Республикæйы къухдариуæгад егъау хъусдард здахы нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады куыстмæ. Уымæн æмæ алы бæстæйы къухдариуæгад дæр ахсджиагыл нымайы, йæ æмбæстæгты æнæниздзинадмæ егъау хъусдард здахыны хъуыддаг. Ацы фадыджы куыст цæмæй уæрæхдæр кæна, уый тыххæй нæ республикæйы къухдариуæгад Уæрæсейы къухдариуæгадимæ къухтæ бафыстой алыгъуызон сразыдзинæдтыл, кæцыты руаджы нæ республикæйы медицинон уагдæтты кусджыты куыст хуыздæр æмæ рæуæгдæр кæны. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы фадыджы нырма ис бирæ цухдзинæдтæ, фæлæ министрады къухдариуæгад кусы сæ аиуварс кæныныл.

Нæ республикæйы Бирæпрофилон медицинон центры сывæллæтты рынчындоны  опперацион  бло-кы 11 ноябры  уагъд æрцыд  экстренон операци. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Наниты Сосланы фæхуындмæ гæсгæ  нæ республикæйы рынчын сывæллонæн операци сарæзтой Донецкы Адæмон Республикæйæ цы сывæллæтты дохтыртæ æрцыдысты, уыдон. Уыдон сты сывæллæтты хирург Глеб Новиков æмæ сывæллæтты дохтыр анестезиолог – реаниматолог Юлия Поляхова.  Рынчындоны опперацион блокы фæстаг дыууæ азы бæрц операцитæ арæзт нал цыд. Уымæн æмæ рынчындон хъуагдзинад æййæфта сывæллæтты реаниматолог дохтырæй. Уымæ гæсгæ уæззау æмæ тыхст рынчынтæ  æрвыст цыдысты сыхаг республикæмæ. Кæннод та иу операци кæмæн хъуыд, уыцы сывæллæттæн операцитæ кодтой нæ республикæйы Бирæпрофилон медицинон центры.

Медицинон центры цы дохтыр – хирургтæ ис, уыдон сæ куыст æххæст кодтой сæ уавæртæм гæсгæ. Æмæ донецкаг спциалистты æрцыд, уæлдайдæр та ахæм специалисттæ, кæцытæй цухдзинад æййæфта канд рынчындон нæ, фæлæ æмткæй нæ республикæйы æнæ-низдзинад хъахъхъæныны фадыг, стыр æххуыс уыдис нæ медиктæн.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ республикæйы сывæллæтты рынчындон æййæфта ахæм специа-листты цухдзинад. Уымæ гæсгæ ацы дохтырты æрцыд æхсызгон уыд нæ   рынчындоны дохтыртæн. Куы йæ базыдтам, зæгъгæ, специалистты ‘хсæн уыдзæн анестезиолог-реаниматолог, уæд нын уæлдай æхсызгон уыд ацы хабар. Уымæн æмæ  тынг ахсджиагыл нымайæм, цæмæй рынчындоны уа ахæм специалист. Æнæ ацы специалистæй рынчындоны хирургияйы хайады куыст къуылымпы кæны. Ацы хайады, фыццаджыдæр, хъæуы æнæмæнгæй анестизиолог – реа-ниматолог. Хъыгагæн, нæхимæ нæй ахæм специалист, уымæ гæсгæ  рынчындонмæ йæ фыццаг æрбакондæй фæстæмæ анестезиолог-реаниматолог дохтыртæ хуынд цыдысты Уæрæсейы Федерацийæ», – банысан кодта нæ республикæйы сывæллæтты рынчындоны педиатрийы фæдыл директоры хæдивæг, рынчындоны сæйраг дохтыр  Джиоты  Луизæ.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй сывæллæтты дохтыр анестезиолог-реаниматолог нæ рынчындонмæ  дыууæ азы размæ хуынд æрцыд Уæрæсейы Федерацийæ, дохтыр анестезиолог – реаниматолог Осипов Артем. Нæ республикæйы сывæллæтты рынчындонмæ фæстаг дыууæ азы бæрц ахæм специалист нал æрцыд. Уæдæ практикæ куыд æвдисы, афтæмæй-иу мах æвдисæн уыдыстæм, уæззау æмæ экстренон операцитæ цы сывæллæттæн хъуыд аразын, уыдон-иу æрвыст кæй цыдысты нæ сыхаг паддзахадмæ, кæд-иу рынчыны уавæр цъус рæуæгаудæр уыд, уæд-иу ахæмты та аластой Цæгат Ирыстоны рынчындæттæм.

« Нæ республикæйы ныртæккæ ног корона вирусы аххосæй  рынчындоны арæзт нæ цæуы планон операцитæ, кæнæм æрмæстдæр экстренон операцитæ. Куыддæр уавæр фæхуыздæр уа афтæ райдаудзыстæм планон операцитæ аразын дæр.

Егъау куыст цæуы амбулаторон рынчынтимæ дæр. Рынчындоны операцион блок ифтонг у, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм медицинон ифтонггæрзтæй, афтæ ма медикаменттæй дæр цухдзинад нæ æййафæм», – банысан кодта, Джиоты Луизæ.

«Æрцыдтæн Донецкы Адæмон Республикæйæ. Тынг æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй ныртæккæ уæ республикæйы коронавирусы тыххæй цы æндыгъд уавæр ис, уый цъус фæхуыздæр уа, цæмæй æз мæ коллегæтимæ æрæвналæм нæ комкоммæ хæстæм. Нырма уал зонгæ кæнæм нæ хуссайраг коллегæтимæ, кæцытæ нæ райстой тынг хорз.  Куыд федтам нæхæдæг, афтæмæй рынчындон æххæст у нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй æмæ æнхъæл дæн, нæ куысты рæстæджы ницы цухдзинад æййафдзыстæм», – банысан кодта дохтыр анестезиолог-реаниматолог  Юля Поляхова.

               ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.