Зонындзинæдты бонмæ скъоладзаутæ уæлдай зæрдиагдæрæй фенхъæлмæ кæсынц, уæлдайдæр скъолайы къæсæрæй фыццаг хатт чи фæхизы, уыдон. Уыцы бон сын свæййы æнæферохгæнгæ бæрæгбон, сæ зæрдыл æй фæдарынц цæрæнбонтæм. Скъола свæййы сæ дыккаг хæдзар, сæ зонды къæбиц.

Æмæ та мæнæ æрбалæууыд сентябрь, Зонындзинæдты бон, нæ республикæйы скъолаты кад-джын уавæры ацæудзысты линейкæтæ. Хуры худтимæ баиу уыдзæн сывæллæтты хъæлдзæг худт.

Фыццаг къласмæ чи бацыд, уыдоныл сæмбæлдзысты дидинджытимæ, кафт æмæ зардимæ, цæмæй ацы бæрæгбон сæ зæрдыл тынгдæр бадарой. Скъолаты разамонджыты, ахуыргæнджыты, ныййарджыты зæрдæтæ сын бауарздзысты ног хæлæрттæ ссарын, æнтыстдзинæдтæ ахуыры, спорты æмæ сфæлдыстады.

Ахуыры азы фыццаг бон, цы фæтк ныффидар ис, уымæ гæсгæ райдайы «Сабырдзинады урок-тæй». Нæ хурыскасттæ цавæр ахуыр æмæ хъомылад райсой сæ ахуыргæнджытæй, уымæй аразгæ у сæхи фидæн æмæ Фыдыбæстæйы фидæн дæр.

Ирыстоны фыццагкъласонтæ, цин æмæ уын амонд æрхæссæд уæ фыццаг ахуыргæнæджы фенд. Уе скъола та уын суæд уæ дыккаг райгуырæн хæдзар. Æнгом цуанонтæ, дам, саг марынц, æнгом бинонтæ та цард арынц, æмæ хæлар æмæ уарзонæй куыд цæрат, уæ кæрæдзи цæстæнгасæй куыд æмбарат, ахæм амонд уæ уæд.

Зонд æмæ зæрдæйы рухсæй уæ цы ахуыргæнджытæ-хъомылгæнджытæ кæной хайджын, уыдон дæр уын, уæ ныййарджытау, адджын фæуæнт. Цард зад хуымыл цæхгæрмæ бауайæгау нæу, ис дзы фæхæрдгæнæнтæ æмæ уырдыджытæ, фæлæ цæлхдурты сæрты хизын куыд фæразат, ахæм амонд уæ уæд.

Сывæллон æнæ фæкæлгæ нæ вæййы, афтæ куы нæ уа, уæд уæлæмæ стын дæр нæ базондзæн. Æнæрæдигæ дуне нæй, фæлæ, дам, адæймаг йæ рæдыдтытыл ахуыр кæны, æмæ уын сæ чи æмбарын кæна, уыдон уыдзысты уæ ахуыргæнджытæ, æмæ уын сæ цæстуарзон уайдзæф æвдадзы хос куыд уа, æмæ-иу раздæры рæдыд дыккаг хатт куыд нæуал æруадзат.

Афтæ у цард, иу асины къæпхæнæй иннæмæ хизæгау. Æххæст ахуыр, æххæст лæг, дам, дæ Хуыцау скæнæд, зæгъгæ, арфæ фæкæнынц сывæллонæн æмæ уыцы арфæ сымахыл дæр æрцæуæд. Ныфсы гуырдтæ уæ рауайæд канд уæ бинонтæн, уæ мыггагæн нæ, фæлæ æгас Ирыстонæн дæр. Даргъ æмæ уæрæх уæнт уæ царды фæндæгтæ.

ХЪУЫЛЫМБЕГТЫ Лейла,

æртæ сывæллоны мад

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.