Ахуыр-хъомыладон æнтысгæ архайдæн æрмæст  ныййарджытæ  æмæ  ахуыргæнджыты  зæрдиаг куыст æмæ æнгом ахаст фаг нæу. Ацы ахсджиаг æмæ  æнтысгæ куыстæн иттæг ахсджиаг у, скъолайы ахуыр-хъомыладон куыстæн цахæм уавæртæ ис, уый дæр. Ацы æнæмæнгхъæуæг фарст та æвæрццагæй аскъуыддзаг кæныны хæс йæхимæ райсы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ бацархайы, цæмæй сæ разылæууæг хæстæ ахицæн кæной рæстæгыл æмæ гъæдджынæй.

Цхинвалы районы иумиагахуырадон скъолаты ног ахуыры азмæ æмбæлон æгъдауæй бацæттæ кæныныл ныридæгæн куыстæуы æмæ уыцы хъуыддаджы  зæрдиагæй архайы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад ( йæ хистæр Уазæгты Мевлуд). Хæдзарады кусджытæ цалцæггæнæн-арæзтадон куыстытæ æппæты фыццаг кæм райдыдтой, уый у Сатихъары астæуккаг скъолайы бæстыхай. Арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ сæххæст кодтой куыд æддейæ, афтæ мидæгæй дæр. Цæвиттон, йæ фасад ын ногæй байсæрстой скъолайы алыварс æрцыд бетонгонд, спортивон зал æмæ кълæстæм дæр базылдысты æмбæлон æгъдауæй, цалцæггонд æрцыдысты асинтæ дæр. Скъолайы хæрæндон æмæ йæ къæбиц дæр дзуапп нæ лæвæрдтой нырыккон домæнтæн, хæрæндоны астæрд уыд æгæр ныллæг. Ацы згъуыд дæр бахынцыд æрцыд æмæ йæ фæбæрзонддæр кодтой, стæй та йæ кафель скодтой. Ацы скъолайы ма бакодтой æндæр куыстытæ дæр æмæ ног ахуыры азыл сæм-бæлдзысты ифтонгæй.

Рустауы скъолайы хъармгæнæн системæйы уавæр нæ уыд раппæлинаг æмæ уый цасдæрбæрцæй мæгуырауæрдæм æндæвта ахуыры гъæдыл. Уавæр зындгонд уыд адæмон ахуырады хайадæн æмæ ныртæккæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад кусы ацы фарста æрбæстон кæныныл дæр. Скъолайы хъармгæнæн системæйы куыстыл æппæрццагæй цы æндæвта, уыдон расæрибар кодтой æмæ стæй ногæй монтажгонд æрцыдысты. Зымæгон уазал бонты Громы скъола дæр ифтонг уыдзæн хъæрмадæй. Уый тыххæй æлхæд æрцыд трансформатор, кæцы хъуамæ æвæрд æрцæуа хицæн бынаты æмæ уый фæрцы кусдзысты котелтæ. Трансформатор сæвæрыныл та бакусдзысты, йæ хъуыддаг хорз чи зоны, ГЭС-ы ахæм фæлтæрд специалисттæ. Мевлуд  куыд банысан кодта, афтæмæй уæлæнгай арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ бакæнын хъæудзæн районы цалдæр скъолайы дæр, кæд сын кусынæн æхцайы фæрæзтæ сфаг уой, уæд.

Хуыбиаты Н.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.