Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд  æппæтуæрæсейон турнир «Надежды России» уæгъдибар хъæбысхæстæй æвзæнгты ‘хсæн. Турнир баст уыд дыууæ хатты Олимпион чемпион, Советон Цæдисы спорты мастер Фадзайты Арсены 60 азы юбилейимæ. Ерысты хайад райстой бæстæйы алы регионты æмæ æввахс фæсарæйнаг бæстæты командæтæ. Республикон спорты галуан «Манеж»-ы гауызмæ рахызтысты 10 командæйы спортсментæ. Уыдон уыдысты Мæскуы, Дагъыстан, Цæцæн, Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкеси, Хъырым, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонæй хъæбысæйхæцджытæ.

Турнир байгом кодта РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый раарфæ кодта Фа-дзайты Арсенæн йæ юбилейы цытæн. «Фæнды мæ раарфæ кæнын ерысты хайадисджытæн, мæ зæрдæ сын зæгъы уæлахизтæ. Фæлæ спорты фæуæлахиз вæййы тыхджындæр. Уымæ гæсгæ ерысты æппæт хайадисджытæн мæ зæрдæ зæгъы уæлахизтæ æрмæст гауызыл нæ, фæлæ царды дæр», – загъта уый.

Турниры кадджын уазджытæ уыдысты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, Смоленскы областы губернатор Алесей Островский, Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артур, уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат, Олимипион чемпионтæ æмæ æндæртæ.

16 азы онг кары  спортсментæ  ерыс кодтой дæс алыгъуызон уæзы категориты 30 килограммæй 100 килограммы онг. Алкæцы хъæбысæйхæцæджы фæстиуæгыл дæр баст уыд йæ командæйы ралæуды хатдзæг. Æртыккаг бынат бацахстой Цæгат Ирыстоны хъæбысæйхæцджытæ. «Алани-1» тыхджындæр уыд Кæсæг-Балхъары ныхмæлæуджытæй. Финалы Дагъыстаны командæ рамбылдта Цæцæны республикæйы спортсменты. Спортивон хъæбысхæсты федерацийы турниры призон фонд уыд иу милуан сомы, кæцы адих кодтой призерты ‘хсæн.

                   ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.