Газеты кусæг кæдфæнды дæр адæммæ хæстæг у. Фæстаг рæстæг мах æхсызгонæй рахатыдтам – нæ фæсивæд се ‘ргом здахынц ирондзинадмæ, фæнды сæ зонын нæ истори, нæ культурæ, нæ традицитæ. Ууыл ма дзурæг у уый дæр, æмæ нæ газетмæ кусын-мæ кæй æрбацыдысты æрыгæттæ.

Худинаг у, ирон хæдзар, ирон бинонтæ ирон газет кæнæ журнал куы нæ кæсой, уый. Цы бынаты кусы адæймаг, уымæ нæ кæсгæйæ, алкæмæн дæр йæ хæс у «Хурзæрин» рафыссын. Домын никæмæй ницы хъæуы, фæлæ Ирыстон,  ирон æвзаг зынаргъ кæмæн сты, сæ  фидæныл чи тыхсы, уыдонæн зынаргъ хъуамæ уа мадæлон æвзагыл цæуæг æвзаг.

Мах нæ национ æвзаг куы фесафæм, уæд сæфт æрцæудзысты (ныридæгæн дæр цадæггай сæфынц) нæ культурон традицитæ, ног фæлтæртæ сæ национ культурæйы хæзнатæн зондзысты æрмæст сæ чысыл хай, иннæтæ сын уыдзысты дуарæхгæд, иронау кæй нæ зонынц, уый аххосæй. Æвзаг æмæ культурæ сты адæмы æнгомгæнæг, æнæ уыдон нæ нацийæ ра-уайдзæн йæ уидæгтæй иртæст адæм, æмæ чысылгай ныппырх уыдзыстæм дунейы къуымты. Æвзаг æмæ культурæ куы нæ уой, уæд фæсивæды ницы бæтты райгуырæн зæххимæ, уымæн ацæуынц æнцонæй æндæр горæттæм æмæ бæстæтæм хуыздæр цард агурынмæ, æмæ фылдæр хатт фæстæмæ нал æрыздæхынц. Ирыстоны дзы чи баззайы, уыдон та дыууæ культурæйы ‘хсæн нындзыг вæййынц: ирæттæ дæр нал вæййынц, уырыссæгтæ кæнæ сæ англисæгтæ дæр нæ рауайы.

«Кæд дæ ирон – уæд де ‘взаг зон» – ахæм фыстытæ ис фенæн бирæ рæтты.  Йæ цæрæнбон бирæ уæд, ахæм хъуыды  рæгъмæ чи рахаста, уымæн. Фæлæ ма йæм æз бафтауин: «…æмæ дзы пайда кæн!».

Ирон адæм кæддæриддæр стыр бузныг уыдысты Уæрæсейы паддзахадæй. Фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ не ргом бынтондæр Уæрæсейы рдæм аздахæм æмæ нæ ирондзинад ферох кæнæм. Суанг ас адæмæй дæр чидæртæ сæ кæстæртæм иронау нал дзурынц, æмæ уый   аиппыл нæ нымайынц. Афтæ гъе, ирон уæвын бирæтæ  сæрмæхæссинагыл нал нымайынц.

Мæсыг хи дурæй хæлы. Бирæтæм афтæ фæкæсы, цыма иронау куы дзура, уæд æй чидæр раст нæ бамбардзæн. Фæлæ æвзаг æрмæст дзурынæн нæу. Махæн мадæлон æвзаг у нæ удварны ахсджиагдæр хæзна, нæ адæмы зондахаст, нæ фарн æмæ æгъдау, нæ культурæ æмæ сфæлдыстады сæйраг цæджындз. Уый фидар уидæгтæй бæтты, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны, Кавказы, Уæрæсейы æмæ иннæ рæтты цы ирæттæ цæрынц, уыдоны.

Ирон æвзаджы грамматикæ æмæ литературæ маргъы дыууæ базыры хуызæн сты. Æмæ цæмæй нæ культурæйы бындур – не ‘взаг – фидардæр уа æмæ бæрзонддæр рæза, уый тыххæй нæ мадзæлтты уæз дыууæ «базырыл» æмхуызон æруадзын хъæуы. Æвзаг куы нæ ахуыр кæнæм, уæд иу цалдæр фæлтæрмæ литературæ дæр доны къусы сæфт фæкæндзæн.

Райдайын хъæуы сывæллæтты рæвдауæндæттæй. Байгом кæнын хъæуы, сывæллæтты иронау кæм ахуыр кæнынц, хъомыладон куыст иууылдæр иронау кæм цæуы, ахæм рæвдауæндæттæ.

Мачабелитæ, эриставтæ, жорданиятæ, æмæ сæ нырыккон фашистон фæдонтæ, гамсахурдиятæ æмæ саакашвилитæн сæ сæйраг хъуыды уыди ирон адæмы басæттын, сæ мадæлон æвзаг сын фесафын, сæ национ культурæ сын фесафын. Нæ бафтыди уый сæ къухы. Нæ бамбæрстой, ирон адæмы знаджы ныхмæ тох кæддæриддæр æнгом æмæ иузæрдион кæй кодта. Уый абон дæр   алчидæр хъуамæ йæ зæрдыл дара.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.