Æрбалæууыд зымæгмæ хъæууон скъолаты, куыстуæтты, организациты сугæй сифтонг кæныны рæстæг. Уыцы хъуыддагыл кусы Хъæды хæдзарады комитет. Уыдон райсынц закъаз цас æрцæттæ кæнын хъæуы, уый тыххæй. Хъæды хæдзарады кусджытæ фыццаджыдæр бакæнынц  санитарон куыст, ралыг кæнынц зæронд бæлæстæ, æрцæттæ сæ кæнынц  æмæ уый фæстæ уæрст æрцæуынц, хъæууон скъолатæй æмæ уагдæттæй ма сугын пецтæй чи архайы, уыдоныл. Цæрджытæн дæр суг цæттæ  кæнынц районты хъæды хæдзарадтæ æмæ уыцы æфтиæгтæ бацæуынц республикæйы бюджетмæ.

Хъыгагæн, бирæтæн фæззæг, хъармгæнæн сезоны агъоммæ, свæййы хисæрмагонд æфтиæгтыл хъуыды кæныны рæстæг. Уыдон хивастæй, æнауæрдгæйæ фæцæгъдынц æвзонг тæрс, тулдз æмæ æндæр мыггаг бæлæстæ. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, мæгуырауæрæдæм æндавы нæ алфæмблай æрдзы уавæрыл.

Хъуамæ алчи дæр зона, хъæд махæн æрмæст сыгъдæг уæлдæфы гуырæн нæу, фæлæ ма у нæ хъæздыгдзинады гуырæн дæр. Уымæ гæсгæ, канд фæззæджы нæ, фæлæ афæдзы алы афон дæр, хъæуы хъæд хъахъхъæнын. Хъæдæн ис эстетикон æмæ фæлладуадзæн нысаниуæг дæр. Мах та иу чысыл æфтиаджы номыл арæх ферох кæнæм æрдзы хæрзиуджытæ æмæ йыл нæ фæауæрдæм. Рох нæ цæмæн у, хъæд хъæддаг сырдтæ æмæ мæргъты хуыздæр цæрæнбынат кæй у, нæ суадæттæ уый фæрцы кæй абузынц зæххы бынæй.

Куыд зонæм, афтæмæй гуырдзыйы агрессийы рæстæджы стыр зинæттæ рачындæуыд, канд нæ республикæйы экономикæйæн нæ, фæлæ хъæды хæдзарадæн дæр. 1989-2008 азтæм нæ республикæйы хъæды массивтыл контроль цыдис æрмæстдæр сæ 62 процентыл, ома, 161730 гектары фæзуатæй Хъæды хæдзарадæн йæ бар цыд æрмæстдæр 100 242 гектарыл.

Уыцы рæстæджы уæлдай æнæхъусдардæй аззадысты Ленингоры районы хъæды фæзуæттæ. Республикæйы дæлбар дзы уыдысты æрмæстдæр сæ 20 проценты. Уым, Ленингоры, районы гуырдзиаг цæрджытæ, æнауæрдонæй, цагътой зынаргъ мыггаг æмæ æвзонг бæлæстæ. Уыдон ласт цыдысты Гуырдзыстонмæ æмæ сæ уым арæзтой зынаргъ хæдзарон дзаумæттæ. Хъæды хæдзарады комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй советон дуджы хъæд хъахъхъæныны фæдыл куыстой 128 хъæдгæсы, ныр уыдон бæрæг фæкъаддæр сты. Ныртæккæ хъæд хъахъхъæнджыты куыст цадæггай йæ гаччы бады.

Хъæды хæдзарады комитеты активон архайды руаджы арæзт æрцыд талахъомылгæнæндон, цыран цалдæр гектары фæзуатыл байтыдтой алыгъуызон бæлæсты тауинæгтæ. Уыдон куыддæр садзынæн сбæззынц, афтæ сагъд æрцæуынц, хъæд кæм слæгуын ис, уыцы бынæтты.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.