ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Ирон богал Хъæбæлоты Витали ссис грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Европæйы чемпионаты æвзист призер. Ерыстæ уагъд цæуынц Италийы столицæ Римы. Витали архайдта 55 кг уæзы категорийы. Уый финалмæ цæугæйæ рамбылдта Турчы, Румыны æмæ Гуырдзыстоны минæвæртты. Сæйраг тохы йæ ныхмæ-лæууæг уыд болгайраг Эдмонд Назарян. Фембæлд фæцис 3:7 хыгъдæй болгариаг  спортсмены пайдайæн.

14-æм февралы та райдайдзысты уæгъдибар хъæбысхæстæй ерыстæ. Чемпионаты УФ-йы æмбырдгонд коман-дæйы архайдзысты Тусхъаты Азæмæт (57 кг), Найфонты Артур (86 кг) æмæ Цæ-куылты Батырбег (92 кг).

ШТАНГÆ

Хуссарирыстойнаг штангист Кæсæбиты Александр хайад райста Уæрæсейы Кубокы, кæцы уагъд цыд СанктПетербурджы. Александрæн иу килограмм не сфаг, цæмæй бахаудаит призерты нымæцмæ. Уый 96 кг. уæзы кате-горийы архайæгæй, дыууæ истæн скодта 350 кг. (160+190). Æртыккаг бынат æрцахсæг Виктор Кондратьев та фе-нын кодта 351 кг. (156+195) бæрæггæ-нæн. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Александр 4 азы хайад кæй нал райста ерысты.

Уæрæсейы кубокы ма хайад райстой æндæр ирон спортсментæ дæр. Æвзист призертæ систы Къæбысты Артур æмæ Годжыцаты Дмитри. Бронзæ майдантæ та рамбылдтой Хуыгаты Олег æмæ Си-дахъты Георги.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Йæ спортивон карьерæ сног кодта уæгъдибар хъæбысхæстæй Олимпион хъæзтыты чемпион Гуæцæлты Хадзы-мурат. Уый ныр архайдзæн Сомихстоны тырысайы бын. «Тынг мæ фæнды Олимпион лицензи рамбулын æмæ Токиойы Олимпион хъæзтыты майданыл стох кæнын. Ныридæгæн райдыдтон мæхи цæттæ кæнын. Европæйы чемпионат мæ бахъæудзæн рауадзын. Фыццаг ерыстæ мын уыдзысты дыууæ къуырийы фæстæ Харьковы турниры. Уый фæстæ план кæнын 19-22 марты Будапешты Олимпион лицензион турниры хайад райсын», – банысан кодта Гуæцæлты Хадзымурат.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.