фондз азы размæ бацæттæ кодта Уæрæсейы футболон цæдис æмæ уымæ гæсгæ кусы дзæуджыхъæуккаг академи дæр.
«Мах фæнды, цæмæй иууылдæр кусæм иу программæмæ гæсгæ. Уый фæахъаз уаид футболистты хуыздæр цæттæ кæнынæн. Уый фæрцы сын фылдæр шанстæ фæзынид академимæ бахауыны тыххæй. Ныртæккæ дæр Хуссар Ирыстонæй нæ академийы ис цалдæр æвзонг лæппуйы æмæ сæхи хорз æвдисынц», — банысан кодта Владимир Рокунов.
Академиимæ бадзырдыл къухтæ фыст кæй æрцæудзысты, уый тынг æхсызгон у Хуссар Ирыстоны футболон скъолайы директор Битеты Зауырæн дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уыцы хъуыддаг тренерты сразæнгард кæндзæн ноджы хуыздæр кусынмæ.
«Нæ къухтæ цы бадзырдыл хъуамæ æрфыссæм, уый фæахъаз уыдзæн нæ республикæйы футболы размæцыдæн. Раздæр-иу не ’взонг футболистты фæндыд Уæрæсейы академитæм бахауын. Ныр ацы академи уыдзæн Ирыстоны æмæ нæ сывæллæттæн æнцондæр уыдзæн уырдæм бахауын. Мах та, тренерты, хъæудзæн бирæ кусын. Æмæ нæ кæд фæнды æмæ нæ хъомылгæнинæгтæн футболы уа хорз фидæн, уæд хъуамæ æнæмæнгæй дæр сæххæст кæнæм нæ разы лæууæг хæстæ», — загъта Битеты Зауыр.
Сæ кусæгон балцы фæлгæтты ма академийы специалисттæ мастер-кълас ауагътой сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн. Уыдон сын тренировкæйы рæстæджы радзырдтой программæйы сæйраг фæдыздæхæнты тыххæй. Бадзырды фæлгæтты хуссарирыстойнаг тренертæн дарддæр уагъд цæудзысты сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны фæдыл курсытæ æмæ семинартæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.