Лицензикæнынады управлени, Стандартизаци æмæ Метрологийы комитет, Хъæды хæдзарады управлени æмæ геологи, экологи æмæ æрдзы ресурстæй пайдакæнынады комитеты сæргълæуджытæ æрдзырдтой дзыллон информацийы фæрæзтæн бакæнтæ куыстыты фæстиуджытыл æмæ 2017 азæн нывæзтыты тыххæй.

«Æргом хицауад»-ы фæлгæтты пресс-конференци уагъта РХИ-йы Мыхуыры æмæ Информацийы комитеты сæрдары хæдивæг Харебаты Майя.

Райдианы ныхасы бар лæвæрд æрцыд Стандартизаци æмæ Метрологийы комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Зауырæн.

«Ирыстоны фæзындзæн фадат æртаджы гъæд сгарынæн», – фехъусын кодта уый журналисттæн.

Цхуырбаты Зауыры ныхæстæм гæсгæ, йæ комитет ивгъуыд аз уæрæсейаг коллегæтимæ цы сразыдзинæдтæ сарæзтой, уый фæстиуæгæн комитеты материалон базæ бæрæг фæхуыздæр. «Нырмæ æрмæджытæ экспертизæмæ Ставрополмæ æрвыст цыдысты. Бæрæг куыд у, афтæмæй-иу уымæн бахъуыд бирæ рæстæг,  дыууæ-æртæ къуыри. Ныр махæн бадзырды фадыджы нæ уавæртæ фæхуыздæр сты – нæ цæгаттаг æфсымæрты æххуысæй нæм æрвыст æрцыд сæрмагонд прибор, кæцы сгардзæн æртаджы гъæд Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уымæ гæсгæ мæ фæнды журналистты æххуысæй æхсæ-надæн фехъусын кæнын мах цæттæ кæй стæм уыцы куыст кæнынмæ», – дзырдта Стандартизаци æмæ Метрологийы комитеты сæргъ-лæууæг.

Хъæды хæдзарады управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Къæбулты Инал лæмбынæг æрдзырдта, ныртæккæ нæ Республикæйы хъæды фонды иумæйаг фæзуат кæй ахсы 186 435 гектары. «Хъæды цы бæлæстæ зайы, уыдонæй иууыл арæхдæр æмбæлæм тæрс бæласыл. Уымæй дарддæр ма нæм зайы тулдз æмæ хихджын бæлæсты мыггæгтæ. Назбæлæсты къохы фæзуæттæ ис куыд Дзауы районы, афтæ Цхинвалы районы дæр».

Уый ма куыд дзырдта, афтæмæй хъæды хæдзарады комитеты коллектив архайы хъæдæй хæдзардзинæй пайда кæныныл. Уымæ гæсгæ ралыг кæнынц, дарддæр пайда кæнынæн чи нал бæззынц, чи базæронд вæййы æмæ йæ алыварс бæлæсты мыггæгтæн тæссаг чи у, ахæм бæлæсты. Къæбулты Иналы хъуыдымæ гæсгæ, хъæд æнауæрдонæй чи цæгъды, уыдон ныхмæ дæр цæуы карз тох.

«Ивгъуыд аз нæ республикæйы организацитæн æмæ цæрджытæн хъæд реализаци æрцыд 7024 кубикон метры бæрц. Æнæуый та не ‘хсæн хъæдыл фыдаудæн чи кæны, йæ куынæг кæныныл ын чи нæ ауæрды, ахæм æдзæсгом адæм бирæ ис. Уымæ гæсгæ мах бафæдзæхсæм цæрджыты, цæмæй ахæмтыл аразой акттæ. Хъæды хæдзарады комитет 51208 сомы бахаста республикæйы бюджетмæ», – загъта Къæбулты Инал.

Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй ахсджиаг куыст цæуы хъæды фæзуæттыл тала бæлæстæ садзыны хъуыддаджы дæр. «Æрмæст фарон мах ныссагътам авд мины бæрц алыгъуызон бæлæстæ. Уыдон садзынæн нын баххуыс кодтой Хуссар Ирыстоны университеты студенттæ. Процентон нымадмæ гæсгæ бæлæстæн сæ 65 проценты æрфидар сты», – дзырдта Къæбулты Инал.

Куыд загъта, афтæмæй горæты хæрзарæзтадæн радтой сырх тулдзы талатæ 300 иуæджы бæрц. Бæрзы талатæ байуæрстой цæрджытæ æмæ уагдæттыл.

Хъæды хæдзарады комитеты сæргълæууæджы хæдивæг куыд загъта, афтæмæй сæ хæдзарад хъуаг у техникæйæ. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны хъæды уавæр фæстаг азты бæрæг фæхуыздæр.

«Ивгъуыд азы куысты фæстиуджытыл куы дзурæм, уæд нæ комитет республикæйы бюджетмæ бахаста 1 милуан æмæ 116 мин сомы. Бæрæг куыст бакодтой «Югослеспромхоз» дæр. Хъæды продукци реализаци кæныны фæстиуæгæн та – 6 188 сомы».

Къæбулты Инал лæмбынæг дзуаппытæ лæ-вæрдта журналистты фарстытæн дæр.

Лицензикæнынады управленийы сæргълæууæг Александр Ефименко куыд загъта, афтæмæй йæ управлени 2016 азы йæ разылæууæг хæстæ сæххæст кодта. «Махæн нæ куыст баст у арæзтадон куыстытимæ. Лицензитæ цы æмбæстæгтæ райсынц, уыдон хъуамæ законы фыст куыд ис, афтæ æрæмбырд кæной хъæуæг гæххæттытæ. Уый фæстæ нæ управленийы экспертон къорд бар дæтты амалиуæггæнæгæн хъуыддагон гæххæтытæ. Хатт гæххæттыты нæ юрист рæдыдтытæ ссары. Ахæм рæстæджы мах лицензи нæ радтæм. Нæ управлени лицензи дæтты æртæ азы æмгъуыдмæ. Уыцы азты дæргъы æппы-нæдзух анализ лæвæрд цæуы арæзтадæн», – загъта управленийы сæргълæууæг.

Уый ма куыд бамбарын кодта журналисттæн, афтæмæй республикæйы территорийыл амалиуæггæнджыты нымæц фæстаг азты бæрæг фæфылдæр. «Астæуккаг нымадæй сисгæйæ, 15-20 лицензийæ фылдæр лæвæрд æрцæуы, суагъæмæ гæсгæ цас хъуамæ дæттæм, уымæй. Уый та дзурæг у, республикæйы экономикæ кæй фæбæрзонддæр ис, ууыл».

Фидæны сæ куысты тыххæй та Александр Ефименко загъта: «2017 азы нæ куыст рауæрæх кæныны нысанæн мах хъавæм куыстуатимæ дæр бакусын».

Геологи, экологи æмæ æрдзон ресурстæй раст спайда кæныны комитеты разамонæджы хæдивæг Харебаты Алан фехъусын кодта журналисттæн ацы аз апрелы мыхуыры кæй рацæудзæн Хуссар Ирыстоны фыццаг Сырх чиныг, ныридæгæн кусынц хуссарирыстойнаг дендролог Къæбулты Зауыр æмæ æрхонгæ уазджытæ æмæ специалисттæ Уæрæсейæ, Цæгат Ирыстонæй æмæ Сочийæ.

Комитеты сæргълæууæджы хæдивæг ма банысан кодта, кæй фæфылдæр республикæ-йы территорийыл минералон æмæ суадæттæ исыны фæдыл лицензитæ райсын кæй фæнды, уыцы адæмы нымæц.

Пресс-конференцийы дзырд цыд, фæстаг рæстæджы Зонкъары Æвæрд хъæды кусджыты хорз куысты фæстиуæгæн республикæйы хъæдты сырдты мыггæтæ кæй бирæ кæнынц, ууыл дæр. «Нæ цæугæдæттæ хъæздыг сты кæсаджы алы хуызтæй дæр», – дзырдта Харебаты Алан.

Журналисттæ цымыдис кодтой бар ис æви нæ хъæддаг сырдтыл цуан кæнынæн. Уый тыххæй та Харебаты Алан афтæ загъта: «Цуан кæнынæн ис йæхи рæстæг. Алы сырды амарыны тыххæй дæр ис сæрмагонд тарифтæ. Зæгъæм, арс амарæггаг у 80 мин сомы. Кæд уый махмæ гæсгæ стыр аргъ у, уæддæр разыны цуангæнджытæ, æмæ нæ комитеты хыгъдмæ бæрæг æхцайы фæрæзтæ ахынцыны фæстæ, райсынц цуан кæныны бар».

  Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.