Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы Барамындмæ гæсгæ Орчъосаны астæуккаг скъолайæн лæвæрд æрцыд йæ раздæры рауагъдон, Украинæйы Сæрмагонд хæстон операцийы фæмардуæвæг хъайтар Дриаты Энверы ном. Уый цытæн скъолайы кæрты цытджын æгъдауæй байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Цытджын церемонийы хайад райстой Президент Гаглойты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Беджызаты Батрадз, Ленингоры районы администрацийы минæвæрттæ, хъайтары ныййарджытæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, хъæуы цæрджытæ.

Скъола Дриаты Энверы номыл схоныны хъæппæрис раразмæ кодта ацы ахуырадон уагдоны разамынад. Мысæн фæйнæг байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд Орчъосаны астæуккаг скъолайы директор Дриаты Иринæ æмæ хъайтары æфсымæрæн. Æрæмбырдуæвджытæ фæмардуæвæг хæстоны рухс ном ссардтой иу уысм æмырæй алæугæйæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой мемориалон фæйнæджы раз.

Президент Гаглойты Алан Дриаты Энверы схуыдта рæзгæ фæлтæрæн цæвиттойнаг.

«Абон мах не`ппæт дæр хъыг кæнæм йæ ныййарджытимæ иумæ. Махæй алкæй хæс дæр у, цæмæй нæ зæрдыл дарæм, сабырдзинады сæрыл тохы хъæбатырæй чи бабын  æмæ сын сæ нæмттæ арæм. Энверы æхсар æмæ хъæбатырдзинад хъуамæ цæвиттон суой нæ рæзгæ фæлтæрæн дæр, цæмæй  ма рох кæной иннæ фæмардуæвæг хъайтарты нæмттæ дæр», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент бузныг загъта Энверы ныййарджытæ Дриаты Гамлет æмæ Тедеты Эллæйæн, ахæм хъæбатыр фырт кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. «Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, хъæбул куы фæбæззы, уæд иумæйаг вæййы. Абон йæ ныййарджытимæ иумæ Энверыл риссынц йæ хъæубæстæ æмæ æгас Ирыстон дæр. Ныртæккæ фашизмы ныхмæ чи тох кæны, уыдонæн та нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй тагъд рæстæджы æрыздæхой сæ хæдзæрттæм, сæ бинонтæм  сæрæгасæй», – банысан кодта Президент Гаглойты Алан.

Орчъосаны астæуккаг скъолайы директор Дриаты Иринæ алкæй хæсыл нымайы не ‘мзæххоны хъæбатырдзинады тыххæй зонын, йæ рухс ном ын арын.

Скъолайæн – хъайтары ном

«Скъолайы коллектив æппæт дæр аразы, цæмæй ахуыргæнинæгтæм æвзæра патриотон æргъадты дырыс æмæ бæрæг системæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, сабыр æмæ хæстон рæстæджыты рæзгæ фæлтæр хъайтарты цардвæндагимæ куы зонгæ кæной, уæд хъуыды кæндзысты æмæ æмбардзысты цы нысаниуæг сын ис, уый. Афтæмæй, скъолайы къæсæрæй  хъомыл цардмæ куы бахизой, уæд уыдон кад кæндзысты хъайтартæн æмæ сын уыдзысты фæзминаг. Мах сæрыстыр стæм, Дриаты Энвер Орчъосаны астæуккаг скъолайы рауагъдон кæй уыд, уымæй», – загъта скъолайы директор.

Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Уалыты Муртазы ныхæстæм гæсгæ хистæр лейтенант Дриаты Энверы цыбыр цард æмæ йе ‘хсар, йæ фидар удыхъæд ныры фæлтæрæн суыдзысты цæвиттойнаг, мемориалон фæйнæг та нын алы хатт дæр нæ зæрдыл лæууын кæндзæн йæ хъæбатырдзинады тыххæй. «Энвер уыд хъæбатыр лæппу æмæ равдыста æхсардзинад. Фæзæгъынц, зæгъгæ, «быть воином – жить вечно». Энвер дæр нæ зæрдæты цæрдзæн æнустæм. Дриаты Энвер райгуырдис æмæ схъомыл йæ райгуырæн хъæу Орчъосаны. Скъола каст фæуыны фæстæ аккагæй баслужбæ кодта. Хæцыд Сирийы. Сæрмагонд хæстон операци куы райдыдта, уæд Энвер æнæ рахъуыды-бахъуыдыйæ ацыд йæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ, хæсты быдыры равдыста æцæг лæгдзинад æмæ ныфсхастдзинад», – загъта Уалыты Муртаз.

Орчъосаны астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ Дриаты Энверы номыл бакастысты æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтой йæ цардæй ист цауты тыххæй.  Мадзалы кæрон хъайтары номыл арвмæ суагътой урс уæлдæфон къоритæ.

Сæрмагонд хæстон операцийы райдианæй Энвер йæ хæстон æмгæрттимæ лæууыд фыццаг рæнхъыты æмæ кадимæ æххæст кодта йæ хæстон хæс. Уæззау цæф фæцис Донбассы сæрыл карз тохты рæстæджы.  Дохтыртæ цалдæр мæйы тох кодтой мæлæты дзæмбытæй йæ байсыныл, фæлæ хæстоны организм нæ бафæрæзта уæззау цæфтæ æмæ операцитæн. Дриаты Энвер цардæй ахицæн 2022 азы 28 октябры 30-аздзыдæй.

Йæ хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы æхсар æмæ хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй йæ амæлæты фæстæ хистæр лейтенант Дриаты Энвер хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатырдзинады орденæй æмæ Хуссар Ирыстоны «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй.

Хæстон ныгæд æрцыд Цæгат Ирыстон-Аланийы Кады аллеяйы.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.