Ахæм дуг скодта, æмæ искæмæн «цæр» зæгъыны размæ дæр дæхиуыл хъуамæ дзуæрттæ бафтауай, цæмæй масты хай ма фæуай, знаджы цæстæй дæм мачи ракæса… Æнæрцæф хорзы гакк у, сæрыстырдзинад – ноджы хуыздæр, фæлæ дын исчи дæ азым, дæ хъæндзинады кой фидисы хуызы нæ, дæ рæдыд сраст кæныны тыххæй куы скæна, уæд дзы дæхицæн знаг цæмæн хъуамæ саразай, бузныг дзы цæмæннæ хъуамæ фæуай?..

Цæрæнбонты уыд афтæ: нæ хуыздæртæй, йæ архайд, йæ хъуыддæгтæй Ирыстон æмæ ирон адæмæн номгæнæг чи уыд, ахæм исчи-иу куы фæхъуыд не ‘хсæнæй, уæд-иу нæ газеты редакци алы хатт дæр æнхъæлмæ каст официалон некрологмæ. Официалон некролог нысан кæны хуымæтæджы тæфæрфæс нæ, фæлæ цардæй чи ахицæн, уымæн йæ ба-кæнгæ хъуыддæгтыл цыбыр афæлгæст саразгæйæ. Официалон некролог вæййы Президент, Хицауады Сæрдар æмæ Парламенты Сæрдары номæй, кæнæ кæмæ хауы, уыцы министрады, гъе та сфæлдыстадон цæдисы номæй…

Фæлæ а-фæстаг рæстæджы рохуаты баззад ацы традици, кæд нæ хуыздæртæ цардæй нырæй арæхдæр никуы цыдысты, уæддæр… Ноджыдæр æй зæгъæм, цыфыддæр знаджы дæр макуы бахъæуæд некрологтæ мыхуыр кæныны сæр, фæлæ цæмæн систам нæ къух ацы традицийыл?.. Ныры онг кæй тыххæй мыхуыр кодтам некрологтæ, уыдонæй нæ ныры судзаггаджы зиæнтты хицæн кæнæм? Æви ацы уæззау дуджы афтид цы номы лæгтæй абадтыстæм, уыдон нын фæсфæд авæринаг сты?..

Табу Хуыцауæн, нæ паддзахадон структурон арæзтады алы службæтæ дæр ис, ацы фарст кæмæ хауы, дзуапп чи дæтты, ахæмтæ. Æмæ хъуамæ алчи дæр æххæст кæна, цы бæрндзинад æвæрд ыл ис, уый. Нæ дзырдаивады зиууæттæй чи фæхъæуы, уыдоны тыххæй алы хатт дæр вæййы æмбæлон уагыл некролог. Уымæн æмæ нæ Фысджыты цæдисы сæрдар Хъазиты Мелитон æнкъары, цы бæрндзинад æвæрд ыл ис нæ зынгхуыст фысджыты раз дæр æмæ нæ историйы раз дæр, уый. Фæлæ иннæтæ цы фæвæййынц?..

Алчи дæр нæ хъуамæ æмбара, адæмы цæст уынаг кæй у, адæмы цымыдисæй кæй ницы ирвæзы… Æмæ афтæ рауайы, цыма алцы дæр у президенты аххос, æмæ, уымæ цы нæ хауы, азымджын кæм нæу, уыцы аххостæ, æппæт тæригъæдтæ дæр сæвæрынц ууыл. Афтæмæй дзырд цы проблемæйыл цæуы, уыцы хъуыддаджы Бибылты Анатолимæ азым æрхæссын тугтæригъæд уыдзæн, уымæн æмæ йæ алчи дæр зоны, Ирыстоны фарны лæгтæ йын табуйаг кæй сты, алкæмæн дæр сæ кæстæры лæггад кæй кæны. Уæдæ а-дунейæ йе ‘нусон бæстæм чи ацæуы, уыдонæй та йын алкæмæ дæр æмхуызон ахаст ис, зианджынтæй алкæй фарсмæ дæр балæууы, алкæй рыст дæр адих кæны, райсы дзы йæхимæ. Фæлæ ныл, æцæгæйдæр, цыдæр æрцыд… Цыдæр æнæуынгæ тых нын арфæй-арфдæр ныхилы нæ удырæбынтæм, сафæм нæ удварны хуыздæр бæрджытæ, знон дæр ма табуйагыл, ахсджиагыл цы нымадтам, уыдæттæм кæсын райдыдтам куыдфæндыйы цæстæй, суæлæхох стæм нæ удварныл дæр æмæ нæ национ химбарынадыл дæр. Уæдæ уый цы у?.. Куыд ис афтæ гæнæн, æмæ Саулохты Мельсы, Дзадтиаты Анисимы æмæ æндæрты тыххæй некрологтæ ма  уа. Уыдон мах нæ хъæуынц, уыдон нæ сомбоны фæлтæрты хъæудзысты, уыдон сын агурдзысты сæ рухс фæдтæ. Æмæ азымы мах, нæ фæлтæры дардзысты, нæ историмæ, нæ ивгъуыд æмæ нæ фидæны раз бæрндзинад кæй не ‘нкъарæм, уый тыххæй.

Иннæрдыгæй та… Сомбоны фæлтæртæ, сæ рагисторийы сын чи цы фæд ныууагъта, уыдæттыл сæ цæст хæсгæйæ, цы хъуыды кæндзысты,  некрологтæ кæй тыххæй не ‘рцыд фыст, уыцы номдзыд лæгты тыххæй?.. Бауырндзæн сæ, кæйдæрты, иугай адæймæгты æбæрнон ахасты аххосæй кæй баззадысты иуварс, уый? Нæ сæ бауырндзæн. Хъуыды кæндзысты, ома, æвæццæгæн, уыдон, æндæртимæ абаргæйæ, аккаг нæ уыдысты, æндæра уыдоны тыххæй дæр арæзт æрцыдаид сæрмагонд къамистæ, фыст сыл æрцыдаид некрологтæ.

Хуыцау нын нæ хуыздæрты кæрæдзийы фæдыл кæй исы, се ‘цæг дунемæ сæ кæй кæны, уый нын фаг æнамонддзинад у, сæ нæмттæ сæнусон кæныныл уæддæр батыхсæм, куыд æмбæлы, афтæ, цæмæй къæмдзæстыг ма уæм сæ рухс нæмтты раз дæр æмæ нæ историйы раз дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.