Хуыцауы дзуар

Раджы заманы Ирыхъæуы адæмыл сыстад цавæрдæр низ æмæ цагъды кодтой æнæхъæн бинонтæй. Адæм куывтой Хуыцаумæ, лæгъстæ йын кодтой, цæмæй сæ фервæзын кæна, быныскъуыд сæ ма фæкæна. Хуыцауæн арæхдæр чи лæгъстæ кодта, уыдонæй иу уыд зæронд лæг Гуырцъыты Пипо. Иу æхсæв Пипомæ фыны Уастырджи фæзынд æмæ йын дзуры:

Уацамонгæ

«Адæм фервæздзысты рынæй, кæд ды дæхи нывондæн æрхæссай æмæ адæмы бæсты амæлай, уæд. Ды хъуамæ райсом раджы сыстай æмæ ацæуай, хъомрæгъау кæм хизынц, уыцы сæрвæтмæ. Уым рæгъауæй фæхицæн уыдзæн иу урс гал. Уыцы гал кæдæм цæуа, уырдæм хъуамæ цæуай йæ фæдыл. Урс гал цы ран æрхуысса, уыцы бынаты хъуамæ саразай Хуыцауы дзуары кувæндон. Урс галы хъуамæ аргæвдай æмæ скувай Хуыцаумæ, бафæдзæхсай йыл адæмы. Адæм бынтон скуынæгæй фервæздзысты, фæлæ дыккаг бонмæ дæхæдæг удæгас нал уыдзынæ».

Райсом Пипо куы райхъал, уæд сыстад, æмæ  йын æхсæвы Уастырджи куыддæриддæр бацамыдта, афтæ бакодта. Пипо йæхæдæг амард уыцы изæр, фæлæ адæм фервæзтысты, рынæй нал цагъды кодтой.

Уæдæй фæстæмæ адæм кувынмæ цыдысты Хуыцауы дзуармæ, сæхи йын фæдзæхстой, нывæнд-тæ кодтой йæ номыл.

Мах заманы та ахæм диссаджы хабар æрцыд ацы кувæндоны. Иу рæстæджы Хуыцауы дзуары кувæндон цалцæг кæнынмæ куы æрæвнæлдтой, уæд нывгæнæг Темыраты Виктор сфæнд кодта, дзуары цы стыр бæлæстæ уыд, уыдонæй иуы зæнгыл зæронд хæххон лæджы сурæт скæнын. Нывгæнæг сарт райста æмæ бавнæлдта, цахæм зæронд лæджы фæлгонц æрхъуыды кодта, уый сурæт бæласы зæнгыл лыг кæнынмæ. Фæлæ æрцыд диссаг: нывгæнæг цахæм сурæт аразынмæ хъавыд, ахæм ын нæ рауад, фæлæ бынтон æндæргъуызон  зæронд лæджы фæлгонц. Комбæсты зæронддæр лæгтæ йын йæ куыст куы федтой, уæд фырдиссагæй сæхиуыл дзуæрттæ æфтауынмæ фесты: Темырайы фырты къухтæй цы фæлгонц равзæрд, уый разынд, Викторы райгуырдæй бирæ раздæр чи амард, уыцы дзуары лæгтæй сæ иуы сурæт.

Наниты Андойы таурæгътæй

Иу мæгуыр лæг Уастырджимæ адгур бацыд. Уастырджи йын радта чъыры къæртт, хордзентæ æмæ мæцъис. Мæгуыр лæг хæйрæджыты паддзахмæ ныццыди. Йæ кæрты чъыры къæрттæй тымбыл хахх æркодта æмæ йæ астæу сбадти. Хæйрæджыты паддзах æмæ йе ‘фсады рарвыста, фæлæ хаххæй мидæмæ нæ дæр адæймагæн уыд бахизæн. Нæ дæр – топпы нæмыгæн.

Мæгуыр лæг хордзены ком айхæлдта æмæ скуывта:

– Мæ зæд, мæ дуаг, хæйрæджыты паддзахы æфсад мæ хордзенты цы ныккæлой, ахæм амонд мын радт!

Хæйрæджыты æфсад хордзены фестадысты. Мæгуыр лæг хордзены ком абаста æмæ сæ мæцъисæй нæмын райдыдта.

Хæйрæджытæ йын лæгъстæ кæнын райдыдтой:

– Чи дæ, цы зæд, цы дуаг дæ? Цæгъдгæ нæ ма фæкæн, уый йедтæмæ нæ цæрæнбæстæ дæуæн ныууадздзыстæм.

Ауагъта сæ мæгуыр лæг. Хæйрæджытæ сæ паддзахмæ бацыдысты æмæ йын загътой, мæгуыр лæгыл сæ бон кæй ницы цæуы æмæ сын сæ бæстæйæ æнæфæлидзгæ кæй нал ис. Паддзах ноджы фылдæр æфсад барвыста мæгуыр лæгмæ, фæлæ сын фыддæр фæци, ацы хатт сын сæ фылдæры ныццагъта. Æмæ уæд фæлыгъдысты, сæ бæстæ мæгуыр лæгæн ныууагътой.

Мæгуыр лæг куы амард, уæд дзы мæрдты бæсты удхæссæджы минæвар сарæзтой. Загътой йын мæрдты бæсты тæрхонгæнджытæ: ацу æмæ удхæссæгæн зæгъ, цæмæй æртæаздзыдæй кæстæр сывæллæттæ кæм уа, ахæм бинонты иууылдæр ныццæгъда. Мæгуыр лæг бацыд удхæссæгмæ æмæ йын загъта, лыстæг хъæд ныццæгъд, зæгъгæ.

Удхæссæг дæр афтæ бакодта, фæлæ уый тыххæй мæгуыр лæджы мæрдты бæсты тæрхонгæнджытæ зындонмæ арвыстой. Зындонмæ куы бацыд, уæд дзы, кæй ныццагъта, уыцы хæйрæджытæ фæтарстысты æмæ йæ дуармæ расайдтой. Мæгуыр лæг йæ рæстдзинад радзырдта Барастырæн æмæ йын уый дзæнæты бынат радта.

Ирон æгъдау æмæ уагыл

 ныхас кæныны фæткойтæй

*  Ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл ныхасы бацæуыны агъоммæ дæ зæгъинаг авд хатты сбар æмæ йæ иу хатт алыг кæн;

* Искæимæ ныхасгæнгæйæ, дæ ныхасæмбалæн комкоммæ кæс йæ цæстытæм, дæ цæстæнгас дзы ма æмбæхс, дзургæ-дзурын æм дæ чъылдым ма аздах;

* Дæхиуыл хæцын фæраз, хъæрæй ма дзур, цыфæнды мæсты куы уай, уæддæр дæ ныхасæмбалмæ дæ маст ма равдис, кæд дæ маст уый аххосæй у, уæддæр, тыхдзырд ма кæн, дæ къухтæ æгæр ма змæлын кæн, дзур цыбырæй;

* Дæ ныхасæмбал дæм кæд лæмбынæг нæ хъусы, уæддæр ын уайдзæф ма кæн, кæд дæ кæстæртæй кæнæ дæ хъомылгæнинæгтæй нæу, уæд бацархай къаддæр дзурыныл, фæлæ фылдæр хъусыныл; ныхасæмбалмæ нæ хъусын аипп у, йæ ныхас ын аскъуынын та æнæфенддзинад у;

* Адæмы ‘хсæн, æмбырды, фынджы уæлхъус кæд дæ ныхасмæ хъусæг нæй кæнæ фылдæр адæм нæ хъусынц, уæд хуыздæр у мацыуал дзурын, уымæн æмæ ныхасмæ цæттæ нæ уыдтæ, дæ ныхасы уæз нæй;

* Дæ ныхæстæ фæлхат ма кæн, лыстæг цаутыл дæргъвæтин ныхас ма кæн, къаддæр кæн «ардхæрыны» ныхæстæ æмæ сомытæ («Хуыцауæй дын ард хæрын», «Уастырджийыстæн», «Мæ фыдыстæн» æмæ æнд.);

* Исчи дæ ныхасмæ куы агура, фæлæ дæ куы не ‘вдæла, уæд ын цæхгæр «нæ» макуы зæгъ, дæ фыдгул знаг куы уа, уæддæр. Зæгъ ын: «Бахатыр мын кæн, рæстæг мын нæй, æндæр хатт аныхас кæндзыстæм». Кæнæ: «Тынг æнæвдæлон дæн æмæ мын хатыр уæд, дæ хорзæхæй!»;

* Исты ахсджиаг цауыл ныхасгæнгæйæ дæм æндæр исчи куы бадзура, аргъæвæн кæмæн нæй, ахæм фарстайы фæдыл, уæд дæ ныхасæмбалæн йæ дзырд æваст ма аскъуын, зæгъ ын: «Дæ хорзæхæй, дæ ныхас ма ферох кæн»;

Дыууæ бирæгъы

Раджы кæддæр иу зæронд лæг йæ фырты фыртæн дзуры:

– Алы адæймаджы удысконды дæр цæуы, дыууæ бирæгъы тохы хуызæн чи у, ахæм тох. Иу бирæгъ дзы хæссы хæрам: хæлæгдзинад, зæрдæхсайд, æнæуынондзинад, гадзрахат. Дыккаг бирæгъ тауы хæлардзинад: сабырад, уарзт, ныфс, æууæнкдзинад.

Чысыл лæппу йæ дадайы ныхæстæм хъуыдыты адзæгъæл, стæй йæ бафарста:

– Æмæ дыууæ бирæгъæй фæстагмæ тыхджындæр кæцы разыны?

Зæронд лæг йæ мидбылты бахудт æмæ загъта:

– Алыхатт дæр уæлахиз кæны, кæмæн хæрын кæныс, уыцы бирæгъ…

Фыдыус – фыдус

Иу лæгæн йæ ус амард æмæ дыккаг ус æрхаста. Фыдыус ын йæ сидзæрты нæ бауарзта, йæ удхæссæг сæ федта æмæ сын сæ уд дойныйæн нуæзта. Фæстагмæ йын ахæм удхæссæг фестадысты æмæ сфæнд кодта бынтондæр сæ фервæзын. Иу зымæгон бон сидзæртæ арты алыварс куы бамбырд сты, уæд фыдыус артмæ цæххы къæрттытæ баппæрста. Цæххы къæрттытæ куы скъæр-къæр кодтой, уæд сидзæртæ фæтарстысты æмæ уынгмæ алыгъдысты. Фыдыусæн та йæ дыууæ цæстыл дæр сæмбæлд, артæй  чи схъиудта, уыцы цæххы къæрттытæй æмæ саугуырм бацис.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.