Ног ахуыры азы æрлæудмæ бирæтæ фенхъæлмæ кæсынц, уæлдайдæр та скъоладзаутæ æмæ студенттæ цы хæдзары ис, уыцы бинонтæ. Кæд æмæ бæрæгбон у, хъæлдзæгдзинад æмæ æхцондзинад хæссæг у, уæддæр 2004 азы ирон адæмæн сæ фарсæй фæцис ног ахуыры аз Беслæны æрцæугæ трагедийы тыххæй.

Уæдæй абонмæ ахуырадон уагдæттæм æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ ма æппæт Уæрæсейы регионты ис уæлдай хъусдард здæхт. Алы ран дæр дзы службæ хæссынц хъахъхъæнæн куыстуæтты æмæ барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ. Егъау масштабты дзы мадзæлт-тæ куы фæцæуынц, уæд та фæкусынц фæтыхджындæргонд режимы.

Хуссар Ирыстоны ног ахуыры аз райдайдзæнис 6 сентябры æмæ йæм милицийы кусджытæ сæхи цæттæ кæнынц бæстонæй. Развæлгъау арæзт æрцыдис план, кæцымæ гæсгæ архайдзысты куыд горæты, афтæ районты дæр. Скъолаты цы хъахъхъæнджытæ ис, уыдонимæ ма ноджы 5 сентябры посты слæудзысты милицийы кусджытæ дæр æмæ уым службæ хæсдзысты, цалынмæ бæрæгбонон мадзæлттæ фæуой, уæдмæ. Развæлгъау ма нæ республикæйы тыхон структурæты саперон хайадтæ басгардзысты скъолаты бæстыхæйттæ. Фæндагон змæлды æдасдзинады кусджытæ дæр 6 сентябры райсомæй скъолаты раз сæвæрдзысты постытæ. Афтæ ма скъолатæм æввахс дуканиты æмæ базарадон объектты нæ уадздзысты карз нозтытæ уæй кæнын дæр. Æдæппæт æхсæнадон фæтк бахъахъхъæныны тыххæй ацы бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсдзысты 250 милицийы кусæгæй фылдæр.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци сиды шофыртæм, цæмæй сæ хъус тынгдæр дарой бæлццæттæм, уымæн æмæ уыдоны ‘хсæн уыдзæнис бирæ ахуырдзаутæ. Сæрды дæргъвæтин улæфтыты рæстæджы сывæллæттæ айрох кæнынц фæндагон фæткойтæ æмæ тæссаг вæййы машинæйы бын бахауынæй. Уымæй уæлдай ма курæг сты, цæмæй 6 сентябры сæ машинæтыл скъæргæйæ сæ маршрут аразой афтæ, æмæ скъолайы бæстыхæйтты рæзты ма раскъæрой. Уымæн æмæ ахуырадон уагдæтты раз уыцы бон уыдзæнис бирæ адæм æмæ дзы азмæлæн нал вæййы, фæндæгтыл сæвзæры æндыгъд уавæр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.