Æцæгæйдæр, арæзтад, цæрæн хæдзар уа, æви æндæр цавæрфæнды, æндæр нысаниуæджы объект, адæймагæн æхцондзинад хæссы. Адæмы царды æппæт къабæзты арæзтадæй тынгдæр адæймаджы цæсты ницы æфты. Хорзæрдæм. Æмæ уынæм, нæ горæты, нæ хъæуты, уæлдайдæр та арæнгæрон хъæуты, цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдон.

Дардыл нæ дзурдзынæн. Нæ горæты Гуыбаты æфсымæрты уынджы цы дыууæ цæрæн корпусы сырæзтысты æмæ сæ ног цæрæн бынæттæ дæсгай бинонтæ кæм ссардтой, уыцы хæдзæртты фарсмæ арæзт цæуы æртыккаг корпус. Хорз хъуыддаг у уый гъай-гъайдæр, фæлæ…

О, ацы фæлæ… йæ фæстæ уæддæр цыдæр хъуамæ зæгъай, кæцы адæймаджы зæрдæйыл не ‘мбæлы. Æмæ уый кæд æгас республикæйы цæрджытæм нæ хауы, уæддæр тынг хауы, арæзтады алыварс цы цæрæн корпустæ æмæ хисæрмагонд хæдзæрттæ ис, уыдоны цæрджытæм.

Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ сæрд йæ тæвд бонтæй мах цух нæ уадзы. Горæттаг сабийæ нæ зæгъдзынæн, фæлæ хъæууон саби уынджы ахæм хус рæстæджы куы алидзы, уæд дæр йæ фæстæ рыг скалы. Ацы арæзтады та райсомæй изæрмæ æнæрынцойæ змæлы арæзтадон техникæ. Къахтой йын йæ бындур, æххæст кæнынц æндæр алыгъуызон зæхх къахынимæ баст куыстытæ æмæ сысты рыг. Дымгæ та йæ ахæссы, чердæм дымы, уыцы ‘рдæм. Йæ алыварс та ис цæрæн корпустæ, хисæрмагонд хæдзæрттæ. Æмæ сæ цæрджытæ рыджы бын кæнынц. Куыдфæнды ма сæхгæнай дæ рудзгуытæ, дæ дуæрттæ – цæуы рыг мидæмæ. Стæй уынгмæ дæр æнæрахизгæ, æнæрлæугæ дзы нæй æмæ улæфынц уыцы рыджы. Рыг æдзух улæфын та æнæниздзинадæн зиан кæй хæссы, уый дохтыртæ æмæ нæхæдæг дæр хорз зонæм.

Афтæ-иу уыд æмæ арæзтцæуæг объектæн йæ бындур къахгæйæ, сыджыт ластой дард кæдæмдæр, фæсгорæтмæ. Ныр та йæ ласынц æмæ калынц йæ фарсмæ. Сæрмагонд трактор дзы амайы обаутæ æмæ куыд хæдæвгæлонтæ йæ калгæйæ афтæ дзы трактор обæуттæ аразгæйæ, ноджы тынгдæр стын кæнынц рыджы.

Цæмæй цæрджытæ объекты кусджытæ рыджы ма тыхсой, уый тыххæй дзы иу зынгхуыссынгæнæн машинæ уæддæр куы лæууид. Уадз, зынг ма нымæг кæнæд – нымæг кæнæд рыг. Техникæйæн уæлдай нæу, уымæл зæхх иса, æви сур зæхх? Мæ хъуыды бафидар кæныны тыххæй мæ фæнды, мæхи цæстæй цы федтон, уый зæгъын. Нæ горæты Сталины уынджы райдианы æрæджы иу хæдзары куы пырх кодтой (æвæццæгæн, зæронд кæй уыд, уый аххосæй) уæд æй чи пырх кодта, уыцы экскаваторы фарсмæ лæууыд зынгхуыссынгæнæн машинæ æмæ йæ куыд пырх кодта, афтæ йыл калдта дон, цæмæй сыхæгтыл æмæ уынджы цæуджытæ дæр рыгæй ма  тыхстаиккой. Нæ зонын, хæдзары хицау чи у, фæлæ йæ сыхæгтæ, уынджы цæуджытæн аргъ чи кæны, ахæм уыдзæн.

Мæ уац ныффыссыны сæйраг нысан, уæлдæр цы загътон, æххæстæй уый нæу. Арæзтад нæм цæуы æмæ цæудзæн. Æмæ хъуамæ аразæм афтæ, цæмæй нæ сæйраг хъæздыгдзинад – не ‘нæниздзинадæн, гæнæн уæвгæйæ, ма зиан кæнæм.

ТАСОЙТЫ А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.