Ног ахуыры азы мадзалы райдианы, иу уысм æмырæй  алæугæйæ, ссардтой Беслæны трагедийы рухс нæмттæ. Афтæ ма ХИПУ-йы студенттæ цытджын æгъдауæй уæлæмæ систой республикæйы æмæ паддзахадон университеты тырысатæ.

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадимы рауагъдонтæн бафæндыд царды сæ фæндаг ссарын, афтæ ма бузныг загъта фыццагкурсонтæн, кæцытæ равзæрстой паддзахадон университет.

Цытджын линейкæ æмæ бюст байгом кæнынæй ХИПУ-йы райдыдта ног ахуыры аз

«Мах æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй уæ равзæрстыл ма фæфæсмон кæнат. Уырны мæ, нæ студенттæ нын нæ зæрдæ кæй рухс кæндзысты сæ хорз ахуырæй æмæ университеты царды активон хайадистæй», – загъта уый.

Тедейы фырт бузныг загъта меценат Гаглойты Леонидæн. Йæ закъазмæ гæсгæ арæзт æрцыд стыр ирон поэт Хетæгкаты Къостайы бюст. Бюст байгом кæныны церемони уыдис цытджын линейкæйы фæстæ.

Цытджын линейкæ æмæ бюст байгом кæнынæй ХИПУ-йы райдыдта ног ахуыры аз

Ректоры ныхæстæм гæсгæ, 11 октябры – уæлдæр ахуыргæнæндонæн бындур æрæвæрыны боны пълан цæуы фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Тыбылты Алыксандрæн бюст сæвæрын. Йæ ном хæссы университет.

Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан раарфæ код-та студенттæн ног ахуыры азы райдианы цытæн æмæ загъта, зæгъгæ, ахуырдзаутæ кæй срæсугъд кодтой абоны бон.

«Фæнды мæ арфæйы ныхæстæ зæгъын, абон фыццаг курсмæ чи æрбацыд, уыдонæн. Студентон цардæй хъæлдзæгдæр, сæрибардæр, рæсугъддæр рæстæгæн адæймаджы царды скæнæн нæй. Фæлæ уыцы хъæлдзæгдзинадимæ стыр уæз уæхсджытыл æрæнцайы. Тынг мæ фæнды, цæмæй уыцы уæз алчи дæр æмбара. Æмæ мæнæ цы ахуыргæнæндоны къæсæрæй хизут, уым бæстон ахуыр цы скæнат, хорз специалисттæ уæ цы рацæуа æмæ сомбоны нæ иумæйаг райгуырæн бæстæйæн лæггадхъом цы уæм. Фæнды мæ сымахæн фыццаджыдæр æнæниздзинад, уæ бæллицтæ иууылдæр цы сæххæст уой, уыцы амонд уæ уæнт», –  загъта Президент.

Хетæгкаты Къостайы бюст саразæг, Уæрæсейы зынгæ нывгæнæг, скульптор Дзукъаты Николай бузныг загъта Хуссар Ирыстонæн, культурон бынтæн кæй аргъ кæнынц, уый тыххæй.

«Хетæгкаты Къостайы бюст байгом кæнынæн ис стыр нысаниуæг. Бузныг Президент Гаглойты Аланæн æмæ ректор Тедеты Вадимæн национ культурæмæ сæ лæмбынæг хъусдарды тыххæй», – загъта скульптор.

Ныхасы бар лæвæрд æрцыд ХИПУ-йы ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацырæн.

«Уе ‘ппæты цæрæнбон бирæ уæд. Абон стыр бæрæгбон у. Нæ æртымбылы сæйраг нысан у фыццакурсонтыл фембæлын. Студенты ном райсгæйæ хъуамæ зонат, цы уыдзæн уæ фидæн. Нæ куырыхон адæмæй чидæр афтæ загъта, æнæахуыр адæмæн фидæн никуы уыдзæн. Махæн нæ фидæн цахæм уыдзæн, уый сымахыл баст у.  Хъæр кæнæм не ‘взаг мæлы, фæлæ кæмæ хъæр кæнæм. Уыцы хъæр ныууадзæм, фæлæ райдайæм иронау дзурын. Цы ирон лæг уырыссагау нæ зоны, уый цæй ирон лæг у. Фæлæ дæ мадæлон æвзаг ма зонай, уый бынтон макуы ‘рцыды хъуыддаг у. Абон уæ къахдзæф æндæр у, уæ кълæстæ, уæ аудиторитæ æндæр сты. Æз мæхæдæг ацы институты ахуыр кодтон æмæ мын иу рæстмæ аудитори дæр никуы уыд. Абон уын мæнæ куыд диссаджы бæстыхай ис, алы уавæртæ дæр дзы ис. Уæ хъару æмæ уæхæдæг, уæ ныййарджыты цы нæ фæхудинаг кæнат. Æнæниз, æнæмаст ут. Бузныг уе ‘ппæтæн дæр».

Цытджын линейкæ уыд студентты хайадистимæ концертон программæимæ.

Ацы аз нæ иунæг уæлдæр ахуыргæнæндонмæ ахуыр кæнынмæ бацыд 837 студенты.

ЦЫБЫРТЫ Анжелæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.