Махæй алчи дæр уарзы æрдзы хъæбысмæ ацæуын, уым хорзæн рæстæг арвитын æмæ дзы зæрдæйы фæндиаг баулæфын. Уый хорз у, фæлæ иуæй-иутæ адджын фынджы фæстæ нæ батыхсынц йæ сæфснайыныл. Æндæртæ та физонæг скæныны фæстæ нал батыхсынц арт ахуыссын кæныныл æмæ уый фæстиуæгæн хъæд ссудзы. Ахæм уавæры бахауд æрæджы Дзауы районы Моргойы хъæд дæр, уым ис хихджын æмæ сыфтæрджын бæлæстæ æмæ йæ иумиаг фæзуат у 6 гектары.

Ацы бынаты æнæрхъуыды æмæ æнæмæты ахасты фæстиуæгæн зынгсирвæзт куыддæр сцырын, афтæ йæм æвæстиатæй фæзындысты Уæлвæткон уавæрты фæдыл Дзауы районы зынгхуыссынгæнджытæ. Уыдонæн сæ архайд уыд цæрдæг,  фердæхтджын æмæ цыбыр æм-гъуыдмæ хъæды фервæзын кодтой æнамонд цауæй. Зынгсирвæзт ахуыссын кæныныл ар-хайдтой Гасситы Алик, Цхуырбаты Генрих, Тыбылты Станислав æмæ Гаглойты Роланд. Ацы арæхстджын æмæ хъæддых лæппуты арæхстдзинадæй райгондæй баззадысты Хуссар Ирыстоны Хъæды хæдзарады кусджытæ æмæ сын сæхи рады зæгъынц стыр бузныг.

                                                         ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.